Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

Æнæхъусдардæй ныууадзын нæ уыди нæ бон, ногæй та Гуырдзыстон кæй фæлвары «Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны статус» сбæлвырд кæныныл. Ацы хатт «Гуырдзыстоны сконды сæрмагонд статус»-ы фарстыл дзырд цыди сыхаг паддзахады конституцион къамисы.

Гуырдзыстоны æхсæнадæн æнæрынцойæ уырнын кæнынц цавæрдæр æнæуæвгæ «реин-теграци» æмæ Хуссар Ирыстонимæ иумæ цæрыны хъуыды.

Ацы уавæр æнæуæвгæ кæй у, ууыл ма дзурæг у уый, æмæ уый ацы бонты кæй цæуы, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл референдумæй 25 азы куы рацыд, стæй ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны цалдæр хæстон тыхæрбахасты фæстæ, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æхсæнадæмон барады субъектыл нымад куы æрцыд, уæд.

Фæнды нæ ногæй æрсидын гуырдзыстойнаг политиктæм, цæмæй арвæй зæхмæ æрхизой, æмæ феной, зæххыл æцæг æмæ куыд æмбæлы, ахæм паддзахадон арæн æвæрд кæй ис нæ бæстæты æхсæн, фæлæ, æвæццæгæн, Гуырдзыстоны уый хорз зонынц, уымæн æмæ арæх ауадзынц ацы арæнгæрæтты экскурситæ фæсарæйнаг бæстæты алыгъуызон политикон архайджытæн.

Æнæаскъуыйгæйæ «территорион æнæхъæндзинады» мифыл дзурæн нæй, æмæ Гуырдзыстоны уый хъуамæ æмбариккой. Фæлæ уæддæр нырма фадат ис, цæмæй нæ бæстæты æхсæн ахастытæ биноныггонд æрцæуой æхсæнадæмон барады принципты бындурыл æмæ нæ адæмты пайдайæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.