Раздæр нæ фыдæлтæн сæ 80% кæд тынг мæгуыр цардысты, уæддæр удыхъæд æмæ æгъдауæй цух нæ уыдысты. Уæззау æмæ æвæрæз цардыуаг уыцы æргъадтыл ничердыгæй æндæвтой. Уæд ирон адæм кæрæдзиимæ æмзонд, æмвынг æмæ æмвæнд уыдысты, кæрæдзийы фарсмæ лæууыдысты æнгомæй. Лæгдыхæй цух, æххуысхъуаг чи уыд, уыдонæн-иу æххуыс кодтой æгас хъæуæй. Зиуæн уыд стыр нысаниуæг. Уый æмбæрстой се ‘ппæт дæр æмæ архайдтой, цæмæй уыцы иудзинад бындуриуæг кодтаид æнæфæцудгæ фидардзинадыл. Алы хæдзары, хъæуы, мыггагæн дæр уыд хистæр. Уымæн йæ ныхасыл дыууæ ничи загътаид – афтæ домдта æгъдау, афтæ нын баззад нæ фыдæлтæй. Уыцы куырыхонтæн та сæ ном дардыл уыд хъуыстгонд: зыдтой сæ æгас комбæсты, хохæгтæ, быдирæгтæ. Кæстæр фæлтæртæн та кæддæриддæр уыдысты кад, цыт æмæ цæвиттоны аккаг. Кардзыд адæм, кæд академиктæ нæ фесты, кæд патриотикон, эстетикон, монон, физикон, æфсæддон хъомылады принциптæ чингуыты нæ бакастысты алкæмæн дæр уыдысты хорз зондамонджытæ, уæддæр уыдоны фæрцы сывæллæттæ истой æппæтварсон хъомылад.

Махæн ис зондджын, активон, рæсугъд æмæ фердæхтджын фæсивæд: фæнды сæ бирæ цыдæртæ базонын, фенын ногдзинæдтæ, ацæуын царды раст фæндагыл æмæ басгуыхын радтæг адæмæн аккаг гуырдтæй, хистæр фæлтæр цасфæнды ма дзурой, «нæ фæсивæд сæфты къахыл ныллæууыдысты, æдзæсгомæй алы æнæуаг ми сæ сæрмæ хæссынц, хистæр-кæстæр нал зонынц», уæддæр. Æмæ сæ чи схъомыл кодта кæнæ сæ чи хъомыл кæны уыцы «сæфт» фæсивæды?! Хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр царды цыдæриддæр ис, уыдоныл рæзгæ фæлтæр ахуыр кæнынц кардзыд адæммæ гæсгæ, уыдоны дæнцæгтыл. Стæй æвзонг лæппу кæнæ чызг исты фыдракæнд куы саразынц, уæд сæ ныййарджытæ дисгæнгæ гуырысхоты ныххауынц: «Кæмæй фæци ахæм?  Чи йæ сардыдта ахæм æвзæрдзинадыл? Цы цух у, æппæт дæр ын куы ис, уæд?» Иуæй-иуты айрох вæййы, сабийы хъомыл кæнын, йæ хъæбулыл 15-17 азы куы сæххæст уа, уæд нæ хъæуы, фæлæ йæ райгуырды фыццаг бонтæй фæстæмæ. Фæсивæдæй чидæртæ уыцы «уæхскуæзæй хъомыладон тыхмитæ» нал бамбарынц æмæ райдайынц фыдæнæн митæ, «айс, бахæр» дæр сæм хъыг фæкæсы. Уымæн æмæ байрæджы, йæ зондахаст бынтон æндæ-рырдæм фæзылд æмæ ныр та хъæуы архайын сæрмагонд метод-тæй.

Ахъуыды ма кæнæм, абоны сабитæ, фæсивæд сты сомбоны царды барджын хицæуттæ, сæ къухы уыдзæн æгасæй дæр дзыллæйы хъысмæт. Уымæ гæсгæ махæн нæ сæйраг хæс у, абоны кæстæртæн сæ рæсугъд миддунейы ныббиноныг кæнын национ идеяйы тых æмæ сæ ныллæууын кæнын раст фæндагыл.

Хуыцауы фæрцы, абон мах цæрæм сæрибар æмæ демократон бæстæйы. Ис нын, хæдбар паддзахадæн æнæмæнгхъæуæг цыдæриддæр у, æппæт уыдæттæ: Герб, Тырыса, Гимн, Конституци, нæхи закъæттæ. Нæ чысыл Хуссар Ирыстонæн ис йæхи телеуынынад, газеттæ,  журналтæ. Уыдон нæ дзыллæйы фидыц, нæ нацийы цæсгом æвдисæндартæ сты, монон сæрыстырдзинады, æндæр бæстæтимæ хæларадон ахастытæ бæстон кæныны æмæ æндидзы-нады сæйраг хиæдтæ.

Нырыккон хæццæ дуджы Зæххы къорийы цæрджытæн сæ фылдæр хай тырнынц рацæрын, размæдзыд æмæ тыхджын бæстæтыл нымад чи сты, уыдонæй искæцыйы. Фæлæ уыцы размæдзыд бæстæты,  кæд сæ царды æмвæзад бæрзонд у, закъæттæ кусынц барджынæй, экономикæ – стабилон, социалон æгъдауæй цæрджытæ æппæтæй дæр –  æххæст æмæ райгонд, уæддæр национ идея цы у, уымæн зонгæ дæр ницы кæнынц. Цæр, кус, цины æнкъарæнты тыгъдады æрвит дæ царды бонтæ! Уæдæ ма цы пайда у, фæстаг цалдæр азы æппынæдзух цæй кой фæкæнæм, уыцы национ идея та?

Уый адæмы цардыуаг фæхуыздæр кæнынæн ахъазгæнæг мадзал нæу. Уый у нæ нацийы намыс, нæ культурæ æмæ фыдæлты фарн цæй фæрцы бахъахъхъæндзыстæм, нæ дидинæфтыд фидæнмæ цæй фæрцы ацæудзыстæм, уыцы фæндаг. Уымæ та нæ æркодта нæ ногдæр истори, бар-æнæбары нын нæ къухмæ хæцæнгарз чи радта, нæ уыцы знаг æмæ йæ ныхмæ æвæрд –  ирон адæмы æнæбасæтгæ тых. ХХ æнусы æмбисы дæр кæмдæр не ‘нкъарынады æрфыты уыцы национ идея уæвынад кодта, фæлæ йæ раргом кæнын бæстон ничи уæндыд, æниу æй чи уагъта. Не стыр циндзинад уыд, Советон Цæдисы республикæтæй иуы автономон область кæй уыдыстæм. Зонгæ та йæ куыннæ кодтам, цы у нацийы идеяйы тых, цы æгæрон ахадындзинад ын ис дзыллæйы царды. Стæй дæр уыцы размæдзыд бæстæтæ сæ уды дзæбæхæн сæ цард куы арæзтой, уæд мах та цалдæр геноциды уацары бахаудыстæм æмæ ма удæгасæй куыд аирвæзтаиккам, ууыл хъуыды кодтам, уымæ бæллыдыстæм.

Иу уысм ма йыл ахъуыды кæнæм: нæ нацийæ знаджы нæмыгæй кæнæ знаджы аххосæй  мæрдтыбæсты дуар чи байгом кодта, уыдон цæргæйæ куы баззадаиккой, уæд нын Ирыстоны зæххыл æрлæууæн бынат дæр нал уыдаид.

Кæй зæгъын æй хъæуы, абон мах цæрæм нæ закъæттæм гæсгæ. Бæстæйы къухдариуæгад равзæрста йæ сомбонмæ фæндаг æмæ нысанмæздæхтæй йæ ных сарæзта уырдæм, фæлæ нæ фидæны  фæлтæрты æдас æмæ амондджын царды сæйрагдзинад у, абон мах куыд бахъахъхъæнæм нæ мадæлон æвзаг, нæ истори, æппынфæстагмæ – нæхи, куыд рагондæр æвзагыл дзурæг дзыллæ, уыцы ахсджиаг хъуыддаг. Махæн сæ сыгъдæгæй бавæрдтой нæ фыдæлтæ æмæ сæ мах та нæ фæдонтæм хъуамæ адæттæм –  афтæ уыд, афтæ хъуамæ уа. Фæлтæрты фидар бастдзинадæн абарæн ис тулдз бæласимæ. Йе ставд цæнгтæй йын куы ралыг кæнай, уæддæр ног къалиутæ суадздзæн, фæлæ йын йæ уидæгтæм куы бавналай, уæд бахус уыдзæн.

Уымæ гæсгæ йæ мах хъуамæ дырысæй зонæм, нæ хъæбулты хъæбултæм, уыдоны хъæбултæм цы цард æнхъæлмæ кæсы, цæмæй махæй амондджындæр уой, уый тыххæй ма нæ цы хъæуы саразын.  Афтæ куынæ уа, уæд нæ наци лæмæгъ кæны. Уæд фесæфдзæн нæ дзыллæйы иудзинад, æгъдау, æфсарм æмæ сын сæ бынат барджынæй бацахсдзæн, абон æгъатырæй цæимæ тох кæнæм, уыцы наркомани, алкоголизм, къæрныхдзинад. Хъыгагæн, нæ фæрнджын нацийы минæвæрттæй бирæтæ фæрæтæй къуыхтæ кæнынц, цы къалиуыл бадынц, уый æмæ барвæндонæй се сæфтмæ цæуынц сæхи къахæй. Афтæмæй та адæмы йæ уацары бакæны æхца æмæ царды сæйраг принцип свæййы «Ды – мæнæн, æз – дæуæн», кæнæ «Чи дын куыд у, афтæ йын у». Æппæт уыдæтты аххосæй фесæфдзæн бынтондæр нæ фыдæлты истори, культурæ æмæ æгъдæуттимæ цæмæй баст стæм, уыцы нæртон æвзаг дæр æмæ ма уæд цæй наци уыдзыстæм?!

Нæ абоны цард, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм таргъуыз ахорæнтæй нæ зыны – Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дæр ис стыр æнтыстытæ зонадон интеллигенцийæн,  спортсментæн, бæрзонд аивады минæвæрттæн; азæй-азмæ рацæуы сæдæгай чингуытæ нæ ирон фысджытæн, поэттæн; скъолайæн бакусынц сæрмагонд программæтæ мадæлон æвзаджы райрæзты тыххæй, фæлæ уыцы бæркадджын тыллæгæй чи, куыд æмæ кæд пайда кæны, уыцы фарстæн дзуапп раттын зын у – хъуыддаг бынтон нывыл нæу.

Адæмы æмбарынады ма национ идеяйы хиæдтæй иу у, мыггаг, сыхбæстæ, хъæубæстæ цы бынат ахсынц, уый дæр. Иудзинады ис нæ тых, – афтæ уыд раздæр, æмæ ивгъуыд рæстæджыты сыхбæстæ, хъæубæстæ, мыггаг кæрæдзийæ цы  стыр  ныфс æвæрдтой, уый хъуамæ макуы фесæфа. Цалынмæ нæ дзыллæйы нæхæдæг дихтæ кæнæм къуыдайрæгтыл, чысайнæгтыл, дыгурыл, ирæттыл, уæдмæ дзырдбаст «дзыллæйы иудзинад» не ‘взаджы лексикон сконды бынтондæр нал уыдзæн. Æнæ-уый дæр нæ адæм ныддихтæ сты алыгъуызон религиозон къордтыл æмæ уыцы иудзинад кæрдихтæ цæуы уый аххосæй дæр. Чизоны исчи зæгъа: цы йæ ныддиссаг кодтай, афтæ дæр хорз куы цæрæм! Нæ, цалынмæ ирон æгъдау, намыс, фарн, æфсарм нæ фесæфтысты Иры зæххæй, уæдмæ нæ цард амондджын æмæ æнæмæт нæ уыдзæн – бонæй-бон царды уаг ивгæ кæны, хæццæ æмæ, мыййаг, рæстæг нæ иувæрсты куы аивыла…

Стыр нысаниуæг ис ныхас, æмныхасгæнæгæн дæр. Абон адæмыл интернет афтæ фæтых, æмæ хатт фæрсæй-фæрстæм фæбадынц, афтæмæй «фæныхас» кæнынц кæрæдзиимæ.Тынг æвзæр æндавы уый сабиты рæзтыл, уымæн æмæ, сæ мидисмæ гæсгæ кæрæдзийыл баст дзырдтæй æххæст хъуыды сæрибарæй раргом кæной, уый сæ бон нал вæййы, уæлдайдæр та мадæлон æвзагыл.

Чиныгæн стыр тых ис, чиныг фæлтæрты кæрæдзийыл бæтты. Бынæттон телеуынынад нын кæй ис, уый стыр къахдзæф у, фæлæ нæхи алæвæрдтæм бакæсын сæрмæ куынæ хæссæм, хæстæг, хионимæ аныхас кæнын нæм хардзау куы кæса, уæд нæ иудзинад цæмæй кæнгæ уыдзæн? Уæддæр уæвынад кæндзыстæм, цæрдзыстæм, фæлæ нæ цард уыдзæн æгъуыз, фæлурс, æнæбындур.

Уымæ гæсгæ ирон адæм хъуамæ балæууой кæрæдзи фарсмæ æмæ бæстонæй æркæсой нацийы иудзинады хъуыддагмæ. Дзыллæйæн цæвиттойнаг чи сты, ахæм энтузиасттæ нæм бирæ ис. Уыдон кæддæриддæр цæттæ сты уыцы Стыр Зиуы балæггад кæнынмæ. Мах фидæны хъæуы, æнæниз æмæ цæрдхъом æхсæнад. Абон куынæ фæцырд уæм, уæд бай-рæджы уыдзæн…

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.