14-æм июлы 25 азы æххæст кæны Хуссар Ирыстоны зæхмæ Æмхæццæ контролон фидауынгæнæн тыхтæ куы æрбацыдысты, уыцы боныл. Фидауынгæнæджы бон нысан кæнгæйæ, махæн алы хатт дæр нæ зæрдыл æрлæууынц фидауынгæнджыты æппæт сабырадон архайдтытæ æмæ хъыгзæрдæйæ фæмысæм, се ‘фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны сæрибардзи-нады тыххæй сæ цард нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтар-фидауынгæнджыты.

ГОРÆТ САФТИД…

12 июль. Ææнæхъæн суткæ æхстытæ не ‘рсабыр сты. Æмæ æрмæст уыцы бон нæ, фæлæ уый размæ бонты дæр снарядтæ æмбæлдысты алы рæтты, горæт æхстой Присы бæрзæндæй æмæ ТЭК-æй. Снарядты, танкæты, БТР-ты æмæ БМП-ты æхстыты гуыбар-гуыбурæй хъустæ къуырма кæнынц. Æгæрыстæмæй, æхстытæ куы фæсабыр вæййынц, уæддæр адæм сæхи æдасæй нæ хатынц, горæты уынгтæ снайпертæ кæй æхсынц, уымæ гæсгæ. Цхинвал сафтид. Иуæй-иу уынгты  фенæн нал уыд, æгæрыстæмæй, иугай адæймæгтæн дæр. Адæймагмæ афтæ каст, цыма горæт амард, фæлæ уый бынтон афтæ нæ уыд. Цыдæр рæстæджыты уæддæр æдзæрæг уынгты фенæн ис иугай  адеймæгтæн. Горæт амард æви нæ, уый базоныны тыххæй хъуыд Исахъы уынджы дзулфыцæн комбинаты ‘рдæм ацæуын. Æмæ кæд мæлæты тæссагдзинд æнкъардтой адæм, уæддæр уырдæм цыдысты горæты алы къуымтæй дзул æлхæнынмæ. Ам фенæн уыд горæты цæрджыты, кæд сæ алыварс снарядтæ пырх кодтой, уæддæр. Уымæн æмæ æнæ дзулæй цæрæн нæй, уыимæ горæт блокадæйы кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы нæ уыд æндæр продукттæ дæр. Хъуыд сæрæгасæй баззайын…

Мæнæ та горæты цалдæр ранæй сау фæздæг хæрдмæ скалд, уый та нысан кæны, горæты цæрджытæй та чидæртæ кæй фесæфтой сæ цæрæнбонты фæл-лой, иу уысммæ сын сæ хæдзæртты кæй басыгътой гуырдзиаг фашисттæ. Уый размæ æхсæв та Присы хъæуы басыгътой цыппар хæдзары. Куыд дзурынц, уымæ гæсгæ ма æнæхъæн хъæуы баззад æрмæстдæр дыууæ хæдзары, фæлæ, æвæццæгæн, уыдоны рад дæр æрцæудзæн… Бон акъул изæрырдæм. Горæт сау тары аныгъуылд, фæлæ æхсæвы тар ноджы уæлдай фылдæр хъизæмæрттæ æрхæссы цæрджытæн, æхстытæ кæй фæтынгдæр вæййынц, уымæ гæсгæ. Æхсынц цыппарæрдыгæй – Тамарес, Прис, Эргнет æмæ Никозæй. Æмæ та ноджыдæр иу æгъуыссæг æхсæв… Адæм быхсынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц, дарддæр куыд уыдзæн сæ хъысмæт, знаг горæтмæ æрбаирвæздзæн æви нæ, уымæ.

Адæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц фидауынгæнджыты æрбацыдмæ. «Уæд та ма байрæджы кодтой, æмæ уыдоны æрбацыдмæ горæт штурмæй систой гуырдзиæгтæ», – катайгæнгæ дзырдтой адæм. Райсом раджы Цхинвалыл апарахат ахæм хабар, зæгъгæ, дысон æхсæвы горæтмæ бырстой Тамаресы ‘рдыгæй. Фæлæ сын нæ лæппутæ аккаг ныхкъуырд радтой æмæ гуырдзиæгты бахъуыд фæстæмæ алæууын сæ бронетехникæимæ. Уыцы æхсæв фæмард сты авд ирон лæппуйы, 42 адæймаджы та цæфтæ фесты. 12-æм июлы хуызæн уæззау бонтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн тынг бирæ уыд.

14-æм июль. Абон хъуамæ горæтмæ æрбацæуой фидауынгæнæг тыхтæ. Гуырдзиаг национ гварди йæ техникæ акодта Хуссар Ирыстонæй, æрмæст ма бæрзæндты баззадысты снайпертæ, уыдон кæд арæх нал, уæддæр ма иугай æхстытæ кæнынц Прис æмæ ТЭК-æй. Фæлæ, уыцы иугай æхстытæ ницæмæ даргæйæ, адæм рахызтысты ныккæндтæй. Фæндыд сæ сæ ирвæзынгæнджытыл хæларзæрдæйæ, цингæнгæйæ сæмбæлын. Адæм æмбырд кæнын райдыдтой 8-æм июны уынгмæ, цæмæй сæмбæлой æфсæддонтыл, сæхи цæстæй сæ феной. Адæмы ныфс бацыд: ныр уыдоны ‘руаджы Хуссар Ирыстоны зæххыл уыдзæн сабырад. Бирæтæн сæ къухты уыд дидинджытæ, ацæргæ адæм рахастой бандæттæ æмæ сбадтысты тротуартыл. Уыцы бон уыд хурбон. «Цæмæн æрæгмæ цæуынц…». «Афтæ куы дзурынц Дзауæй рацыдысты», «Дзурынц, зæгъгæ, уыдон Чъех-Тамаресы фæндагыл æвæрынц сæ постытæ æмæ уымæ гæсгæ рæджы кæнынц», – дзырдтой фæллад адæм.

Фондз сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ райхъуыстысты адæмы цины хъæртæ: Æрцæуынц, æрцæуынц! Уалынмæ  Тамаресы ‘рдыгæй разындысты æфсæддон машинæтæ æмæ сæ хæдфæстæ та æнæхъæн колоннæ. Фыццаг машинæ Мæскуыйы уынджы онг куы бахæццæ, уæд фæзылд автостанцы ‘рдæм, йæ фæстæ ацыдысты иннæ машинæтæ дæр. Адæм сæм фырцинæй сæ къухтæ тилынц, æппарынц сæм дидинджытæ. Уыдон дæр сæм худынц. Адæм ма алæууыдысты ноджы иу цъус æмæ, æнцонæй сулæфгæйæ, сæ хæдзæрт-тæм ацыдысты. Бирæтæн дзы, æгæрыстæмæй, нæлгоймæгтæн дæр, сæ рустыл æруадысты цины цæссыгтæ. Уыцы æхсæв,  фыццаг хатт, фæстаг цалдæр азы дæргъы цхинвайлæгтæ арвыстой сабыр æхсæв, ныккæндтæй фатертæм схызтысты, афтæмæй. Уый уыд æнæферохгæнгæ бон…

ЦХИНВАЛ ЦÆРДЗÆН…

17 июль. Адæм сæрибарæй цæуын райдыдтой горæты уынгты æмæ кæрæ-дзийы афæрсынц,  дæ хæдзар кæнæ фатер исты бахъыгдард, зæгъгæ. Уыцы тæссаг уæззау бонты йæ бинонты уæнгты, йе ‘ввахс хиуæтты чи фесæфта, уыдонæн дзурынц мæсæллæйы ныхæстæ. Цхинвалы никуыма уыд уый бæрц саударджытæ. Фæлæ ныр адæм нал тæрсынц сæ цардæн, сæ сывæллæттæн, нал хъуысынц æхстытæ. Уырны сæ, хъизæмæрттæн кæрон кæй æрцыд, уый, фæлæ…

Мæнæ, Исахъы æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым æрлæууыд иу уæзласæн машинæ. Шофыр бакодта йæ фæстаг борт æмæ уырдыгæй рахызтысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, ацæргæ адæм. Се ‘хсæн уыд æвзонг лæппутæ дæр. Уыдон иууылдæр лигъ-дæттæ сты. О, цæй тынг æхсызгон мын уыд сæ фенд, æгайтма адæм фæстæмæ горæтмæ, сæ хæдзæрттæм здæхынц. Уый хыгъд-иу уый размæ та зæрдæйæн тынг хъыг уыд, адæм горæтæй кæй цыдысты, сæ хæдзæрттæ кæй уагътой, уый. Уыимæ сæ ныфс дæр нал уыд фæстæмæ ма искуы æрæздæхдзысты, уымæй. Фæлæ ныр фæстæмæ здæхынц, здæхынц сæ райгуырæн æфхæрд горæтмæ, здæхынц сæ сыгъд хæдзæрттæм, здæхынц сæ сыгъд хъæутæм…

18 июль. Ахæм сабыр бонтæ нырма бирæ нæ арвыстой хуссарирыстойнаг цæрджытæ. Ахæм сабырдзинад уыдзæн æнæхъæн царды, нæ хъизæмæрттæн кæрон æрцыд? Уый нырма ничи зоны æмæ йын дзуапп дæр ничи ратдзæн. Уый, æрмæстдæр рæстæг фенын кæндзæн…

… Рæстæг æй фенын кодта, дарддæр нæм цы стырдæр хъизæмæрттæ æн-хъæлмæ кастысты гуырдзиаг лæгхорты ‘рдыгæй. Уыцы хъизæмæрттæн 2008 азы августы тугуарæн, æнæмсæр хæсты æвдисæнтæ систæм нæхæдæг иууылдæр. Фæлæ уæддæр 16 азы дæргъы фидауынгæнджыты ‘руаджы Хуссар Ирыстоны зæххыл уыд сабырад, кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр. Уыдон æрурæдтой хæстон архайдтыты, кæцытæ цыдысты æртæ азы дæргъы. Афтæ ма уыдон æххæст кодтой гуманитарон мисси дæр. Дæрддаг хъæутæм ластой хæлцадон продукттæ, цалцæг кодтой фæндæгтæ, кодтой хæрзаудæн æххуыс. Конфликты зонæйы-иу арæх сæвзæрд æндыгъд уавæр. Æмæ-иу алы хатт дæр уыцы бынæттæм фыццаг ацыдысты фидауынгæнджытæ. Хуссарирыстойнаг цæрджытæй никуы ферох уыдзæн фидауынгæнджыты сабырадон архайд æмæ сæ алы хатт дæр мысдзысты, куыд сæ ирвæзынгæнджытæ, афтæ. Хуссар Ирыстоны зæххыл фидауынгæнæн операци фæци 2008 азы августы мæйы.

14-æм июль хуссарирыстойнаг цæрджытæй никуы ферох уыдзæн. Æнусон кад хуссарирыстойнаг зæххыл чи фæмард, уыцы фидауынгæнджытæн!

Стыр Уæрæсейы ‘руаджы абон нæ фыдбонтæн кæрон æрцыд æмæ цæрæм сабыр цардæй.

Хуыцау зæгъæд, цæмæй афтæ уа æнустæм.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.