Китайы иууыл рæсугъддæр горæт Далянь (Цæгат Гонконг), йæхицæн стыр кадыл банымадта «Æнæмæлгæ полк»-ы рæнхъытæм Дыккаг дунеон хæсты зынгæ æфсæддон раздзог, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, Ленины æхсæз ордены кавалер Плиты Иссæ Алыксандры фырты бахæссын, кæцы стыр хайбавæрд бахаста, 1945 азы Маньчжурияйы хæстон операци æнтыстджынæй кæй фæци, уымæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта Дзанайты Азанбеджы номыл Культурæйы фонды пресс-службæ, кæцы Хурскæсæн Азиимæ иумæ бадзырдтæ уадзы Китайы цæгат-хурскæсæн хайы админис-трацийы æмæ бизнес-зылдты къухдариуæггæнджытимæ ирон адæмы зынгæ фырты ном сæ-нусон кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.