Зымæджы рæстæджы респираторон æмæ вирусон низтæ бæрæг фæфылдæр вæййынц. Адæм арæхдæр фæрынчын вæййынц фæззæг æмæ зымæджы, уымæн æмæ уæд вæййы гриппы сезон. Статистикæмæ гæсгæ зæххыл цæрджытæн сæ 15 процентæй фылдæр фæрынчын вæййынц уазал рæстæджы. Фæлæ нæ хъæуы тыхсын, низ сдзæбæх кæныны алыгъуызон эффективон мадзæлттæ кæй ис, уымæ гæсгæ.  Нæ хъæуы хи ауадзын, уымæн æмæ низыл адæймаг фæтых вæййы, сæрмагонд уагæвæрдтæ куы феххæст кæны, уæд. Уый адæймаджы бахиздзæн низы серьезон фæстиуджытæй.

Нæ республикæйы ацы уавæрыл дзургæйæ, банысан кæнын хъæуы уый æмæ низ ис нормæйы фæлгæтты. Ныртæккæ нæ республикæйы сывæллæтты рынчындоны цал сывæллон ис, стæй хи бахъахъхъæныны нысанæн цавæр мадзæлттæ хъæуы райсын, уый тыххæй нын бæлвырддæрæй радзырдта республикон бирæпрофилон медицинон центры филиалы медицинон хайы (сывæллæтты рынчындон) хистæр Туаты Инессæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæрдыр Коцты Маринæйы сæргълæудæй æрæджы уагъд æрцыд рауæрæхгонд æмбырд Хуссар Ирыстоны вирусон низтæ æмæ гриппæй рынчынтæ сбæрæг кæныны тыххæй.  Фембæлды хайад райстой нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, нæ республикæйы районты администрациты сæргълæуджытæ, горæты æмæ районты медицинон уагдæтты сæйраг дохтыртæ æмæ æндæртæ. Фембæлды банысанкодтой, иумиагæй сисгæйæ уавæр республикæйы кæй у сабыр. Æркастысты низы сарæхы ныхмæ мадзæлтты фарстатæм. «Ныртæккæ Гуырдзыстоны вирус H1N1 кæй сытынг, уый хынцгæйæ мах уавæр банымадтам эпидемийы размæйы уавæрыл. Уый фæдыл бакуыст æрцыд къорд мадзалы, организацион, профилактикон æмæ эпидемийы размæ мадзæлттæ эпидемион сезоны ауадзын сифтонг кæныны тыххæй. Медицинон организациты базæйыл ифтонг хъуамæ æрцæуой профилактикон æмæ хосгæнæн препаратты æнæмæнгхъæуæг фæсауæрцтæ. Ахæм цæттæгæнæн куыстытæ уагъд æрцыдысты скъолаты дæр»,- банысан кодта Туаты Инесса.
Уый ма куыд банысан кодта, уымæ  гæсгæ къласы гриппы аххосæй куынæ уой сывæллæтты 40 проценты, уæд æхгæд æрцæудзæн рæстæгмæ.  Кæд æмæ æнæхъæн скъолайы фæрынчын сты сывæллæтты 20 проценты, уæд ахуырадон уагдоны баконд æрцæудзæн карантин.  Стыр æхсызгонæн ахæм уавæр нæй нæ республикæйы. «Зæгъын мæ фæнды уый æмæ ахæм нитзы сытынг нæ уыд, æгæрыстæмæй сезонон сытынг дæр нæ банкъардтам. Зæгъæм 2017 азы нæ рынчындоны æдæппæт уыд 1369 рынчыны, 2018 азы та – 1086. Улæфæн органты вирусон низтимæ нæм 2018 азы æрбахауд 540 рынчыны,  2017 азы та –  630. Зæгъæн ис æмæ иннæ азтæм абаргæйæ ныр уавæр кæй у сабырдæр. Янвыры мæйы фæстаг къуыри  æмæ февралы фыццаг æмбисы вæййы низы сытынг, фæлæ уый нырма нæ фæхатыдыстæм. Ныртæккæ сывæллæтты рынчындоны гриппæй рынчынтæ ис 8 сывæллоны. Иннæ сывæллæттæ та сты æндæр низтæй рынчын», – зæгъы Туаты чызг.

Алы ныййарæджы дæр фæнды, цæмæй йæ сывæллон ма фæрынчын уа. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллоны æппæт низтæй бахъахъхъæн алы хатт къухты нæ бафты,  фæлæ профилактикон мадзæлттæ уæддæр сты æнæмæнгхъæуæг.

Дохтыр куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сывæллон арæхдæр фæрынчын вæййы сабидоны, хиирхæфсæн бынæтты, хатт хæдзары дæр – сæ ныййарджытæй. Вирусон низтæ бахæцынц уæлдæфы руаджы, контакты рæстæджы.  Вирусон низ ма æнцонтæй бахæцы æндæр адæймаджы æрыхснырстæй, хуымæтæджы къух райстæй кæнæ та рынчын сывæллонимæ иумæ куы хъазай, уæд дæр.  Уымæ гæсгæ регулярон æгъдауæй бæстыхайы уæлдæф хъæуы сыгъдæг кæнын, арæх хъæуы уымæл хæцъилæй æфснайын. Хъæуы къухтæ æхсын. Гриппы рæстæджы рынчын сывæллон цы хъазæнтæм æмæ æндæр предметтæм æвнала, уыдон дæр хъæуы æхсын. Уый арæхдæр фæхъæуы аразын сабидæтты. Горæты вирусон инфекцийы сытынг куы уа, уæд хуыздæр у æмæ уæ сывæллæтты ма кæнат бассейнмæ. Арæх хъæуы сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын. Хæрд хъуамæ уа витаминтæ æмæ микроэлементтæй хъæздыг. Рынчын сывæллонæн хъуамæ уа хицæн мигæнæнтæ.

Раст æмæ рæстæгыл райсгæ профилактикон мадзæлттæ сывæллоны бахъахъхъæндзысты вирусон инфекцитæй. Нæ хъæуы рох кæнын уый дæр æмæ æнæмæнгхъæуæг кæй у специалисты консультаци дæр.

Сывæллæтты поликлиникæйы сæйраг дохтыры хæдивæг Хæныкъаты Ларисæ дæр банысан кодта, уавæр стабилон кæй у.  «Скъолатæм æмæ сабидæттæм сывæллæттæ цæуынц регулярон æгъдауæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, иугай рынчынтæ нæм ис, фæлæ уый эпидемийы сытынг нæу. Афтæ зæгъæн ис æмæ уавæр у стабилон. Макæй сывæллон фæрнчын уæт, фæлæ куы бахъæуа, уæд мах цæттæ стæм рынчын сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ»,- банысан кодта Хæныкъаты Ларисæ.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.