Хуссар Ирыстоны цы алæмæттаг сатæг æрдз æмæ дæттæ ис, уыдон йемыдзаг сты алыгъуызон минералтæй. Нæхицæй сын æрцæуджытæ тынгдæр аргъ кæнынц. Æрдз нын рæдауæй цы стыр хæзнатæ ныллæвар кодта, æппæт уыцы бынæттыл æмбæлон куыст куы æрцæуид, куы райтынг кæниккам курортологи, санаторологи æмæ туристон базæтæ æмбæлонæй, бæргæ! Уый кæуылты хорзæх уаид нæ чысыл паддзахадæн!

Знауыры районы Нагутнийы хъæу 1972 азæй фæстæмæ хъуыстгонд у, ам цы хосгæнæн дон ссардæуыд, уый фæрцы. Донæн разынд диссаджы æууæлтæ. Стæгниз, нуæрттæ æмæ зæрдæйы низтæй чи тыхсы, уыдонæн ацы дзæнæттаг бынат у диссаг. Зæгъынц, зæгъгæ, ацы хосгæнæн дон иууыл фыццаг ссардта æрцæуæггаг фыййау, кæцы куыста Нагутнийы хъæуы. Фосы фæстæ, зымæджы бонты бадзæгъæл тар хъæдмæ. Рæхснаг бæрзонд бæлæсты  ‘хсæн бамбæлд лæугæ доныл. Зымæгон уазал бон дон кæй нæ салд, уый фыййауы дисы бафтыдта. Диссагæн æй радзырдта. Дон æрвыст æрцыд экспертизæмæ æмæ фæбæрæг сты йæ диссаджы æууæлтæ.

Доны хосгæнæн æууæлтæ чи зыдта, уыдон æм цæуын райдыдтой ваннæтæ исынмæ, фæлæ дзы ницахæм арæзтæдтæ нæ уыд. 2002-2003 азты ацы хъæуæй ацæуæг амалиуæггæнæг Чилæхсаты Владимир сфæнд кодта санатори саразын. Схуыдта йæ «Ныфс». Пансионат «Ныфс» æрфысым кодта диссаджы бынаты – кæмтты ‘хсæн тар хъæды, цалдæр километрмæ æввахс ам цæрæг дæр нæй. Раст цыма æрдз куы сæвзæрд, уæдæй нырмæ ам адæймаджы къах никуы æрлæууыд, ахæм æнкъарæнтæ æвзæры адæймаджы мидзæрдæйы. Мæнæ зынгæ нывгæнджытæ дзæнæт се сконд нывты алыгъуызон рæсугъд ахорæнтæй куыд ныффыссынц, афтæ.

Санаторимæ æввахс згъоры цæугæдон. Уымæн йæ тæккæ сæрмæ арæзт æрцыд улæфæндон. Коттеджтæ æмæ æндæр арæзтæдтæ лæууынц фæд-фæдыл, уыцы иу рæнхъыл. Хæрæндон, ваннæисæн хатæнтæ сæрдыгон мæнгагъуыстытæ, медпункт, хиирхæфсæн хатæнтæ – бильярдон стъол, шашкæтæ, шахмæттæ, алыгъуызон музыкалон инструменттæ.

Санаторийы территорийыл кæд æппæт дæр арæзт æрцыд хиирхæфсыны тыххæй, уæддæр цалдæр азы йæ сæйраг проблемæ у электроны рухс æм уагъд кæй нæй уыцы ахсджиаг хъуыддаг. Цы электрогенераторæй кусы «Ныфс», уый та домы стыр æфтиæгтæ. Нæй дзы ныры дуджы æвзонг фæсивæды царды сæйрагдзинад – мобилон бастдзинад æмæ интернет. Газ дзы кæй нæй, уый тыххæй, цæмæй улæфджытæ хъарм ваннæтæ райсой, уый тыххæй санаторийы кусджыты бахъæуы арт бандзарын, æмæ, уыцы фæздæг та фæтыхсын кæны улæфджыты. Ам кусы дохтыр-терапевт, кæцы бæлвырд кæны кæмæн куыд феххуыс уыдзысты ваннæтæ, уый. Дохтыр зæгъы: «Къæхты стджытæ, нуæрттæ æмæ зæрдæйы низтæй чи тыхсы, уыдонæн тынг хорз у ам. Бирæтæ ардæм æрцæуынц лæдзæджы æнцой, фæстæмæ цæугæйæ сæ нал бахъæуы уыдоны сæр. Фæлæ дон хос куыд кæны, афтæ иуæй-иутæн кæны хъыг дæр. Зæгъæм, онкологион низтæй рынчын чи у, стæй рæуджыты æмæ цармы низтæй чи тыхсы, уыдонæн ацы ваннæтæ сты тобæгонд», – зæгъы Захарова Тина.

Ацы санаторимæ тырнынц куыд ацæргæ, афтæ æвзонг адæймæгтæ дæр. Горæты æрвылбонон цардæй рыг æмæ иугъæдондзинадæй чысыл йæхи аирхæфсын кæй бафæнды, ахæмтæ. Пансионаты къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй: «Сезон райдайы июлы мæйы. Иу къорды, нормæмæ гæсгæ хъуамæ уа 40 адæймаджы бæрц, фæлæ иуæй-иу хатт афтæ вæййы æмæ пациентты нымæц фæфылдæр вæййы. Уыдонæн сæ фылдæр æрбацæуынц хос скæныны нысанæн, фæлæ ардæм иу хатт чи æрбафты, уыдон дыккаг хатт дæр æрбацæуынц улæфт æрвитынмæ».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй фæндаджы уавæр алы аз дæр вæййы проблемон. Ивгъуыд аз æй алæгъзытæ кодтой сæхæдæг, ныр уыцы хъуыддаджы сæ фарсмæ балæууыд Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг. Алы аз дæр «Ныфс»-ы къухдариуæгад бахаты Хицауадмæ, цæмæй сæм саразой электроны хахх æмæ санаторийы хæрдзтæ фæкъаддæр уой. Фæлæ…ныфсытæ баззайынц ныфсытæй. Уыцы проблемæтæм нæ кæсгæйæ Чилæхсаты Владимир кæны йæ куыст. Улæфæн центры æрвылаз дæр вæййы нормæйæ фылдæр пациенттæ. Уыдон сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ам санаторийы уыдонæн схос кæнынц сæ низтæн, барухс вæййынц сæ зæрдæтæ персоналы ахастæй. Уымæй дарддæр амы диссаджы æрдзы хъæбысы бирæ фæхуыздæр вæййы сæ зæрдæйыуаг. Пациенттæ цæмæй ардæм æрбацæуой, уый тыххæй сæм хъуамæ развæлгъау уа сæ низы тыххæй æнæниздзинады бæлвырдгæнæн. Уымæ гæсгæ алкæмæн дæр сæрмагондæй скæнынц хосгæнæн курс, уагъд сын фæцæуы алыгъуызон процедурæтæ. Ардæм иу хатт уæддæр чи æрбафтыд, уыдонæй иу дæр нæ разындзæн, райгондæй чи нæ баззад «Ныфс»-ы лæггæдтæй, ахæм.

Дзæуджыхъæуккаг 89-аздзыд сылгоймаг Гуццаты Ермоня афтæ зæгъы: «Хуыцау мын цал азы радта цæрæнбон, ныр уыдонæй алкæцы сæрд дæр æрвитдзынæн ацы санаторийы. Иууыл фыццаг, интернеты федтон ацы улæфæндоны тыххæй информаци. Уый фæстæ йæ æвдыстой Цæгат Ирыстоны телеуынынады дæр. Ам цы рæсугъд æрдз ис æмæ дзы алыгъуызон дидинджытæ зайы, уыдон мын мæ зæрдæ балхæдтой æмæ йæ агурын райдытон. Мæ чызг Знауыры районы Уахтъанайы хъæумæ у чындзыцыд æмæ мæ уый срæвдз кодта ацы дзæнæттаг бынатмæ. Кæд удæгас уон, уæд та æнæмæнг  æрцæудзынæн иннæ аз дæр», – зæгъы Ермоня.

«Чысыл ма куы уыдтæн, уæд мын мæ къæхты низы аххосæй уыд проблемæтæ, цыдтæн чиугæ. Цавæрдæр хæрзгæнджытæ мæ ныййарджытæн бацамыдтой Нагутнийы хосгæнæн доны тыххæй. Æркодтой мæ, процедурæтæ дзы сарæзтон æмæ чысыл æмгъуыдмæ слæу-уыдтæн мæ къахыл, баххуыс мын ис. Ныр та мæ ногæй бахъуыд ардæм æрцæуыны сæр. Куыд ивгъуыд азты, афтæ та ныр дæр райгонд дæн. Иууыл диссаг, та сты хосгæнæндоны цы персонал кусы, уыдон. Се ‘ппæт дæр сты тынг хæларзæрдæ, ис сын аудгæ ахаст рынчынтæм æмæ мæн фæнды стыр бузныг зæгъын санаторийы къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Владимирæн. Уый æрвылбон дæр азилы «Ныфс»-мæ чи æрбацыд, уыцы адæмыл. Бацымыдис кæны, чи куыд æнкъары йæхи, кæнæ чи цæмæй тыхсы, уыдæттæм”, – зæгъы амы улæфæг  пациент Кокойты Галинæ. Ныртæккæ Нагутнийы чи улæфы, уыдон ардæм æрбацыдысты Цхинвал, Ленингор, Знауыр, Цæгат Ирыстон-Алани, æгæрыстæмæй,  Мæскуыйæ дæр. Фарон дзы улæфынмæ æрцыдысты нæ хицауады фæхуындмæ гæсгæ 2008 азы хæсты Уæрæсейы фидауынгæнджытæй  нæ республикæйы территорийыл чи фæмард, уыдоны ныййарджытæ дæр.

Нырма фыццаг фæлтæр кæй у, уымæ гæсгæ ам бирæ адæм нæ  цæры. Чи сæ улæфынмæ æрбацыд фыццаг хатт, уæлдæр куыд загътон, афтæ кæцыдæртæ та æрвыл сæрд дæр сæ рæстæг арвитынц ам. Бынтондæр сæ нæ тыхсын кæны, мобилон бастдзинад дзы кæй нæй, уый. Зæгъынц, зæгъгæ, «уымæй дæр хъæуы баулæфын». Æцæг ис ахæмтæ дæр, æппынæдзух йæ бинонты уавæрмæ чи цымыдис кæны. Уыдонæн та санаторийы персонал сорганизаци кæны транспорт æмæ сæ акæны мегафоны бастдзинад кæм ис, ахæм бынатмæ.

Хуссар Ирыстоны Нагутнийы хуызæн хосгæнæн бынæттæ бирæ рæтты ис. Хосгæнæн цæугæдæттæн, æгæрыстæмæй, сæ доны хуырдуртæ дæр сты йедзаг минералтæй. Куыд хорз уаид, ахæм бынæтты арæзт куы цæуид улæфæн зонæтæ,   туристон базæтæ…

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.