Зынгæ зонадон æмæ æхсæнадон архайæг Битарты Зойæйы райгуырдыл сæххæст 75 азы

 

Нæ республикæйы цæрджытæ æрвылаз дæр стыр цины æнкъарæнтимæ банысан кæ-нынц нæ Республикæйы бон. Хæдбардзинад райсын та махæн æгæр зынаргъ слæууыд. Æмæ цæмæй сæрибарæй цæрæм, æлдари-уæг ныл мачи кодтаид, уый тыххæй йæ уд чи хъардта, уыдонæй сæ иу уыд Битарты Зойæ. Уый активон хайад иста 90-æм азты националон-сæрибаргæнæн змæлды. 1981 азы йæ инициативæмæ гæсгæ баконд æрцыд студентты дискуссион клуб «Ныхас». Ацы клубы алы мæй дæр уагъд цыд мадзæлттæ, уынаф-фæ кодтой ирон æгъдæуттæ æмæ традицитыл, афтæ ма æндæр темæтыл дæр. Æппæт уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæвтой фæсивæды националон хиæмбарынадыл, сæ патриотон хъомыладыл. Уыцы клубмæ-иу арæх фæуазæг сты ирон интеллигенцийы ми-нæвæрттæ дæр æмæ афтæмæй студентты дискуссион клуб «Ныхас» ссис политикон дискусситы клуб.

1988 азы гуырдзиаг газет «Коммунист»-ы мыхуырæй рацыд гуырдзиаг æвзаджы рæзты паддзахадон программæ. Уæд Зойæ уыд Тбилисы, уыцы газет балхæдта вагзалы æмæ автобус куы ранкъуыст, уæд æй рафæлдæхта. Уайтагъд йæ цæстытæ андæгъдысты ацы программæйыл æмæ базыдта, 18 пункты дзы кæй уыдысты ирон æвзаджы ныхмæ.  Дыккаг бон уый æрæмбырд кодта ирон интеллигенцийы минæвæртты æмæ сарæзтой инициативон къорд ирон æвзаг бахъахъхъæныны сæраппонд. Раст уыцы къорды архайдæй райрæзтис адæмон змæлд «Адæмон ныхас». Битарты чызг йæхæдæг уыдис «Адæмон ныхас»-ы президиумы уæнг. Йæ разамындæй фыццаг хатт арæзт æрцыдис ирон æвзаджы рæзты программæ. 1990 азы та æвзæрст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг æрсидт Парламенты депутатæй. Нал уыд æрынцой Битаронæн, кæцырдæм фæнды ма фердæхтаид, алы ‘рдæм дæр йæ фезмæлд уыд йæ адæмы хæрзæбонæн. Хæст хæст у æмæ стыр зиæнттæ хаста нæ адæмæн. Се ‘хсæн уыд мæрдтæ, цæфтæ. Уыдонæн хъуыд æххуыс кæнын æмæ 1992 азы гуырдзиаг-ирон хæсты фæцæфуæвджытæн æххуысæн сарæзта хæрзаудæн фонд «Уарт». Уыцы фонды фæр-цы 76 цæф адæймаджы акодта хос кæнынмæ кæй Дзæуджыхъæумæ, кæй – Мæскуымæ, кæй та – Санкт-Петербургмæ.

Удварнæй хъæздыг адæймаг алцæмæй дæр хъæздыг вæййы, зæгъгæ, фæзæгъынц. Зойæйы æнæрынцой зæрдæйы та уыцы хъæздыгдзинад фылдæрæй-фылдæр кодта. Зойæ, мыййаг, дохтыр нæу æмæ уымæ гæсгæ нæ ракæн-бакæн кодта рынчынты. Уый дуг кæй схæццæ ис æмæ йæ зæрдæ фæрчытæ кæй хаудта фырмæстæй, фыртыхстæй, уымæ гæсгæ цæттæ уыд йæ адæмæн æххуысы охыл йæ уд раттынмæ дæр. Æнæуый та – филологон зонæдты кандидат, профессор Битарты Зойæ Александры чызг у Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнæг. Зойæйы цардвæндагыл дæ цæст куы ахæссай, уæд æнæмæнг дæр зæгъдзынæ, уый у стыр парахат зæрдæйы хицау, æвæццæгæн, йæ зæрдæйы æгас Ирыстон дæр бацæуид, фæлæ дзы æрыгон фæсивæдæн та ис уæлдай, арфдæр бынат. Уый хорз æмбары Ирыстонæн æнæ фæсивæдæй сомбон кæй нæй æмæ цæмæй Ирыстон цæра, уæва, уый тыххæй та йын хъуамæ уа йæхи ахуыргæндтæ, раззагон фæсивæд. Æмæ университеты студентты раз куы æрлæууыд, уæдæй фæстæмæ хъары йæ уд, цæмæй фæсивæд ахуыр кæной, хъомыл кæной ирон традицитыл.

Зойæ тынг æнувыд уыд æмæ абон дæр афтæ у, адджынæн цы дæсныйад равзæрста, ууыл. Æгæрон уарзтæй уарзы студентты, йæ зæрдæ æдзухæй дæр семæ ис æмæ æхсæ-вæй-райсоммæ дæр æнæрхъæцæй фен-хъæлмæ кæсы семæ ног фембæлдмæ. Алыгъуызон фæрæзтæ, мадзæлттæ фæагуры, цæмæй йæ алы лекци дæр студенттæн уа цымыдисон. Уый студенттимæ ныхаскæнгæйæ, æгæрыстæмæй, сыл куы фæбустæ кæны, цæмæй сæ ахуыры гъæд фæхуыздæр кæной, уыцы рæстæджы дæр æм фæрсæрдыгæй кæсыс, уæд дæр æнæмæнг ахъуыды кæндзынæ, кæцæй цæуы уыййас уарзт йæ зæрдæмæ, тугхæстæг ын чи не сты, уыцы студентон фæсивæдмæ. Уыцы фарст æз арæх раттын мæхимæ æмæ арæх æрцæуын ахæм    хъуыдымæ: хъæбулуарзаг мад нæ бафсæст йæ уарзтæй, кæронмæ йæ нæ батавта мады хъарм зæрдæйæ æмæ ныр уыцы уарзт дæтты нæ Иры фæсивæдæн. Фæлæ та уайтагъд ныхмæвæрд хъуыдытæ фæзынынц. Æмæ раздæр та? Раздæр дæр афтæ куы уарзта фæси-вæды. Æмæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: уый у дардмæ чи уыны æмæ йæ радтæг адæмыл, йæ Ирыстоны сомбоныл чи тыхсы, ахæм адæймаг. Уый хорз æмбары, уæлион зæххыл æнусон цард кæй нæй, фæлтæр фæлтæры ивы æмæ алы æмбаргæ адæймаг дæр хъуамæ архайа, йæ фæстæ цы кæстæртæ ис, уыдоны сомбоныл. Фæлæ ацы хъуыддаг,  æвæццæгæн, Битароны хуызæн бирæтæ не ‘мбарынц, æндæра абон нæхи  къуыммæ нæ бакодтаиккам æмæ катайаг нæ фæуыдаиккам, кæй нæм нал ис, дарддæр хистæр фæлтæры чи раива, ахæм кæстæр фысджытæ, зонадон кусджытæ. Уый нæ, фæ-лæ ма бирæтæ кæстæрты раз цæлхдуртæ февæрынц, цæмæй размæ ма цæуой. Ахæм-ты рахонин Ирыстоны знæгтæ, йæ адæмы размæдзыд кæй нæ фæнды, ахæмтæ.

Битарты Зойæйæн та йæ архайд иннæр-дæм у. Уый йæ быцъынæг скъуыны, цæмæй нæм фæзына æвзонг кадртæ æмæ сæ схойы размæ, æмбарын сын кæны, афтæ куынæ уа, уæд нæ цард, нæ архайд æнæхъуаджы кæй у. Уымæ гæсгæ нæм хъуамæ уа ахуыр фæсивæд æмæ йæ бон куыд у, афтæ йæ æмбарын кæны кæстæртæн, лæууы се ‘нцой. Æмæ уæдæ Битарон æрмæст уыцы хъуыддаг кæй аразы, уымæй дæр у стыр кады аккаг. Æвæццæгæн, стæм разындзæнис, Ирыстоны алы кæстæры хорздзинадыл афтæ бацин кæнын чи фæразы, йæ æвзæрдзинадыл та фæмаст кæнын, ахæм адæймæгтæ. Уый кæддæриддæр æххæст кæны ахсджиаг хæс  æхсæнадæн бæллиццаг фæлтæр сахуыр æмæ схъомыл кæнын. Цал æмæ цал æрыгон чызг æмæ лæппуйы бафтыдта царды рæсугъд фæндагыл.

1991-1993 азты РХИ-йы Хицауады цур уæвæг «Æндидзын»-ы фонды фæндонмæ гæсгæ Зойæ Санкт-Петурбурджы университеты скæсæйнаг æвзæгты факультетмæ акодта              ахуырмæ 3 студенты æмæ дыууæ адæймаджы та – аспирантурæмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Битарон зонады къабазы дæр уæхскуæзæй кæй кусы. Абоны бонмæ йæ зонадон куыстыты нымæц схызтис 80-мæ. Уыдонæй монографитæ ис 5, ирон филологийы студенттæн – 3, зонадон-популярон литературæ – 3. 2010 азы майы мæйæ та разамынд кæны сабидæттæн ирон æвзагыл æппæтварсон программæтæ æмæ методикон бацамындтыты кусæг къордæн. Ацы кусæг къордæн чингуытæ бацæттæ кæнын дзæвгар бантыстис. Райгондæй сæ пайда кæнынц скъолайы кары агъоммæйы сабитæн сæ хъомылгæнджытæ.

райгуырдыл сæххæст 75 азыФæлæ уæддæр æмæ уæддæр иууыл зæрдæагайæгдæр разынд йæ ног чиныг «Авеста». Уый ныффыста зынгæ ахуыргонд, иранистикæ, æвзаг, фольклор, этнографи æмæ ирон адæмы рагондæр историйы специалист, академик, бирæнымæц фæсарæйнаг академиты цытджын уæнг, бирæ бæстæты нымад æмæ сгуыхт зонадон архайæг, нырыккон зонадон дунейы æппæты зындгонддæр ирон лæг Абайты Васойы лекцитæм гæсгæ. Куыд зæгъы, афтæмæй чиныг рауадзыны фæнд йæ хъуыдыйы рагæй уыд, уымæн æмæ Абайты Васо цы лекцитæ каст, уыдон хъуамæ зоной фидæны фæлтæртæ дæр. Хъыгагæн, чиныджы тираж у хæрзчысыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæй къухы нæ бафтыд. Хъуыддаг та æцæгæй уыд афтæ, æмæ Битарон фыццаг йæхæдæг сфæнд кодта, цæмæй бадтаид æмæ хъуыстаид Васойы лекцитæм. Ныццыд Мæскуымæ æмæ йæ фæнд раргом кодта Васойæн, йæ лекцитæм æй кæй фæнды байхъусын, уый тыххæй. Дыккаг бон йæ къухы магнитофон, афтæмæй бараст лекцимæ. Васо магнитофон фенгæйæ, бадис кодта, зæгъгæ, уый та дæ цæмæн хъæуы. Æмæ йын уæд Зойæ раргом кодта йæ фæнд, цæмæй йын йæ лекцитæ аудиойы хуызы ныффысса. Афтæ 1983 азы райдыдта цæуын аспиранттимæ зындгонд ахуыргонды лекцитæм. Уый дзырдтæн ахæм диссаджы анализ кодта текстологон, лингвистикон, динон, мифологон æгъдауæй æмæ уæд, Битарон йæ мидзæрды аскъуыддзаг кодта фидарæй, мыхуыры сæ кæй хъæуы рауадзын.

Битарты Зойæйæн бантыст 28 лекцийы бæрц ныффыссын. Уыимæ сæ фыста тет-рæдты дæр.

Цы загъдæуа хъысмæтæн, æгъатыр у, æндæра мады фарнæй йæ чызг Зæринæ дæр хайджын кæй уыдаид, уый бæрæг уыд. Чизоны æмæ уымæн дæр йæ раттæг адæмы сæраппонд цас бантыстаид саразын. Уый дæр фæндыд йæ цард лингвистикæйы къабазæн снывонд кæнын æмæ бацыд скæсæйнаг æвзæгты (иртасæг филологийы) факультетмæ. Ахуыр кодта Санкт-Петербурджы паддзахадон университеты. Йæ фыццаг реферат куы ныффыста, уæд йæ лектортæй сæ иу, академик Богомолов студенттæн загъта, уый кæй у диссаджы фыст. Цыма, дам, уартæ V-X æнусты рæстæджы цардыл æй ныффыстæуыд, афтæ. Уæд Зæринæйæн æргомæй загътой, зæгъгæ, дын ахæм æмвæзадыл нæ бантыстаид йæ ныффыссын, ирон куынæ уыдаис æмæ уæхи куынæ уыдаиккой æппæт уыдæттæ, уæд. Иу ахæмы Васо æрцыд Цхинвалмæ æмæ йæм бацыдысты мад æмæ чызг. Ахуыргонд куы базыдта кæм ахуыр кæны, уый, уæд æм сдзырдта, чызг персайнагау æмæ йын чызг дæр персайнагау куы сдзуапп кодта, уæд Васойы дисæн кæрон нал уыд. Битарон уæд йæ хъуыды раргом кодта Васойæн, магнитофоныл цы лекцитæ ныффыста, уыдон цæмæй хицæн чиныгæй рауадза. Фæлæ йын Васо загъта, зæгъгæ, Зæринæ уал бахъахъхъæна йæ диссертаци. Æрцыд уыцы рæстæг дæр æмæ Зæринæ бахъахъхъæдта йæ диссертаци. Ссис зонæдты кандидат æмæ райдыдта кусын ирайнаг филологийы кафедрæйы, каст ирон æвзаг æмæ Авестайæ лекцитæ. Æмæ афтæ куы загъта, зæгъгæ, ныр бакусон Васойы лекцитыл, уæд фæрынчын æмæ фескъуыдысты йæ рæсугъ бæллицтæ иууылдæр, сидзæрæй та ныууагъта йæ дыууæ сылбындары. Фæлæ Зойæ ахæм удвидардзинад равдыста, æмæ йæ уд хъары, цæмæй йæ хъæбулы хъæбултæ тынг ма хатой сæхи сидзæрæй. Снывонд сын кодта йæхи. Уымæн дæр стыр зонд æмæ фæразондзинад хъæуы æмæ йын Хуыцау ноджыдæр радтæд тыхтæ. Ныр ыл сæххæст 75 азы, фæлæ у уæнгрог, раздæр куыд уыд, афтæ. Ис æм зонады ноджыдæр бирæ бæллицтæ æмæ фæндтæ æмæ йын дзæбæхæй сæххæст уæд.

Бирæ дзурæн æмæ фыссæн ис Битарты чызгыл, фæлæ нæ газеты фæрстыл уый фадат нæй. Йæ цардвæндагыл ын дæ цæст куы ахæссай, уæд сæ цалдæр боны дæр нæ фæуыдзынæ дзырд, даргъ æмæ рæсугъд аргъауау. Фæлæ сæйраг у æнæниздзинад æмæ уадз, æнæиз уæт æмæ кусынæй кæй нæ сфæлмæцдзæнис, ууыл та махæй дызæрдыг ничи кæны.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.