Ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, цыма сын амынд уыд, уыйау-иу æфхæрд æмæ тæссагдæр уавæр кæрæдзийы  фæдыл цыдысты сæ разæй. Цæргæ-цæрæнбонты та сæ амонд нæ фæци сыхагæй, кæд сын æдзухдæр сæ лæггады хай кодтой, уæддæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, де ‘ввахс сыхагмæ, æндæр адæмы хаттмæ фæкæсай, йæ рис ын фæрог кæнай, уым мæгуырауæй ницы ис. Уый нæ, фæлæ ахæм хорз ахаст нымады хъуамæ уой æмæ дæ бузныгæй баззайой. Ирон адæм та æндæртæн лæггад кæнынæй никуы бафсæстысты, уæлдайдæр сæ сыхаг гуырдзийæгтæн. О, лæггад кæнын хорз у, чи дын æй бамбара, бæсты кæмæн фæцæуа, ахæмæн. Фæлæ рагæй фæстæмæ ирон адæмы хорз æгъдауæн мур дæр ницы саргъ кодтой нæ сыхæгтæ, уый нæ, фæлæ нын æй фидынц фидис æмæ хæстæй, æрдхъирæн кæнын æмæ куынæг кæнынæй.

Афтæ уыд, 1920 азы меньшевикон хицауад Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ куы растад, цæгъдгæ сæ куы кодтой, сæ цæрæн бынæттæй сæ куы фæхауæггаг кодтой, уыцы рæстæджы дæр. Уæззау бонтæ скодта уыцы фыдзаманы хуссайраг ирæттыл, æрбафсæрстой сæм меньшевикон гарзджын тыхтæ æмæ сын тæлæт кодтой сæ фæллой, сыгътой хъæутæ, кæй баййæфтой бынаты, уыдоны мардтой æмæ цагътой, нæ ауæрстой æгæрыстæмæй зæрæдтæ æмæ сылгоймæгтыл, æнахъом сывæллæттыл.

Зын уавæры бахауд Цхинвалы районы Арцеуы хъæу дæр ивгъуыд æнусы 20-æм азты. Нæ адæм сабыр æмæ алы хъуыддаджы дæр барон кæй сты, æндæр адæмтæн фæндаг кæй раттынц царды алы фарстаты, уый бæрæг у мæнæ ахæм цæвиттонæй дæр. Ацы хъæу рагæй фæстæмæ иу районмæ хауы, фæлæ дзы иу сыхы фылдæр гуырдзиæгтæ кæй цард, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой «Гуырдзыйы Арцеу». Гъе, æмæ меньшевикон æфсæдтæ Арцеумæ дæр куы æрбабырстой, тас æмæ фыдæвзарæнты куы бахаудысты, уæд уыдонæй цух аззадысты сæ сыхæгтæ – Гуырдзыйы Арцеуы цæрджытæ. Уæд сæ иу адæймаг дæр афтæ нæ загъта, ирæттимæ цæрæнбонты адджын сыхæгты цард кæнæм, ницыгæнæг сты æмæ сæ ныууадзут сæ мæгуырыл, зæгъгæ. Хъæумæ знаг куы бырста, уæд ма йæ сæрæн чи уыд, уыдон  лыгъдысты æмæ æмбæхстысты æдасдæр бынæтты. Чи ма сæ хъуыды кодта йæ хæдзарыл, цæрæнбонты цы фæллæйттæ скодтой, уыдæттыл. Тагъд-тагъдæй сæ уæлæ  æнæбары дзаумæттæ акодтой, нартхоры хус кæрдзынтæ афснайдтой æмæ тæрсгæ-ризгæйæ лыгъдысты хъæуæй. Ахæм зын уавæры бахаудтой ацы хъæуы цæрджытæй Гояты кæстæртæ дæр – иу мадызæнæгтæ Тебро, Алекси, Оля, Митъуш æмæ Верæ. Ныййарджытæй сидзæр баззадысты, сæ цæссыг сæ рустыл нæ сур кодта, фаг нæ баййæфтой мад æмæ фыды рæвдыд æмæ афтæмæйты хиуæттæ æмæ хорз сыхæгты фæрцы сæ мæгуыры цард кодтой. Цыма сын сидзæрты ном фаг нæ уыд, уыйау ма банкъардтой знаджы судзгæ рыст æмæ тас дæр. Фæлæ уæддæр адæймаг фыдбæллæхы куы бахауы, уæд цыма йæ хъару фæдывæр вæййы, свæййы ныфсхастдæр æмæ царды сæраппонд зындзинæдты сæрты ахизы уæндон дæр къахдзæфтæй. Гояты кæстæртæ нырма рæзгæ удтæ уыдысты, хистæр хо Тебройыл цыд 14 азы æмæ кæстæр хо Верæйыл та æртæ азмæ æввахс. Лыгъдысты æдасдæр бынатмæ,  хъæуы сæрмæ цы  хъæд уыд, уырдæм. Хъæуæй уырдæм афтæ æввахсдæр нæ уыд – æртæ километры дæрддзæгæн. Чысыл Верæйы цард бахъахъхъæныныл уæлдай тынгдæр бафыдæбон кодта Тебро, уый равдыста хъайтардзинады цæвиттон. Раст у, æфсымæртæ дæр-иу ын аххуыс кодтой, фæлæ уæз ууыл фылдæр æрæнцад. Тыхамæлттæй иннæ лигъдæттимæ схæццæ сты сæ нысангонд бынатмæ æмæ сæхи бааууон кодтой ададжы. Уым фесты цасдæр рæстæг, стæй иугæр тугхортæ хъæуæй куы аивгъуыдтой, уæд та адæм ногæй сæ цæрæн бынæттæм æрыздæхтысты, уыдонимæ уыдысты Гояты кæстæртæ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.