Кæцыфæнды професси дæр ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг у. Вазыгджын æмæ ахсджиаг у, социалон æгъдауæй ифтонг чи не сты, ахæм бинонтæ æмæ зынхъомылгæнæн æнахъомтимæ куыст. Æхсæнады ацы категориимæ нысанмæздæхт куыст кæны Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекци. Ацы инспекци архайы æппæт фæрæзтæй дæр, цæмæй сæ куыст фæахъаз уа рæзгæ фæлтæры алыварсон хъомыладæн. Республикæйы стыр хъусдард здæхт цæуы æнæниз æмæ аккаг фæлтæр хъомыл кæнынмæ. Уый хуымæтæг нæу – нæу иуæй-иу зынхъомылгæнæн сывæллæтты раст фæндагыл æфтауын. Фæлæ йыл уæхскуæзæй кусынц уæлдæрзагъдгонд инспекци, дæлбулкъон Гатайты Лалийы сæргълæудæй.

Ныртæккæ Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусы цыппар адæймаджы, уыдон иууылдæр сты сылгоймæгтæ. Æмæ зæгъæн ис, сæ разы цы бæрнон хæс ис, уый цæсгомджынæй æххæст кæнынц.

«Адæймаг бæрæг куыстмæ куы цæуы, уæд хорз хъуамæ æмбара уыцы куысты бæрндзинад. Инспекцийы куыст баст у, социалон æгъдауæй хъуагдзинад чи æййафы, уыцы бинонтæ æмæ закъоны сæрты чи ахизы, уыцы æнахъомтимæ. Мах хъуамæ бæлвырд кæнæм уыцы бинонты æмæ зынхъомылгæнæн æнахъомты. Æмæ хъарм кабинетты куы бадæм, уæд нæм кæцæй æрбацæудзысты ардæм закъонхалджытæ æмæ нæ комкоммæ хæстæ дæр æххæстбæрцæй кæм æххæст кæндзыстæм», – чысыл фæхудгæйæ нын дзырдта  Гатайты чызг.

Уымæ гæсгæ сæ куысты фылдæр хай у ахуырадон уагдæтты зынхъомылгæнæн сывæллæттæ, æвæрæз бинонтæ æргом кæнынимæ баст. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм адæмимæ кусын æнцон нæу, уымæн æмæ цал адæймаг ис,  уал характер ис – алкæимæ дæр хъæуы индивидуалон æгъдауæй кусын. Зæгъæн ис, инспекцийы кусджытæ кæй сты психологтæ дæр, алы адæймагмæ дæр сæ хицæн æвзаг ссарын хъæуы, бауырнын сын хъæуы, царды раст фæндагыл слæууын иууыл ахсджиагдæр æмæ æнæмæнгхъæуæгдæр кæй у. Инспекцийы кусджыты бахъæуы æнафоны дæр сæ хъарм уатæй растын æмæ сæ куысты фæдыл ацæуын. Иумиагæй сисгæйæ чысыл коллектив у куыстхъом.

«Дыууын азæй фылдæр инспекцийы кусгæйæ, абарст куы саразон, уæд райдианы сывæллæттимæ кусын æнцондæр цыма уыд. Фæлæ уымæй фæстæмæ, хæстон архæйдтытæ, хæццæ дуг дæр бандæвта рæзгæ фæлтæрыл æмæ тынг фæивтой сæ монон æргъадтæ, сæ дунеæмбарынад, сæ цымыдисдзинад. Уыдис ахæм рæстæг æмæ тынг сарæх сывæллæтты фыдракæнддзинад,  фæлæ бузныг Дунескæнæгæн, уый ивгъуыды кæй баззад. Абон фидарæй зæгъæн ис, уавæр хорзæрдæм бæрæг кæй фæивта», – зæгъы Лали.

Уыд рæстæг, æмæ-иу арæх Æнахъом-ты хъуыддæгты фæдыл инспекци æвæрдта фарст, зынхъомылгæнæн сывæллæттæн сæрмагонд æхгæд ахуырадон уагдон бакæныны фæдыл. Фæлæ ныртæккæ ууыл дзырд нал цæуы. Сы-вæллæттæ уынджы сæхи бæрæг хуыздæр дарынц, раздæры рæстæгмæ абаргæйæ. Цæвиттон, 2016 азы хынцыд æрцыд цыппар æхсæнадон тæссаг архайды æнахъомты хайадистæй, 2017 азы та æрмæстдæр дыууæ.

2016 азы Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хыгъды уыд 22 сабийы, 2017 азы та 12 . Уый размæ азты та æрвылаз дæр хыгъды уыд 30 æнахъомæй фылдæр.

Æнахъомты ‘хсæн иууыл фылдæр фыдракæндтæ сты давыны цаутæ. Сæ ныййарджыты цæстдардæй куы фæиппæрд вæййынц æмæ сæхи сæрибарæй куы банкъарынц, уæд кæнæ хыл кæнынц, кæнæ давгæ. Ахæм факттæ хынцыд цæуынц фæрæзджын бинонты сывæллæтты ‘хсæн дæр.

Инспекцийы куысты ма æмбæлынц æнахъомты ‘хсæн административон бархалæн цаутыл – раргом æрцæуынц, алыгъуызон рог наркотикон буарадтæ æмæ нуæзтæй чи пайда кæнынц, ахæмтæ. Ахæмты та сæвæрынц профилактикон хыгъды, æдзух хъусдарды бын сты, семæ уагъд цæуы хъомыладон профилактикон мадзæлттæ, беседæтæ. Уыдон се ‘ппæт хыгъды æвæрд нæ цæуынц, фæлæ кæд йæ уагахаст нæ хуыздæр кæны, уæд æм инспекцийы кусджытæ сæ хъус дарынц скъолайы рæстæджы æмæ хæдзары дæр.

Лалийы ныхæстæм гæсгæ, милицийы рæнхъыты службæгæнгæйæ, уый æнцонæй рахаты ахæм сывæллæтты, зоны, семæ  куыд  ныхас кæнын  хъæуы.

Кæд æмæ бæрæг бархалæг æнахъомы, æрбакæнын хъæуы инспекцийы хайадмæ, уæд æнæмæнгдæр, йæ ныййарджытæй иу хъуамæ уа йемæ. Æнæуый, закъонмæ гæсгæ бар нæй. Æнахъомимæ цыфæнды ныхас дæр уагъд цæуы, ас адæймаджы хайадистæй. Æнахъомы кæцыфæнды саразгæ бархалæн цаумæ æркæсынц хицæнæй, агурынц ын йæ аххосæгтæ, цæмæ гæсгæ сарæзта фыдракæнд. Уымæн æмæ алы сывæллон дæр у индивидуалон æгъдауæй хæдхуыз, йæхи психикæимæ. Æмæ инспекцийы кусæг цасдæрбæрцæй хъуамæ уа психолог дæр.

Профилактикон мадзæлттæ ахъаз сты Æнахъомты хъуыд-дæгты фæдыл инспекцийы куысты. Зынхъомылгæнæн æнахъом æрвылбон дæр хъуамæ хъуса,   хорз цы у æмæ æвзæр цы у, уый. Гатайты чызг куыд дзуры, уымæ гæсгæ уый æппынæдзух фæдзæхсы инспекторты – мах, зæгъгæ, нæ фæивдзыстæм дуне æмæ зынхъомылгæнæн æнахъомты æвиппайды нæ рараст кæндзыстæм, фæлæ иу ахæм сывæллон раст фæндагыл куы слæууа, уый дæр егъау æнтыст у! Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ архайд æнæхъуаджы нæу.

Раздæр зынхъомылгæнæн чи уыд, æмæ ныр раст фæндагыл чи ныллæууыд, ахæмтæ нæм æрбацæуынц арфæ кæнынмæ, «сымах куынæ уыдаиккат, уæд нæ зонын, цы фæндагыл ацыдаин» – ахæм ныхæстимæ. Æмæ уый дæр инс-пекцийы кусджытæн у егъау хорзæх.

«Астæуккаг скъолаты къухдариуæггæнджытимæ нын ис æнгом ахаст. Иуæй-иу проблемон ахуыргæнинæгтимæ уадзæм индивидуалон беседæтæ. Æмæ сын уый баххуыс вæййы. Ахæм беседæтæ уадзæм, куы бахъæуы, уæд – суанг скъола каст фæуыны онг дæр. Арæх нæм ныййарджытæ æрбахатынц сæхæдæг, цæмæй сын сæ сывæллæттимæ беседæтæ ауадзæм. Фæлæ вæййы иннæрдæмдæр – инспекторы сæ уæлныхты сисынц, ома, нæ сывæллон æгъдауыл хæст у, нæ йæм хъæуы хыл кæнын», – дзырдта Гатайы чызг.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ горæты администрацийы цур ар-хайы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл къамис. Инспекцийы кусджытæ ацы къамисимæ дæр кæнынц æнгом æмархайд. Кæд æмæ æнахъом административон ракæнд сарæзта, кæнæ æвæрæз бинонты хыгъды æвæрд ис, уæд уыдон фæдыл æрмæджытæм хъуамæ æркæса ацы къамис. Æрмæджытæ сахуыр кæныны фæстæ къамис рахæссы бæрæг бинонтæ кæнæ æнахъомы тыххæй æмбæлон уынаффæ.

Æнахъомты фæдыл инспекци ма уымæй уæлдай æнгом куыст кæны РХИ-йы Президенты цур Сывæллоны хъуыддæгты фæдыл æххæстбарджынимæ.

Гатайты Лалийы ныхæстæм гæсгæ сын сæ куысты стыр æххуыс кæнынц сæ коллегæтæ Цæгат Ирыстонæй, ифтонг сæ кæнынц алыхуызон методикон литературæйæ.

Инспектортæ æдзухæй цæуынц сæ квалификаци фæбæр-зонддæргæнæн курсытæм. Æна-хъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийæн нæй сæхи транспорт. Фæлæ Лалийы ныхæстæм гæсгæ, уый не ‘ндавы сæ куыстыл. Фæкæсынц сæм транспортæй милицийы горæтон хайад æмæ патрулон-постон службæйæ сæ коллегæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хи службæйон транспорт хуыздæр уаид…

Социалон æгъдауæй æвæрæз бинонты нымæц, хыгъдмæ гæсгæ у 17. Закъоны домындзинадмæ гæсгæ ныййарджытæ сæ æвæ-джиаг хæс – æнахъомты дарын, хъомыл кæнын, сæ бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнын кæд нæ æххæст кæнынц куыд æмбæлы, афтæ, уæд цæуынц ивар, кæнæ сын æрисынц ныййарæджы бартæ æмæ сывæллæттæ та сывæллæтты хæдзар кæнæ интернатмæ раконд æрцæуынц. Куыд æмæ цы уавæртæм гæсгæ æвæрд цæуынц хыгъды ахæм бинонтæ, уый тыххæй нын Гатайты Лали афтæ радзырдта: «Кæд æмæ сывæллон скъоламæ куыд æмбæлы, афтæ нæ цæуы, хæдзарæй алидзы, бинонтæ цæрынц æвзæр уавæрты, нæ кусынц, кæнæ сты нозтыл хæст, кæнынц аморалон цард, уæд ахæмты сæвæрæм инспекцийы хыгъды. Æххуыс сын кæнæм сæ сывæллæтты цæхæрадæттæм кæнæ скъолатæм бакæнынæн. Уыдон æдзух сты нæ цæстдарды бын. Æз æрмæст мæхи фæндонмæ гæсгæ нæ æвæрын уыдоны хыгъды, фæлæ йыл æруынаффæ кæнæм къамисы рабадты. Алы бинонты уавæртыл дæр дзырд цæуы хицæнæй,  уый фæстæ ист æрцæуы æмбæлон уынаффæ.

Социалон æгъдауæй æвæрæз бинонты уавæр ис республикæйы къухдариуæгады хъусдарды бын  арæзт сын цæуы фадæттæ, цæмæй бæрæгбæрцæй фæрог уой сæ царды уавæртæ. Æрæджы иу ахæм бинонтæй, хъыгагæн, фæзиан бирæсывæллонджын мад Къобаладзе Лейла. Уый уыд цыппар сывæллоны мад, фæндзæм нал федта царды рухс. Ацы æвæрæз бинонтæ цардысты нырма горæты Дзадтиаты фырты уынджы. Уый фæстæ ацыдысты Цхинвалы районы Сацхенеты хъæумæ, цыран цардысты æвзæр уавæрты. Уый бахынцыдта республикæйы къухдариуæгад æмæ сын лæвæрд æрцыд дыууæхатæнон цæрæн вагон.

Инспекцийы кусджыты руаджы Лейлайы хистæр æртæ сывæллоны йæ удæгасæй бакодтой нæ горæты скъола-интернатмæ.

Дунескæнæгæн фæндон фæуæт, æмæ æвæрæз бинонтæ, афтæ зынхъомылгæнæн сывæллæттæ дæр, не ‘хсæнады цы нал уа. Нæ фыдæлтæ сæ уагахастæй кадджын уыдысты æмæ уыцы кад дарддæргæнджытæ та мах стæм  сæ фæдонтæ. Æмæ сæрыстырæй хъуамæ хæссæм ном – не ‘хсæн ма хъуамæ уа фæткхалджытæ дæр, бархалджытæ дæр æмæ æндæр æнæуаг мийыл хæст æмбæстæгтæ дæр. Уый алчидæр хъуамæ йæ зæрдыл дара æмæ йæ хъуыдыйы уа.

Уæд сараздзыстæм тыхджын æмæ æнгом æхсæнад, уæд нæ къухы бафтдзæн æнтыстытæ, уæд нæ бæстæ уыдзæн размæдзыд æмæ махæй сæрыстыр».

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.