Ӕрмæст ирон мифологийы нæ, фæлæ ма иннæ адæмыхаттыты мифологиты дæр бирæгъ ахсы сæрмагонд бынат, йæ кой ис алкуы дæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ рагæй фæстæмæ адæймаг æмæ бирæгъ кæй уæвынад кæнынц фæрсæй-фæрстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæцы дæр дзы тырныдта йæхи размæцыдыл, хъахъхъæдта йæ территори, тыхстис йæ цот адарддæр кæныныл. Фæлæ адæм куыд фылдæр кодтой, афтæмæй бирæгътæн къаддæр кодтой сæ зæххытæ, цыран-иу цардысты æмæ цуан кодтой, уыцы бынæттæ. Уый фæстиуæгæн сæ бахъуыд адæмимæ тох кæнын, куынæг сын кодтой сæ хæдзарон фос, æрцыдис-иу цаутæ дæр, æмæ-иу адæймаг бацис бирæгъты амæттаг. Адæймаг æгъатыр кæй у, уымæ гæсгæ куынæг кæнын райдыдта бирæгъты æмæ уый та расайдта экологон проблемæтæм.

Ахуыргæндтæ куыд рабæрæг кодтой генон раиртæстты руаджы, афтæмæй бирæгъ у куыдзы рагфыдæл. Фæлæ куыдзæй хицæн кæны йæ цæрдæгдзинадæй, йæ арæхстдзинадæй æмæ ма у бирæ зæнджындæр. Стæй ма сырдты ‘хсæн æрмæстдæр бирæгъы бон у тынг бирæ алыгъуызон зæлтæ уадзын, – ниуын, тъизын, хъуыр-хъуыр кæнын, богъ-богъ кæнын, хъыллист кæнын, рæйын. Алкæцы зæл дæр ма йæ бон у алыгъуызон интонацитæй радæттын. Ацы æрдзон миниуæджы фæрцы бирæгъ йе ‘мбæлттæм адæтты вазыгджын информаци – цы хъæуы саразын, кæуылты хъæуы æрбахъуызын, кæцыран ис амæттаг, цавæр сырдыл цуан кæнынц. Ӕгæрыстæмæй ма сæ кæрæдзимæ егъау дæрддзæгмæ адæт-тынц информаци адæймаджы фæзынды тыххæй дæр.

Уымæй дарддæр ма бирæгъ у тынг фæразон сырд, – йæ бон у æмæ иу æхсæвмæ ацæуа 60-80 километры бæрц. Цалдæр километры та йæ бон у бынтон рогæй алидза æмæ амæттаг сурыны рæстæджы та йæ тагъдад фæхæццæ кæны 65 километры сахатмæ. Йæ дзæмбытæ ахæмтæ сты æмæ арф миты дæр иннæ сырдтæй къаддæр ныхсы æмæ йын уымæ гæсгæ æнцондæр вæййы йæ баййафын. Ис ма йæм иу диссаджы миниуæг – цæугæ-цæуын йæ уæз уадзы æрмæстдæр йе ‘нгуылдзтыл, кæцыйы фæрцы йын у æнцондæр йæ амæттагмæ бахъуызын æмæ ма у æнæцудгæ. Бирæгъæн ма йе смудындзинад дæр у тыхджындæр – йæ амæттаджы базоны 3 километры дæрддзæфмæ. Кæд адæймаджы бон у æрмæстдæр 5 милуан тæф фæхатын, уæд бирæгъ та хаты 200 милуан тæфы. Цы информаци исы бирæгъ йæ алфæмблайæ, уымæн йæ фылдæр хай райсы смудыны руаджы.

Йæ цот адарддæр кæнынæн бирæгъ бацæттæ кæны хуыкком къæдзæхты ‘хсæн, кæнæ та къутæрты. Бирæ хатт спайда кæны æндæр цæрæгойты хуыккомтæй. Цот сын куы фæзыны, уæд сæ хуыккоммæ ‘ввахс нал фæцуан кæнынц – 7-10 километр дарддæр ацæуынц. Цуан та кæнынц алцæуыл дæр, суанг ма арсмæ дæр йæ ныфс бахæссы. Куы стыхсы æххормагæй, уæд райдайы ахсын мыстытæ, хъæндилтæ, хæфсытæ æмæ æндæртæ. Уымæй уæлдай ма хæры дыргътæ æмæ гагадыргътæ, зокъотæ. Хус-сар районты арæх æрцæуы ахæм цаутæ æмæ куы сдойны вæййынц, уæд быдырты азилынц æмæ харбызтæ æмæ неситæ бахæрынц.

Бирæгъты рагæй фæстæмæ ахуыргæнд-тæ хонынц æрдзы санитартæ, уымæн æмæ стыр хайбавæрд хæссынц царды размæцыдмæ, экологийы сыгъдæгдзинадмæ, алыгъуызон низты куынæг кæнынмæ. Фæлæ сæ адæм æгъатырæй кæй цæгъдынц бирæ æнусты дæргъы, уый фæстиуæгæн бахъыгдард сты æрдзон процесстæ. Ӕмæ бирæгъ кæм нæ уæвынад кæны, уым экологи фæивы кардиналонæй. Уымæн æвдисæн у Америкæйы Йеллостоуны национ парк.

Ацы паркы территорийыл рагæй фæстæмæ цардысты бирæгътæ, фæлæ сæ адæм фæцагътой – фæстаг бирæгъы дзы амардтой 1926 азы. Уæдæй фæстæмæ ам сбирæ сты æндæр цæрæгойтæ æмæ æнæхъæнæй æрдз фæивта. Сбирæ сты тъæпæнсы сæгтæ æмæ дзы цыдæриддæр зайæгой уыдис, уый бахсыдтой, бæлæсты рæзын нал уагътой æмæ уый та расайдта мæры эрозимæ. Уымæй уæлдай ма доны былтыл дæр кæрдæг, къутæртæ æмæ бæлæстæ нал задис æмæ зæхх лæбырын райдыдта, цæугæдæттæ та сæ донвæдтæ фæивтой. Æппæт ацы проблемæтæ хынцгæйæ ахуыргæндтæ фæндон рахастой, цæмæй ацы территорийы фæстæмæ æрцæрын кæной бирæгъты. Уыдис афтæ хъуыдыгæнджытæ дæр, ома, ацы эксперимент ницы ратдзæнис, бирæгътæ ахæм стыр ролы нæ хъазынц.

1995 азы паркы ауагътой 8 бирæгъы, кæцыты æрластой Канадæйы хурныгуылæн фарсæй. 2015 азы сæ нымæц ахызт фондзсæдæйæ æмæ 20 азмæ ахæм ивындзинæдтæ бахастой æрдзмæ, æмæ ахуыргæндты дисы бафтыдтой. Бирæгътæ тъæпæнсы сæгты популяци æркодтой оптималонмæ æмæ уый та расайдта тынг бирæ позитивон ивындзинæдтæм. Тъæпæнсы сæгтæ нал уæндыдысты донбылты æмæ дæлвæзты хизын. Уый фæстиуæгæн дзы кæрдæг зайын райдыдта, бæлæсты талатæ цалдæр метры онг сырæзтысты æмæ фондз хатты та фылдæр сты, фæзындис дзы къутæртæ дæр. Уый фæстиуæгæн ацы бынæтты сбирæ сты мыстытæ, кæлмытæ, цъиутæ, рувæстæ, æрсытæ(цæуын райдыдтой гагадыргъты фæдыл) æмæ ма æндæр цæрæгойтæ. Донбылгæрæтты мæр кæрдæджы æмæ бæлæсты уидæгты фæрцы сфидар ис æмæ дзы фæфылдæр сты бобыртæ, кæцытæ дон ныцауæзтой алырæтты æмæ иумийагæй доны бæрзæнд фæфылдæр. Ахæм уавæрты дзы фылдæр кæнын райдыдтой дæнзæххонтæ, хъазтæ, уырдтæ, рептилиты популяци, кæсæгтæ.

Уымæй уæлдай ма бирæгътæ бæрæг фæкъаддæр кодтой хъæддаг куыйты нымæц дæр æмæ уый фæстиуæгæн ацы территорийыл сбирæ сты тæрхъустæ, хъæрццыгъатæ æмæ æндæр цæрæгойтæ.

Ацы эксперимент равдыста, бирæгъ кæй у æрдзы цæрæгойты сæйрагдæртæй сæ иу. Адæймаг сæдæ азты цы экосистемæ фехæлдта, уый бирæгътæ фæстæмæ рацарæзтой цыбыр рæстæгмæ æмæ та ацы территорийы цард йæ гаччы æрбадтис.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.