Уыцы бон, 20-æм июлы изæры æхсæз сахатæй фæстæмæ иугай æмæ къордгæйттæй цыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры агъуыстмæ – сылгоймæгтæ, нæлгоймæгтæ, сабитæ æмæ ацæргæтæ. Цæугæ та кодтой Цхинвалы районы культурæйы управленийы  ансамбль «Амонд»-ы концертмæ.

Театры залмæ æз рагацау бахызтæн, цалдæр адæймаджы йедтæмæ дзы нæма уыдис, фæлæ цыбыр æмгъуыдмæ зал ай-дзаг адæмæй æмæ концерт уадзæг Мамиты Гри æрдзырдта ансамбль «Амонд», йæ разамонджытæ æмæ концерты архайджытæ сæ разы цахæм хæстæ æвæрынц, уыдон тыххæй. Стæй сценæмæ фæхуыдта нæ адæмы удлæууæн хæзнæ – «Симд»-ы æххæстгæнджыты. Афтæ хорз рæсугъд æй сæххæст кодтой æмæ цыфæнды сфæлдыстадон критик дæр йæ ныфс нæ бахастаид сæ аивадмæ исты фау æрхæссын. Кафт ноджы фæрæсугъддæр кодтой «Амонд»-ы солисттæ Дудайты Къоста æмæ Куыдзеты Янæ. Уæлдайдæр та Къоста, йæ къахфындзтыл фæкафыд фондз минуты бæрц. Ноджы хуыздæр æххæст та æрцыдис кафты «Сандрахъ»-ы номыр. Сæххæст æй кодтой цалдæр æрзылдимæ, фæлæ артистытæ иунæг цухдзинад  дæр не ‘руагътой.

Уый фæстæ ма ансамбль, концертмæ цы бирæ адæм æрбацыд, залы афтид бынат нал уыдис, уыдонæн сæххæст кодтой «Хонгæ», «Хæхты ритм», «Чызджыты кафт», «Хæххон кафт», азербайджайнаг, абхазаг, дагъыстайнаг æмæ æндæртæ. Ансамбль «Амонд» йæ репертуармæ ирон кæфтыты æмрæнхъ æфсымæрон адæмты кæфтытæй цалдæр кæй бахаста, уый дæр у раппæлинаг хъуыддаг. Уы-мæн æмæ æндæр адæмтæм ахæм хъарм ахаст хорзæрдæм æндавы куыд, чи йæ æххæст кæ-ны, уыцы адæмы зондахаст æмæ хæлардзинадыл, афтæ ма кæй адæмы кафт æххæст кæ-нынц, уыцы адæмты зондахастыл дæр. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хорз ахастыты фæрцы рæсугъддæр æмæ фидардæр кæнынц дыууæ адæмты ахастытæ дæр. Мæнмæ гæсгæ, Плиты Заринæйы азербайджайнаг кафт уыцы бæстæйы цæрджытæ куы фениккой, уæд сæ уырнгæ дæр нæ бакæнид ирон чызг æй кæй кафы, уый.

«Чепена» æххæстгæнæг артисттæй сæ фæлтæрд æмæ арæхстдзинад  раппæлыны аккаг сты артисттæ Пæррæстаты Михаил, Кокойты Валери, Гобозты Гиви, Гаглойты Мурат, Къæбулты Георги æмæ æндæртæн.

Ансамбль «Амонд»-ы ис зарджыты къорд дæр, разамынд сын кæны Саппиаты Залинæ. Зарæггæнджытæ концерты цы фараст зарæджы сæххæст кодтой, уыдоныл концертмæкæсджытæ райдианæй кæронмæ æмбæлдысты  къухæмдзæгъдимæ. Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Икъаты Ибрагимæн та кухæмдзæгъд кодтой лæугæйæ.

Концерты фæстæ, цалдæр адæймагимæ ныхас кодтон, зæгъын, куыд фæцыди уæ зæрдææ, æмæ уыдонæй алчи дæр  загъта сæрыстырдзинады ныхæстæ, се ‘ппæлæн ныхæстæн кæрон нал уыд. Сæ иу, Джиоты Агуындæ, банысан кодта, зæгъгæ, изæр æмæ концерты тыххæй хъæуы æрмæстдæр сæрыстыр, арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъын.

Концерты фæстæ районы культурæйы управленийы разамонæг Гаглойты Ростикимæ куы ныхас кодтон, уæд банысан кодта, райгонд кæй у артисттæй, фæлæ æппæты фылдæр та бацин кодта, зал йемыдзаг кæй уыд адæмæй, ууыл. Уымæн æмæ цы æхцайы фæрæзтæ æртымбыл, уыдонæн сæ ахъаззаг хай  хардз æрцæудзæнис, абон Донбасы, фашизм скуынæг кæныныл цы ирон лæппутæ тох кæнынц, уыдоныл.

Ацы концерты размæ дæр куыд нæ хъуыстон Цхинвалы районы къультурæйы управленийы æнтыстытæ æмæ хорз куысты тыххæй, фæлæ ансамбль «Амонд»  ахæм фæлтæрд æмæ цæттæдзинад равдисдзæнис, уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ залы цы бирæ адæм уыд, уыдон æмæ газет «Хурзæрин»-ы редакцийы кусджыты номæй, сæ иузæрдион архайд æмæ куысты тыххæй бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъын Цхинвалы районы Культурæйы управленийы разамонæг Гаглойты Ростик, ансамбль «Амонд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг, Кæсæг-Балхъары æмæ Хъæрæсе-Черкесскы сгуыхт артист, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Санахъоты Сосланæн, ансамблы вокалон къорды къухдариуæггæнæг Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй ма Абхазы республикæты сгуыхт артист Дыгъуызты Владимирæн.

 

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.