Уалыты Нинæ музыкалон инструменталон ансамбль «Айзæлд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг куы ссис, уæд уавæр Хуссар Ирыстоны уыд тынг мæгуырау, Ирыстонмæ алырдыгæй лæбурдтой гуырдзиаг фыдгæнджытæ, арæзтой алыгъуызон зындзинæдтæ. Ахæм уавæрты кусын, исты аразын та хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд.

Ацы зындзинæдтæ кæд Нинæйы хъуыдытæ æмæ фæндтыл бирæбæрцæй æндæвтой, уæддæр сæххæст кодта, йæ разы цы хæс сывæрдта, уый. Ансамбль саразыны хъуыддаджы йын стыр æххуыс бакодтой Хуссар Ирыстоны уæды Культурæйы министр Дзуццаты Тамерлан æмæ горæт Цхинвалы къультурæйы хайады сæргълæууæг Харебаты Тимур. Культурæйы министрад уæд «Айзæлд»-ы коллективæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта, уыдонæй ансамблæн æлхæд æрцыд дзаумæттæ æмæ музыкалон инструменттæ, кæцытæй абон дæр пайда кæнынц æнтысгæйæ. Хъæуæг документтæ саразын æмæ коллектив сæхи концерттæм кæм цæттæ кæной, ахæм бынаты фарст та аскъуыддзаг кодта Харебаты Тимур. Уый ма уыд ансамблы номæвæрæг дæр æмæ активон хайад райста коллектив æрæмбырд кæныны хъуыддаджы дæр.

Коллективы уæнгты фылдæр хай уыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд»-ы раздæры артисттæ. Сæ иу хай та Хуссар Ирыстоны æвзонг фæсивæдæй музыкалон ахуырад æмæ зонындзинæдтæ кæмæ уыд, алыгъуызон музыкалон инструментимæ архайын кæй бон уыд, ахæмтæ.

Уæдæй  рацыд дыууын æхсæз азы æмæ коллектив куыд фылдæр кодта, афтæ азæй азмæ фылдæр кодтой  йе ‘нтыстытæ дæр.  Нæ республикæйы цы бæрæгбонон концерттæ вæййы, уыдонæй хайад кæм райсы, уыдоны барухс кæны музыкæуарзаг адæмы зæрдæтæ.

Коллективæн абон йæ репертуары ис стай музыкалон уацмысæй фылдæр. Се ‘хсæн сты Гæзданты Булат, Æлборты Феликс æмæ æндæр ирон композиторты уацмыстæ. Афтæ ма ансамблы репертуары ис А.Хачатурян, А.Бабаджанян, Ж.Гарвард, О.Туссен æмæ æндæр композиторты уацмыстæ. Фыццаг концерт коллектив радта Республикæйы боны цытæн 1997 азы. Фæстаг азты та сæ арæхстдзинæдтимæ зонгæ кæнынц куыд нæ горæты цæрджыты, афтæ ма Ленингор  æмæ Знауыры районты цæрджыты дæр.

Сæ раппæлинаг архайдæй ма 2017 азы Дзæуджыхъæуы дæр барухс кодтой музыкæйæн табугæнджыты зæрдæтæ. Уæд Концерт равдыстой Дзæуджыхъæуы филормонийы æмæ сын алы музыкалон номыры фæстæ дæр залы уæвджытæ кодтой дæргъвæтин къухæмдзæгъд.

Уымæй дарддæр ма ансамбль 2017 азы хайад райста Санкт-Петербурджы цæуæг музыкалон фестиваль «Музыка без границ»-ы дæр. Ам нæ артистæ хорз цæттæдзинад æмæ професcионалондзинад кæй равдыстой, уый бæрæг у уымæй дæр æмæ ансамбль ссис фестивалы уæлахиздзау. Йæ ахæм стыр æнтыстыты тыххæй ансамблæн уыцы  азы лæвæрд æрцыдис Паддзахадон ансамблы статус.

Цалдæр азы размæ та ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нинæйæн лæвæрд æрцыдис Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми. Ацы цауы тыххæй Нинæ йæхæдæг афтæ зæгъы:

– Кæй зæгъын æй хъæуы, тырныдтам ахæм стыр номмæ, фæлæ махæй дарддæр преми райсынмæ йæ документæ чи бавдыста, уыдон цауддæр нæ уыдысты æмæ нæ цасдæр-бæрцæй уырнгæ дæр нæ кодта, фæлæ табу хуыцауæн, къамисы уæнгтæ махæн скодтой стырдæр аргъ.

Коллективмæ фыццаг чи ‘рбацыд æмæ йын абон дæр йе ‘нтыстытыл бæрзонд чи хæцы, уыдоны ‘хсæн сты Куыдзеты Агуындæ, Бикойты Зæлинæ, Гатыгкоты Жанна æмæ æндæр-тæ. Сæ иу – Хуыгаты Полинæ коллектив æмæ разамонæджы тыххæй афтæ зæгъы:

– Нæ æнтыстыты сæйрагдæр  рахæцæнтæ сты коллективы æмуддзинад æмæ нæ алчи дæр йæ професси кæй уарзы, стыр аргъ ын кæй кæны, уыцы миниуджытæ. Ацы хъуыд-дæгты буц æмæ сæрыстыр стæм нæ аивадон къухдариуæггæнæгæй. Уый фæрцы махæй алчи дæр куысты йæхи нымайы амондджыныл.

Æввахс рæстæджы коллективы раз лæууы стыр æмæ ахсджиаг хæстæ. Хайад райсдзæнис ног сæвзæрстгонд Президенты инаугурацийы концертон программæйы. Уый фæстæ та сæхи бæстон цæттæ кæнын райдайдзысты æввахс рæстæджы сын нæ горæты цы солон концерт уыдзæнис, уымæ.

  Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.