Алы адæймагæн дæр уæлдай æхсызгон вæййы нæ кæстæртæн сæ ахуыры хорз æнтыст куы вæййы. Ацы бонты дæр зæрдиагæй бацин кодтой нæ ахуыргæнинæгтæ æртæйæ – Миделаури Алыксандр, Козаты Аннæ æмæ Цхуырбаты Анастасия. Уыдон ахуыр кæнынмæ бацыдысты Санкт-Петербурджы консерваторийы цур Н. А. Римский-Корсаковы номыл ахуыргæнæндонмæ. Ацы зынгæ музыкалон ахуыргæнæндонмæ нæ республикæйæ ахуыр кæнынмæ ацыдысты фыццаг хатт. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ йæ рæстæджы уый каст кæй фæцис Гергиты Валери дæр. Уæлдæр банысангонд æвзонг адæймæгтæ ахуыр кодтой нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы æмæ гимнази «Альбион»-ы, афтæ ма сты, 2-æм астæуккаг скъолайы цы музыкалон студи «Бонвæрнон» уæвынад кæны, уый рауагъдонтæ дæр.

Н.А. Римский-Корсаковы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны студенттæ суæвгæйæ, уыдон æрыз-дæхтысты сæ Райгуырæн бæстæм. 7-æм июлы сæ йæхимæ райста нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид. Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик,  Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ сывæллæтты ныййарджытæ. Фембæлды рæстæджы сын Тыбылты Леонид загъта арфæйы ныхæстæ, кæй систы зынгæ ахуыргæнæндоны студенттæ, уый тыххæй.

– Мæнæн тынг æхсызгон у, нæ сывæллæттæ сæхи  хорз кæй равдыстой, уый. Мæ зæрдæ сын зæгъы сæ дарддæры ахуыры ноджы фылдæр æнтыстытæ, мæн ныфс ис, не ‘взонг хæлæрттæ фидæны Ирыстоны кæй базонын кæндзысты дунейæн, куыд Гергиты Валери, Дудараты Вероникæ, Джиоты Вероникæ æмæ æндæртæ. Æхсызгон ма ма мын у, нæ республикæ кæд бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, уæддæр нæ кæстæр-тæ уымæ нæ кæсгæйæ, размæ царды бæрзæндтæм кæй тырнынц.

Æвзонг хæлæрттæ, уæ ахуыры æмæ аивадон архайды дарддæр дæр нæ зæрдæтæ куы рухс кæнат, уæд нæ республикæйы къухдариуæгад кæддæриддæр уæ фарсмæ лæудзæнис.

РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ацы зынгæ музыкалон ахуыргæнæндоны студенттæ æрмæст музыкæйы хъуыддажы не сты цæттæ, фæлæ æппæт предметтæй дæр. Уымæ гæсгæ мах ныфс ис, уыдонæн сæ бон кæй суыдзæнис аккагæй равдисын æрмæст музыкалон ахуырады нæ, фæлæ нæ ахуырады системæ иумæйагæй, – загъта йæ раныхасы Гасситы Натали.

Студенттæ сæхи рады загътой бузныджы ныхæстæ нæ республикæйы хицауадæн сæ аудындзинады тыххæй. Афтæ ма дзырдтой сæ зæрдæйы тæлмæнтæ æмæ бæллицтыл. Загътой, зæгъгæ  сæ фидæны фæнды зынгæ музыканттæ суæвын.

Ныййарджыты номæй та раныхас кодта Бекъойты Иринæ. Уый дæр бузныг загъта нæ Президенты номæй республикæйы иннæ разамонджытæн Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауырæн æмæ æндæртæн.

Бузныджы ныхæстæ ма загъта сæ сывæллæтты ахуыргæн-джытæн, куыд скъолайы, афтæ нæ горæты музыкалон ахуыргæнæндоны æмæ музыкалон студи «Бонвæрнон»-ы ахуыргæнджытæн.

Кæронбæттæны Президент Тыбылты Леонид фидæны музыканттæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.