Газет «Рæстдзинад» рагæй дæр мæ уарзон газет у. Æрвылбон дæр æм æнхъæлмæ кæсын, кæд та рахиздзæн Ручъы тоннелæй, цы ног хабæрттæ та æрхæсдзæн Хуссармæ. Фыдæнхъæл нæ фæвæййын, бирæ хорз уынаффæтыл дзы сæмбæлын.

Мæнæ та мæм æрхæццæ 15 октябры номыр. Бирæ диссаджы хабæрттæ дзы ис: Къостайыл, Кавказы хæстыл 80 азы, фæлæ тынгдæр мæ цæст æрывæрдтон г. «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барисы æрмæгыл. Æрмæг егъау нæу, ис ын «хъусинаг»-ы ахаст, ракодта нын зæрдæрухсгæнæг ног хабар. Дзырдæуы дзы: Лалыты Левæйы куырыхон хъуыдыйыл — Лева сфæнд кодта, цæмæй Ручъы æфцæджы туннелæн «Йæ Цæгаттаг бацæуæны æвæрд æрцæуой бюстытæ, йæ саразыныл зæрдиагæй чи бакуыста, уыцы разагъды лæгтæн — Гаглойты Рутен, Къоста, Плиты Иссæ æмæ Хъæбæлоты Биларæн».

Ацы рæнхъытæ фыссæг хорз зонгæ у Лалыйы фыртимæ, йæ бакæнгæ хъуыддæгтимæ, куырыхон æмæ дардмæ уынаг у, Хуыцау ын бирæ азты цæрæнбон радтæд. Левæ цы сфæнд кодта, ууыл Иры дыууæ хайы дæр рагæй дзурынц, æмæ ныр кæд хъуыддагмæ рахизиккой. Кæуылты лæгдзинад у Левæйæн, ацы хъуыддаг ын куы бантыса, уæд.

Цыбыртæй мæ зæгъын фæнды: Гаглойты Рутен йæ цард радта ацы фæндаджы сæрвæлтау. Йæ сæйраг бæллиц уыд: «Сихор куы хæрин æз Дзауы — æхсæвæр Дзæуджыхъæуы». Къостайæн Ир иу уыд. Сæ дихы кой йæм нæдæр ис. Фæндаг та уыдис йе стыр бæллицтæй иу. Плиты Иссæйы тыххæй та зонын хъæуы, кæй йын бантыст (Малиновскиимæ, мæхицæн дзырдта ацы хабар) Мæскуыйæ бар æмæ фæрæзтæ райсын, фæндаг æмæ тоннел саразыны тыххæй.

Хъæбæлоты Билар — лæгау-лæг уыд, Цæгат Иры сæргълæууæг, йе стыр æххуысы хай кодта ацы фæндагæн, цалынмæ сырæзт, уæдмæ. Зонын хъæуы Калоты Зауырбеджы дæр, цырт ын æнæхъуаджы æвæрд не ’рцыд ацы фæндаджы был.

Рутен райдыдта ацы тоннель. Ручъы сæрмæ фыццаг срæмыгъд кæм уыд, уый дзыхъхъæй баззад, сзад дзы иу тала. Бæлццæттæй алчидæр бацамоны ацы бынат. Ныр ацы бюстыты рæгъæй куы феной, уæд сæ цин æмæ сæ дисæн кæрон нал уыдзæн. Дæс хатты бæрзонддæр схиздзæн Левайы ном, уæд бæстондæрæй бакæсдзысты Черчесты Хъасболат æмæ Тъехты Тамерланы чиныг Левæйыл — «Хæлардзинады аивад».

Диссагыл дис ничиуал кæны. Левæ легендæты лæг у ирон адæмæн, йæ уæззау хъысмæт иуварс æрæвæрдта æмæ цæстуарзонæй бав-нæлдта йæ дзыллæйы хъуыддæгтæ банывыл кæнынмæ.

Фæндаг куыд æнусон бæллиц уыд Ир æмæ Ирæттæн, ахæм стыр бæллиц сын у ацы бюсттæ фенын дæр.

Ацы хъуыддаг куы сырæза, уæд та Ирыл ног хур ракæсдзæн, уæд сæ цæсты ацы фæндаджы кад фондзыссæдз хатты фæбæрзонддæр уыдзæн, уæд Левæйы лæгдзинæдтæн аргъгæнæг аргъ скæнын нæ бафæраздзæн.

Хуссар Ирæн ацы фæндаг сæ ирвæзынгæнæг у æмæ йæ сæрыстырæй хонынц ЦАРДЫ ФÆНДАГ. Къаддæр ыл нæ фæцин кодтой Цæгаты Ир дæр. Ацы фæндаджы руаджы дихгонд Ирыстон кæрæдзимæ тынг æрбаввахс. Хуыцау ын радтæд ахæм амонд, рæхджы дыууæ Ирмæ иу номæй цы дзурæм, нæ тырысатæ, нæ гимнтæ нæ гербау иугъуызон цы суой.

Уыцы стыр бæллицтæн ацы бюстты сæвæрд уыдзæн егъау, æнæфехалгæ бындур.

Ирыстон! Дæ хæрзгæнджыты фæндиаг у! Развæлгъау бузныг Левæйæн.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.