Адæм бирæ, тынг бирæ сты, фæлæ дзы цырты аккаг иугæйттæ свæййынц. Уыдон, Пушкин йæхæдæг йæхицæй куыд загъта, афтæмæй сæхæдæг сæхицæн саразынц цырт, сæ курдиаты тыхы, сæ æнæрынцой, æвæллайгæ архайды руаджы. Скульпторæн та бантысы æрмæстдæр дурдзыртæй йæ фæлгондз разынын кæнын, цæмæй кæса дунемæ, цардмæ, фæлтæртæ фæлтæрты куыд ивынц, уымæ.

Ирон адæмæй фыццаг хатт цырты аккаг чи сси, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд нæ гениалон поэт, ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста. Къоста йæ цардæй æнæрæстæджы куы ахицæн, уæд Иры разагътайы адæймæгтæ фарст æвæрын райдыдтой æмæ архайдтой, цæмæй Къостайæн арæзт æрцыдаид цырт. Ацы хъуыддаджы активон хайад истой адæм сæхæдæг дæр. Æхца æмбырд кодтой куыд ирæттæ, афтæ æндæр нациты минæвæрттæ дæр. Æмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ Дард Скæсæны, Бакойы, Калачы æмæ æндæр рæтты цæрæг ирæттæ дæр. Фæлæ, хъыгагæн, дыууын азæй фылдæр бахъуыд, цæмæй йын йæ мæлæты фæстæ æвæрд æрцыдаид цырт.

Хуссар Ирыстоны гениалон поэтæн цырт сæвæрдтой Цхинвалы 1940 азы.

Уæдæй рацыд 76 азы. Уæдæй фæстæмæ Къоста йæ дурдзыртæй каст нæ хистæр фæлтæры вазыгджын историон фæндагмæ.  Каст нæ адæмы абоны фæлтæры трагикон хъысмæтмæ дæр. Нæ уæззау азты та йæ поэтикон рæнхъытæ хъарæгау зæлыдысты саударæг мæдты, æфхæрд адæмы зæрдæты. Уыцы тугуарæн азты, уæлдайдæр та 2008 азы августы бонты, Къоста уыд немæ, ног зæлынад райстой йæ катайаг хъуыдытæ йæ адæмы тыххæй æмæ сæ разæнгард кодта, стыр аргъ кæмæн кодта, уыцы сæрибармæ, рухсмæ.

О, Къоста немæ уыд йæ уацмысты, йæ цырты, æмæ нын кæд нæ горæты æхстой алыгъуызон нæмгуытæй, снарядтæй, йæ уынгты хæлдысты минæтæ, уæддæр Хуыцау разынд цырт хъахъхъæнæг. Йæ алыварс бæлæсты къалиутæ згъæлдысты, цæнкуылтæ сæ кодта знаджы нæмыг, фæлæ уыдонæй иу дæр нæ бауæндыд Къостайыл аныдзæвын, фæхъæн æй кæнын.

Къоста уыдзæн фидæны фæлтæримæ дæр. Цæудзысты ноджыдæр азтæ, фæлтæр ивдзæн фæлтæры æмæ сæм кæсдзæн Къоста, сæ цинтыл сын цин кæнгæйæ, сæ хъыгтыл та – хъыг. Уый цæрдзæнис се ‘хсæн, цалынмæ йæ базырджын хъуыдытæ, йæ æнæмæлгæ уацмыстæ цæрой, уæдмæ. Йе сфæлдыстад махæн абухгæ суадонау у. Алырдæм дæр гæнæн ис фæндаг фехæла, фæлæ суадонмæ – нæ. Уырдæм алы рæттæй цæуынц фæндæгтæ. Алчи дæр æм æрбаздæхы ног æмæ ногæй. Афтæ у Къоста дæр.  Ирон лæгæн саби райгуыры æмæ схъомыл вæййы Къостайы «а-ло-лай»-ы зарджытыл, са-битæн фыст æмдзæвгæтыл. Дарддæр дæр йæ цардвæндагыл фæцæуы Къостайы сфæлдыстадыл. Уымæн æмæ йæ алы уацмыс дæр зæрдæйæ гуыргæ у. Зæрдæйæ гуыргæ цы уа, уый та зæр-дæмæхъараг у, зæрдæйæн хицон у. Æмæ афтæмæй Къостайы сфæлдыстадæй нæ дойны, не ‘ххормаг басæттæм. Тырнæм Къостайы фæзмынмæ, йæ фæдзæхстытæ, йæ зондамындтытæ йын æххæст кæнынмæ. Æмæ уый бирæбæрцæй къухты æфтгæ дæр кæны. Зæгъгæ, нæ уыд Къоста, нæ уыд йæ цард, йæ архайд, йе сфæлдыстад, уæд, æнæмæнг, удварны, хæрзæгъдауы æмвæзадмæ абон не схызтаиккам. Уыцы фæндагыл нæ æфтыдта, куы цард, уæд; уыцы фæндагыл нæ æфтауы абон æмæ нæ æфтаудзæн сомбон дæр.

Æнæбын хæзнадон у махæн, йæ радтæг адæмæн, Къоста. Кæд æнусы размæ цард, уæддæр, цас рæстæг размæ цæуы, уыйас нын йæ ном уарзонæй уарзондæр кæны. Зын нын куы вæййы нæ историон фæндагыл, уæд бирæ судзаггаг фарстытæн дзуаппытæ уымæ фæагурæм, уымæй сæ фæдомæм æмæ сæ ссарæм.

Къоста! Йæ уаз цардыл бирæ æрцыдис фыст, фысдзысты йыл ноджыдæр, иртасынц ын йæ цард, йе сфæлдыстад ахуыргæндтæ – иртасдзысты сæ ноджыдæр. Къостайы ном сæ зæрдæты хæсгæйæ, аргъуанмæ цæуæгау кæддæриддæр цæудзысты адæм йæ цыртмæ. Цæудзысты йæм, цæмæй сын ахъаз кæна сæ удты сыгъдæг кæнынæн, сæ удты сæрибардзинадæн, сæ удты рæсугъд кæнынæн. Уыцы ныфс стыр æвидийгæ у нæ адæмæн.

Къостайæн йæ генион зонд – Фыдыбæстæйæн æрмæст нæ Иры нæ равзæрста. Фыдыбæстæйæн равзæрста æгас дун-дунейы æмæ æппæт йæ парахат зæрдæйы хорздзи-нæдтæ йæ цæст уарзта æгас дунеты адæмтæн, сæрибардзинады, уарзондзинады, æнгомдзинады идеалтæ адæмты ‘хсæн фидар кæнгæйæ. Хурæн йæ чысыл тымбылæгæй рухс æмæ хъармдзинад куыд цæуы, афтæ Къостайæн та уыцы хъармдзинад цыд йæ чысыл, мæгуыр хæххон хъæу Нарæй, йæ адæммæ уарзондзинадæй.

Дунейы хъæбул Къоста дунейæн уымæн сси уарзон…

Бестауты Валя

 

                                      ЦГЪОЙТЫ Аринæ

КЪОСТАЙÆН

Цымæ дæ цы тых басгуыхын кодта Ирæн,

Цы монон хъæздыгдзинад ‘ндæвта дæуыл?

Къоста, сты дæ лæггæдтæ адæмæн бирæ,

Кæддæриддæр махæн нæ зæрдыл лæууыс.

 

Хæххон лæджы хъизæмар, сагъæссаг цардыл,

Йæ мæгуырдзинадыл – дæ сагъæс, дæ мæт.

Дæ тох уыд æппынæдзух адæмы бартыл,

Ныууагътай дæ фæстæ цæрæнбонтæм фæд.

 

«Фатимæ» нæ баппары уарзты цæхæры,

«Лæскъдзæрæн» кæсгæйæ кæнæм мах цыргъзонд.

«Кæуæг айнæг» Ирæн йæ кæмтты ныннæры,

«Æнæхай» нын амоны де ‘рдзон сконд.

 

«Ирон фæндыр» махæн – æвдисæндар царды,

Цы хæдзары нæй, уый ирон хæдзар нæу!

Нæртон дзырдтæй самадтай дурдзырт нæ кадæн,

Фыдæлты æвзагæн ныр амæлæн нæй.

 

Къоста! Ды нæ Ирæн æнусон фæтæг дæ,

Нæ мадæлон æвзагæн скодтай бындур.

Дæ номæй – сæрбæрзонд нæ рæзгæ фæлтæртæ,

Дæ кадæй нæ бæстæйыл ракасти хур.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.