Хъайтарты рухс нæмттæ мысгæйæ

Цыппæрдæс азы рацыд 2008 азы августы агрессийæ… Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыййас арфдæр æмбарæм, хæсты цæхæр фæндæгтыл чи рацыд, уыдон æцæг хъæбатыртæ кæй сты. Мах, Хуссар Ирыстоны адæм, кастыстæм мæлæты цæстытæм дæргъвæтин ссæдз азы. Фæлæ фæрæзтам, кæд уæззау рыст æмæ дудгæбæттæ æвзæрстам, уæддæр…

Гуырдзыстоны радон агрессийы бонтæ мысгæйæ нæ республикæйы цы фыдохы мадзæлттæ цæуы, уыдон адарддæр сты 8 августы. Мысæн мадзæлтты  хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, раздæры президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, парламенты депутаттæ, хицауады уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ.

«Сыгъд удты музей»

2008 азы нæ горæты бирæ сабырцæрæг æмбæстæгтæ лыгъдысты знаджы нæмыгæй. Фæлæ знаджы æфсæддон гæрзифтонг тыхтæ горæтмæ цæуæг фæндагмæ кæй æрбаирвæзтысты, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй бирæтæ фæмард сты знаджы нæмыгæй Тъбеты фæндагыл. Уыдон номыл Тъбеты хъæуы арæзт æрцыд «Сыгъд удты музей», кæцыйы экспонаттæ систы гуырдзыйы хæстон техникæйæ пырх æмæ сыгъд цы хæдтулгæтæ æрцыдысты, уыдон.

8 августы, боны уыцы сыгъдæг бынатмæ æрæмбырд сты хицауады уæнгтæ бæстæйы президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты минæвæрттæ,  æмæ нæ республикæйы æмбæс-тæгтæ. Уыдон веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой «Хъынцъым гæнæг бæласы» раз.

 

Тыхст удты æнусон казармæ

8-æм августы нæ республикæйы президент Гаглойты Алан æмæ нæ хицауады уæлдæр къухдариуæгад, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, 2008 азы знаджы уæззау цæф сæхимæ чи райстой, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты казармæйы раз. Агрессоры фыццаг цæф сæхиуыл банкъардтой уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ. Уыцы ран ма дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Галуанты Олегы цырты раз дæр. Ирон хъайтар фæмард йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ.

 

Æнустæм сæ ном уыдзæн нæ зæрдæты

Азтæ азты ивынц, фæлæ махæй рох не сты, уыцы уæззау бонты нæм æххуысмæ цы уæрæсейаг ирвæзынгæнæг хæстонтæ фæзындысты, æмæ, хъыгагæн, Хуссар Ирыстонмæ фæндаг мæлæты фæндаг кæмæн ссис,уыдоны нæмттæ. Уыдонæй сæ иу – уæрæсейаг афицер, хъайтар Денис Ветчинов. Уымæн нæ горæты  Шанхайы микрорайоны æвæрд æрцыд цырт. 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы уый, гуырдзиаг агрессортæн аккаг ныхкъуырд дæттгæйæ, хъæбатырæй фæмард знаджы нæмыгæй. Æрвылаз дæр ацы хъайтары рухс ном арыны сæраппонд бæстæйы къухдариуæгад бацæуынц æмæ хъайтары цырты раз сæвæрынц веноктæ æмæ дидинджытæ.

Нæ республикæйы къухдариуæгад, афтæ ма се ‘фсæдон æмбæлттæ, 8 августы веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой, Тъбеты хъæуы августы хæстон архайдтыты рæстæджы Гуырдзыстоны агрессорты къухæй нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæй æнæмсæр тохы, хъæбатырдзинад æвдисгæйæ сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы лæппуты иумиаг цыртыл.

Нæ ныры истори бирæ хъайтарты нæмттæ ныффыста йæ сыфтыл. Уыцы æнæмæлгæ хъайтарты ‘хсæн сты Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт. Уыдоны иумиаг цыртыл дæр 8 августы республикæйы къухдариуæгад сæвæрттой дидинджытæ æмæ веноктæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.