Парламент 16 февралы сесси банымадта закъононыл

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй 12 марты ауагъдæуыд Парламенты сесси, цыран хайад райста Президент Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй йæ ныфс ис закъондæттæг æмæ æххæстгæнæг хицауиуæгты ‘хсæн куыст кæй æрнывыл уыдзæн, уымæй æмæ Бекъойты Геннадийы ныхмæ чи схъæлæс кодта, уыдон рæхджы фæивдзысты сæ хъуыды. Президент конструктивон куыстмæ  æрсидт æппæт политикон партитæм.

«Æз цæттæ дæн Хуссар Ирыстоны æппæт политикон тыхтимæ кусынмæ. Хъусынгæнинæгтæ аразгæйæ æмæ уынаффæтæ исгæйæ, кæддæриддæр хъуамæ  хъуыды кæнай, бирæ туг цы пад-дзахады тыххæй ныккалд, уый авторитетыл, республикæйы суверенитеты тыххæй сæ цард чи радта, уыцы лæппутыл. Æппæт фарстатæ дæр скъуыддзаг хъуамæ цæуой закъоны фæлгæтты. Æз æппæт дæр араздзынæн паддзахады размæцыды тыххæй æмæ цæттæ дæн Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн куыстмæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Сессийы боны фæткы уыд авд фарстайы. Уыдоны нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны закъо-ны проект «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æмæ Мидхъуыддæгты министрадæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады æмæ Мидхъуыддæгты министрадæй сæрибар æрцæуæг æмбæстæгты сахъатдзинады факт банымайыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн арæзтæрцæуæг Сразыдзинады ратификацийы тыххæй», кæцыйы парламентариты размæ рахаста Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза. Ацы закъоны проекты тыххæй депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Уæрæсейы ацы документ ратификаци æрцыд 2021 азы 17 февралы йæ райста УФ Паддзахадон Думæ, 2021 азы 3 марты та йыл сразы УФ-йы Федерацийы Совет, ацы азы 9 марты документыл йæ къух æрфыста Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин.

Боны фæткы ма уыд  2021 азы 16 февралы Парламенты сессийы рабадт æнæзакъононыл банымайыны тыххæй фарст. Уый дæр раразмæ кодта  Дриаты Заза. Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæн сæ фылдæр уыцы рабадт банымадтой закъононыл, кæцыйы рæстæджы райст æрцыд паддзахады бюджет. Ацы фарсты фæдыл цыд карз дискусситæ.   Æргом хъæлæсæппæрсты рæстæджы сессийы æнæзакъононыл банымайыны тыххæй схъæлæс кодтой 11 депутаты, йæ ныхмæ та – 18.

Парламенты регламентмæ хъусдарды æдзухон къамисы сæрдар Мулдарты Гарри фарст радта, Парламенты сесситæ цы документмæ гæсгæ уагъд цæуынц, уый тыххæй.

Парламенты вице-спикер Плиты Александр банысан кодта, зæгъгæ, кæд 2004 азы регламент нымад цæуы æнæрастыл, информацион фæрæзты мыхуыр кæй не ‘рцыд, уый тыххæй, уæд 1995 азы регламент баззад йæ тыхы æмæ кусын хъæуы уыцы документмæ гæсгæ.

Депутат Габатты Алан банысан кодта, зæгъгæ, бюджет райсыны тыххæй уынаффæ ист æрцыд уый тыххæй, цæмæй пенсиисджытæ, иуæй-иу министрадты æмæ ведомстивоты кусджытæ райсой пенситæ æмæ сæ мыздтæ, æмæ æндæр социалон бафыстытæ. Раст зæгъгæйæ та, депутаттæ хъуыды кодтой республикæйы адæмы хæрзиуæгыл.

Сæвзæргæ уавæрæй рахизыны тыххæй депутат Диакъонты Амиран бахаста ахæм фæндон – æхгæд æрцæуæд 16-æм февралы райстæрцæуæг уынаффæ, кæцыйы райстой æрмæстдæр 18 депу-таты, æмæ ист æрцæуæд кворумы уавæрты. Ацы фарст раразмæгонд æрцыд хъæлæсæппæрстмæ æмæ фылдæр хъæлæстæй (30-æй 18) иуварсгонд æрцыд.

Сессийы уынаффæ цыд æндæр фарстатыл дæр.

СИУКЪАТЫ А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.