РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бабæрæг кодта Ленингоры районы Цъинагар (Æмдзæрин) æмæ Орчъосаны хъæутæ.  Йемæ уыдысты Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Давид, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексей æмæ йæ хæдивæг Дриаты Гамлет.

Йæ балцы рæстæджы Тыбылты Леонид бацыд Цъинагары хъæуы скъолайы кары агъоммæйы ног уагдонмæ, цыран базонгæ куыстыты цыдимæ, бацымыдис кодта иумиаг уавæрмæ æмæ базонгæ ис сæвзæргæ проблемæтимæ. Уагдоны директор Гуссойты Эммæ фехъусын кодта, зæгъгæ, сын ис ифтонггæрзтимæ баст иуæй-иу проблемæтæ. Йæ рады, Президент баныфсæвæрдта, зæгъгæ, сывæллæтты цæхæрадонæн æлхæд æрцæудзысты, цух цы ифтонггæрзтæй сты, уыдон – хъазæнтæ, хъæзтытæ æмæ музыкалон синтезатор, цæмæй сывæллæттæ æмбæлонæй архайой музыкæйæ.

Дзырд цыд сывæллæтты фæзуаты фарсты тыххæй дæр. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, уый ныридæгæн æлхæд æрцыд æмæ боныгъæд фадат куы радта, уæд æй æрбаласдзысты æмæ æвæрд æрцæудзæн. Фембæлды рæстæджы ныййарджытæ дæр лæвæрдтой фарстытæ, уыдонæй иу хаудта бирæсывæллонджын бинонты льготæтæм, сæрмагондæй, коммуналон лæггæдты льготæтæм. Президент бахæс кодта Хицауадæн, цæмæй бакусой ацы фарстыл.

Уый фæстæ Тыбылты Леонид бацыд Цъинагары астæуккаг скъоламæ, цыран фембæлд хъæуы цæрджытимæ. Паддзахады сæргълæууæг сын радзырдта фæстаг фондз азы республикæйы, уыцы нымæцы районты дæр социалон-экономикон рæзты планы уæлдай ахсджиагдæр æнтыстыты тыххæй. Уый ма бацымыдис кодта, хъæуы цæрджытæ цы проблемæтыл æмбæлынц, хъæу куыд цæры, уымæ дæр. Йæ рады, цæрджытæ раарфæ кодтой Президентæн йæ хъусдарды тыххæй. «Ленингормæ мæ балцы рæстæджы æруынаффæ кодтам, районы цы проблемæтæ ис, уыдоныл, кæцыты мах цадæггай аскъуыддзаг кæндзыстæм. Уымæн æмæ махæй алкæйы дæр фæнды, цæмæй Ленингоры район размæ цæуа», – загъта уый.

Ныхас кæныны рæстæджы Президент æр-дзырдта Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыс-тады фарстытыл дæр, кæцыйы ‘руаджы арæзт цæуынц социалон нысаниуæджы ног объекттæ. Уый лæмбынæг радзырдта 2016 азы Уæрæсейы Президентимæ йæ фембæлды тыххæй, кæцыйы рæстæджы уынаффæ кодтой республикæйы рæзтæн æххуысгæнæг алыгъуызон фарстытыл. «Æз ма фембæлдтæн ПАО «Газпром»-ы Правленийы Сæрдар Алексей Миллеримæ. Боны фæткы сæйраг фарст уыд, Хуссар Ирыстонæн дарддæры газификацийæн баххуыс кæнын. Алы район æмæ æппæт хъæутæн дæр хъуамæ фадат уа æрдзон газæй пайда кæнынæн», – банысан кодта уый.

Паддзахады сæргълæууæг ма бацымыдис кодта, сæ хæдзæрттæм дон цæуы æви нæ, уымæ. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, зымæджы дон арæх ныссæлы. Президент æмбæлон бардзырд радта, цæмæй æввахс рæстæджы бынаты уагъд æрцæуой æппæт æмбæлон архайдтытæ, донæй сифтонг кæныны уавæр аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æмбæстæгты хъуагдзинæдтæ алы хатт дæр, лæууыдысты æмæ лæудзысты æппæт хицауа-дон программæты приоритеты, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы куыст банысан кæнгæйæ, цыран скъуыддзаг цæуынц республикæйы рæзтæн нысаниуæгджын æмæ ахсджиаг социалон-экономикон фарстытæ.

«Махæн ис бирæ плæнттæ. Сæрмагондæй, Æхсæнхицауадон къамисы фæстаг рабадты æвæрд æрцыд хæслæвæрд, цæмæй марты мæймæ бацæттæгонд æрцæуа ног Инвестицион программæ 2018-2019 азтæн, нырма нын рæстæг ис районтæм хауæг фæндæттæ æрбавдисынæн», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад дарддæр дæр тырндзæн уымæ, цæмæй цардуагон архайды æппæт фадгуытæ дæр, афтæ ма æхсæнады алы адæймаг дæр районты сæхи хатой хорз. «Мах тырндзыстæм царды гъæд фæхуыздæр кæнынмæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Президент ма бацымыдис кодта иурæстæгон бафыстытæ æмæ фæфылдæргонд куыстмызд куыд лæвæрд цæуы, уымæ. Хъæууон хæдзарады фарстытæм рахизгæйæ, Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, 250 милуан сомы хицæн æрцæудзысты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзтæн куыд горæты, афтæ республикæйы районты дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы финансон фæрæзтæ феххуыс уыдзысты хъæууон хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæнынæн.

Ахуырады фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, спортивон залы арæзтадæн закъаз æрцыд проект. «Зал арæзт æрцæудзæн скъолайы территорийыл», – загъта уый.

Банысангонд æрцыд, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы районты иу скъола дæр æхгæд не ‘рцыд, кæд æмæ фарстытæ уыд иуæй-иу кълæсты фаг ахуырдзаутæ кæй нæ уыд, уый тыххæй, уæддæр. «Махæн нæй скъолатæ æхгæныны бар æмæ тырнæм, цæмæй ахуырады фадыджы æппæт дæр уа æмбæлон æмвæзадыл, фæнды скъолатæ, фæнды уыдонмæ цæуæг фæндæгтæ».

Дзырд ма цыд, Цъинагары хъæууон клубы капиталон цалцæг скæныны фарстыл дæр. Паддзахады сæргълæууæг бамбарын кодта цæрджытæн, зæгъгæ, ацы аз бæрæг æрцыд арæзтадон программæ. Фæлæ, уæлдæр куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ 2018-2019 азтæн ног программæмæ хаст æрцæудзысты арæзтадмæ хауæг фæндæттæ. Уый баныфс æвæрдта, зæгъгæ, хъæууон клубы бæстыхай хаст æрцæудзæн ног программæмæ.

Цæрджытæ цымыдис кодтой хъæууон клубы фойейы æмбæлон ифтонггæрзтимæ æмæ хъæрмадон системæимæ тренажерон зал саразыны гæнæнтыл. Президент бахæс кодта, цæмæй дæс боны æмгъуыдмæ бацæттæ кæной æппæт æмбæлон документтæ æмæ хыгъдтæ, æмæ фыстæй бавдыст æрцæуой йæ администрацимæ.

Цъинагары цæрджытимæ фембæлды кæрон Тыбылты Леонид дидинджытæ сæвæрдта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мемориалыл.

Уый фæстæ фембæлд Орчъосаны хъæуы цæрджытимæ. Хъæуы цæрджыты проблемæты тыххæй радзырдта хъæууон администрацийы сæргълæууæг Хозиты Алан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, хъæумæ электроэнерги бауадзыны куыстытæ кæронмæ фæуд кæнынц, электроиф-тонгады уавæр бирæ хатты фæхуыздæр. Фæлæ, сæм нæй уынгты æхсæвыгон рухс. Ахæм проблемæ актуалон у Цъинагары дæр. Президент бахæс кодта, цæмæй æввахс рæстæджы æвæрд æрцæуой уынгты рухсы цырæгътæ.

Хозиты Алан радзырдта арæнгæрон зæххыты проблемæйы тыххæй дæр. Сæрмагондæй, уый банысан кодта, зæгъгæ, арæнты демаркаци уагъд куы цыд, уæд цæрджытæй бирæтæн сæ зæххытæ баззадысты арæнæн æддейæ.

«Мах стæм суверенон паддзахад, кæцыйæн ис арæнтæ. Фæлæ ацы проблемæ æнæмæнгæй хъæуы аскъуыддзаг кæнын. Æмæ уыцы зæххыты бæсты, кæцытæ  баззадысты иннæ фарс, лæвæрд цæудзысты æндæр зæх-хытæ. Уый иунæг проблемæ нæу… Уымæ гæсгæ хæс кæнын Ленингоры райо-ны администрацийы сæргълæууæгæн, цæмæй сараза æмæ æрбавдиса, ацы категоримæ чи бахаудта, уыцы цæрджыты номхыгъдтæ», – загъта уый.

Орчъосаны хъæуы цæрджытæн уæлдай æхсызгондæр уыд уый, æмæ 2017 азы хъæуы кæй райдайдзæн астæуккаг скъолайы æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты арæзтад. «2017 азы ам райдайдзыстæм ног скъола æмæ сы-вæллæтты цæхæрадоны арæзтад. Мах сæ хъуамæ саразæм нырыккон домæнтæм гæсгæ», – банысан кодта уый.

Сæ рады, бынæттон цæрджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, ахæм ахсджиаг объектты фæзынды руаджы, хъæумæ ныридæгæн здæхынц адæм. Зæгъæм, Цæгат Ирыстонæй æрæджы æрыздæхтысты бирæсывæллонджын бинонтæ.

Хъæуы цæрджытæ ма цымыдис кодтой агротехникæйы уавæрмæ дæр, кæцы сын арæх нæ фæфаг кæны. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, ис баиугæнд паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагросервис», кæцы хицæн кæны техникæ. «Хъæууонхæдзарадон куыстытæ куы райдайой, уæд ацы фирмæ Ленингоры районæн рахицæн кæндзæн иугай иуæгтæ техникæ, сæрмагондæй, бацамынд хъæутæн. Фæлæ, æз куыд банысан кодтон, уымæ гæсгæ мах аразæм программæ 2018-2019 азтæн, уырдæм æнæмæнгæй хаст æрцæу-дзысты техникæ самал кæныны гæнæнтæ дæр», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Фембæлды кæрон Президент раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн сæ фарстаты тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр кусдзысты ацы здæхты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæстон æрцыд Уæрæсеимæ динамикон æмгуыстад, кæцыйæн ныридæгæн ис æнтыстытæ, æмæ ацы æмархайды рæзты руаджы Хуссар Ирыстоны царды уавæртæ кæндзысты æрмæстдæр хуыздæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.