Ацы бонты Цхинвалы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд ног фондзуæладзыгон цæрæн хæдзар. Уый сырæзт, 2008 азы августы хæсты рæстæджы тынг чи бахъыгдард æмæ цæрынæн чи нал бæззыд, уыцы фондзуæладзыгон хæдзары бынаты.

25 ноябры ам цытджын æгъдауæй фатерты дæгъæлтæ радтой дыууæ бинонтæн. Цытджын церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, республикæмæ кусæгон балцы æрцæуæг, фæсарæйнаг бæстæтимæ æхсæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл Уæрæсейы Президенты управленийы хистæр Игорь Маслов, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард радзырдта цæрæн хæдзары  арæзтады  тыххæй.  Банысан  кодта,  йæ аразæг чи уыдис, уыцы арæзтадон фирмæ «СТМ-ЮГ»-ы намысджын куыст.

«Цæрæн хæдзары æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцыдис комфортонæй цæрынæн. Кæрты æвæрд æрцыдис трансформаторон пункт. Ис дзы донцъирæн станц цæрджыты донæй нæкъуылымпыйæ ифтонг кæныны тыххæй», – банысан кодта министр.

Бибылты Анатоли æмæ Игорь Маслов азылдысты хæрзарæзт фатерты, стыр аргъ скодтой, цæрынæн сæ цы уавæртæ ис, уымæн, æмæ сæ чи æрцæра, уыдонæн сæ цæст бауарзта æнæниздзинад æмæ амонд. «Мæ цæст уарзы, цæмæй фатерты чи æрцæрой, уыдон дзы амондджынæй цæрой, нысан кæной бæрæгбонтæ, гуырæнбонтæ, цæрой кæрæдзи æмбаргæйæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Игорь Маслов ног сырæзгæ хæдзары рахуыдта уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмархайды ирд цæвиттон. Æппæт дæр арæзт æрцыд хорз æмвæзадыл æмæ цин кæнын йæ фидæны цæрджыты циныл. Банысан кæнын æмбæлы республикæйы хицауады эффективон куыст арæзтад организаци кæныны фæдыл», – банысан кодта уæрæсейаг чиновник.

Ацы хæдзары бынаты цы хæдзар уыд, уымæн йæ хъысмæт трагикон рауад. 2008 азы августы хæсты рæстæджы, знаджы хæстон техникæйы æнæрынцой æхстыты бын чи бахауд, уыдонæй сæ иу уыд. Йе ‘мбис бынтондæр басыгъд. Йæ сæндидзын кæныны тыххæй 2009 азы рахицæн æрцыдысты бæрæг фæрæзтæ, фæлæ цалцæг æрцыдыстты æрмæстдæр фатерты иу хай. Бирæ азты дæргъы ацы хæдзар лæууыдис æрдæгпырхæнтæй. Цæрджытæ тарстысты сæ цардæн, уымæн æмæ чысыл зæххæнкъуысты фæстиуæгæн дæр ныккалдаид хæдзар. Цæрджытæ бæргæ хъаст кодтой æндæр æмæ æндæр инстанцитæм, фæлæ сæм сæ хъус ничи æрдардта.

Иуахæмы сæ хъаст радзырдтой Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы æмæ уый фæстæ хъуыддаг феггуырст йæ бынатæй. Æрхуындæуыд Уæрæсейæ специалисттæ, уыдон лæмбынæг басгæрстой бæстыхайы æмæ йæ банымадтой аварионыл. Райстæуыд уынаффæ, цæмæй корпус бынтондæр пырх æрцæуа æмæ йæ бынаты арæзт æрцæуа ног хæдзар. Афтæ домдтой цæрджытæ дæр.

Объект хаст æрцыд 2020-2022 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг программæмæ æмæ  йæ ивгъуыд азы сæрды аразджытæ райдыдтой аразын. Ныр зæрдæ райы, æппæт нырыккон домæнтæн дæр дзуапп чи дæтты, ахæм хæдзары уындæй.

Фатерты чи æрцæра, уыдоны ма хъæуы æрмæстдæр цæрынæн хъæуæг дзаумæттæ æрæвæрын. Хæдзары ис цыппар бахизæны пандусимæ, ифтонг у домафонон  системæйæ. Хæрзарæзт у хæдзары раз территори дæр. Кæрты ис æмбæрзт бынат абадынæн, аныхас кæнынæн, ис дзы сывæллæттæн хъазæн фæзуат, цъæх зонæ, фаг бынæттæ дзы ис машинæтæ уромынæн дæр.

Хæдзары арæзтады рæстæджы йæ цæрджыты рæстæгмæ ракодтой ЦАРЗ-ы микрорайонмæ, цыран раздæр арæзт æрцыдысты ног цæрæн хæдзæрттæ. Горæты администрациимæ бадзургæйæ, цæрджытæй бирæты бафæндыд уым баззайын, иннæтæ – 30 бинонты бæрц – æрбаздæхтысты сæ ногарæзт хæдзармæ. Цы фатертæ ма дзы баззад, уыдон та уæрст æрцæудзысты радылæуджытыл.

Фатеры дæгъæлтæ фыццаг чи райста, уыдонæй сæ иу – Тъотъоты Зелим куыд зæгъы, афтæмæй зæронд хæдзары уый фатер райста 1981 азы æмæ та ныр  дæр фæстæмæ æр-баздæхт йæ бынаты ногарæзт хæдзармæ. «Мæнæн мæ зæрдæмæ цæуы мæ фатер, ис дзы цæрынæн æппæт уавæртæ дæр. Стыр æхсызгонæй æрбаздæхтæн мæ хæдзармæ. Бузныг алкæмæн дæр!» – йæ цины æнкъарæнтæ не ‘мбæхста нæлгоймаг. Цин кодтой иннæ цæрджытæ дæр.

Бузныджы ныхæстæ загъдæуыд аразджыты тыххæй дæр. Фирмæ «СТМ-ЮГ» республикæйы йæ архайды рæстæджы йæхи равдыста хорзæй. Афтæ зæгъæн ис, æмæ æвдисы патриотон ахаст йæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Ацы компани ахсджиагыл ныымайы гъæдджын куыст кæнын, уымæ иумæ куыстытæ æххæст кæны сфидаргонд æмгъуыдты», – банысан кодта Президент.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй азы фæудмæ Цхинвалы арæзт фæуыдзысты 135 фатеры. Гуыбаты æфсымæрты уын-джы æввахс рæстæджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 75 фатерон хæдзар. Арæзт цæуынц 75 фатерон 5 уæладзыгон хæдзæрттæ раздæры бигæдзаумæтты фабрикæйы районы. Уыдон арæзт фæуыдзысты æрбалæугæ азы. Уымæй дарддæр ма иу бирæфатерон хæдзар Цхинвалы арæзт æрцæудзæн 2023 азмæ. Уыдонæн сæ генподрядон организаци у «СТМ-ЮГ».

«Хуссар Ирыстонæн уыдон сты стыр гуырахсттæ. Хæдзæрттæ арæзт цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты», – загъта Президент.

Уый ма æрдзырдта республикæйы ипотекон цæрæнуатон кредиткæнынад бакæныны фарсты тыххæй дæр. Зæрдыл æрлæууын кодта цæрæнуатон политикæйы тыххæй бакуыстгонд закъоны проект, кæцы ис сфидар кæнынмæ Парламенты. «Уый у æхсæнады домæн. Алкæмæн йæ бон нæу æнхъæлмæ кæсын, кæд райсдзысты социалон цæрæнуат, сæ бон у фатер ипотекæйæ райсын. Æнхъæлмæ кæсæм закъоны проект сфидар кæнынмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Ног цæрæнуат аразын, Игорь Масловы ныхæстæм гæсгæ, у Хуссар Ирыстонæн æххуысы комплексон программæйы ахсджиаг хай. Уымæй дарддæр ма иумæйаг куыст цæуы экономикæйы реалон секторы рæзты фæдыл бирæ проекттыл. Уый фадат ратдзæн кусæн бынæттæ саразынæн, куыстмызд фылдæр кæнынæн, цæрджыты фæрныгад хуыздæр кæны-нæн. Уæрæсе кæддæриддæр уыд æмæ уыдзæн Хуссар Ирыстонимæ, ныфс уæ уæд махæй. Ам ис рæсугъд æрдз, диссаджы бынæттæ æмæ саразын хъæуы афтæ, цæмæй адæм республикæйæ ма цæуой, фæлæ йæм здæхой фæстæмæ», – загъта Игорь Маслов.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй ныридæгæн арæзт æрцыдис 2022-2025 азтæн РХИ-йы социалон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ. Ныхас ма цæуы йæ хицæн пункт-тыл æмæ тагъд рæстæджы фидар æрцæудзæн.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.