Зæхкусæгæн ацы бонты иууыл ахсджиагдæр у уалдзыгон культурæтæ байтауын æмæ уыцы ахсджиаг æмæ æнæаргъæвгæ куыстытæ ахицæн кæныныл кусынц куыд фермерон хæдзарадтæ, афтæ ма хицæн амалиуæггæнджытæ дæр. Уыдонæй иутæ тауынмæ бавнæлдтой рæстæгыл, æндæртæ та æнхъæлмæ кæсынц, сæ рад кæд æрхаудзæн, уымæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нæ фаг кæны техникæ æмæ уымæ гæсгæ бахъæуы уымæ æнхъæлмæ кæсын. Абоны онг уал Цхинвалы районы Къостайыхъæуы амалиуæггæнджытæй уалдзыгон куыстытæ рæстæ-гыл æмæ фылдæрбæрцæй чи сæххæст кодта, уыдонæй сæ иу у Джиоты Ацæмæзы хæдзарад. Цы зæххы фадыг æм ис фидаргонд, уым хуымгæнæн тауæн куыстытæ бакодтой механизатортæ. Сысджы тыд æрцыд 10 гектары æмæ 20 гектары та хъæбæрхор.

Дыккаг аз кусы æфсирон културæтæ тауыныл Хуыбиаты Азæмæт. Уымæн ма ацы аз йæ фарсмæ æрбалæууыд йе рвад Альберт дæр æмæ хъæбæрхор байтыдтой 10 гектары фæзуатыл. Хъæууонхæдзарадон куыстытæм рæстæгыл чи бавнæлдта, уыдон нымæцы ис Хуыбиаты Батрадз дæр, кæцымæ фидаргонд ис 21 гектары зæххы фадыг. Райдианæй фæстæмæ ацы хæдзарадæн хуым кæнын æмæ тауыны куыстыты сæхи хъазуатонæй равдыстой механизатортæ Тыджыты Валик, Мæлдзыгаты Алан, Хуыбиаты Алан æмæ Гаглойты Алик. Фæззыгæнд мæнæуы культурæ байтыдта 5 га æмæ хъæбæрхор та16 га. Ацы хъæуæй æндæр амалиуæггæнæг Санахъоты Валерийæн та хъæбæрхор байтауын бантыст 7 га. Тауыны куыстытæм сæхи рæвдз кæнынц æндæр хæдзарадтæ дæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.