Уалдзæджы æрбалæудимæ зæхкусджыты аудинæгтæ фæфылдæр вæййынц, уымæ гæсгæ алы хæдзардзин фæллойгæнæг дæр тырны, цæмæй йæ куыстытæм бавнала рæстæгыл æмæ сæ ахицæн кæна агротехникæйы домæнтæм гæсгæ. Уалдзыгон хъæууонхæдзарадон куыстытæм рагацау бавнæлдтой цæрджытæ, уыдон сæ хисæрмагонд хæдзаргæрон зæххы фадгуыты ныссагътой нуры, æмæ ныр æвзартæ цъæх-цъæхидæй сдардтой сæ сæртæ, хуымтæ цæттæ кæнынц хъæдындз, уырыдзы æмæ æндæр халсæрттæ тауынмæ дæр. Рæхджы æрбалæудзæн уалдзыгæнд æфсирон культурæтæ тауыны афон æмæ уыцы куыстытæ сæххæст кæныныл хъæудзæн батыхсын, мæр тауынæввонг æркæнын.

Хуым кæныны куыстытæ ныртæккæ сты сæ тæмæны, механизатортæ архайынц, цæмæй сæ бæрныуæвæг техникæйæ пайда кæной æмбæлонæй æмæ тауынæввонг æрцæттæ кæной мæр. Нæ республикæйы «Агро-промсервис»-ы директор Сагкаты Витали куыд загъта, афтæмæй уал абоны онг мæр афæлдахыны куыстыты иууыл хуыздæр фæстиуджытæ ис Ленингоры районæн. Механизатортæн уал бантыст 687 гектары бахуым кæнын, зæххытæ хуымгонд, сæйраджыдæр, æрцыдысты Цъинагар æмæ Абреуы хуымзæххыты. Сагкайы фырт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы район ноджыдæр хъуамæ дзæвгар бахуым кæна, фæлæ техникæйы хъуагдзинад кæй æййафынц, уымæ гæсгæ ма сын арвыстой фæсарæйнаг иу хъомысджын трактор. Знауыры районы та хуымгонд æрцыд 550 гектары, номхуындæй та механизатортæ бахуым кодтой Уелит, Знауыр, Бехъмар, Мугуты зæххытæй. Хуым кæныны куыстыты раппæлинаг нæу Цхинвалы район, ам уал сын мæр афæлдахын бантыст æрмæстдæр 314 гектары. Тауыны рæстæджы æнæмæнг куыстæввонг æркæнын фæхъæуы культиваторты æмæ уыдон дæр бацæттæ кодтой. Фермерон хæдзарадтæ æмæ арендаторты зæххыты хуым кæныныл активонæй архайынц механизатортæ Хъазиты Тамаз, Габаты Павел, Табуты Ахмæт, Гæззаты Андрей æмæ æндæртæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.