20-æм июны Уæрæсейаг егъаудæр æмæ популярондæр компани «Евродон»-ы хицау Уанеты Вадимæн уыд фембæлд Хуссар Ирыстоны дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттимæ.

Куыд зонæм, афтæмæй, не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг фæнд кæны Хуссар Ирыстоны дзидзагуыстгæнæн завод саразын. Уый тыххæй ивгъуыд аз РХИ-йы Хицауад ООО «Евродон»-æн рахицæн кодта бынат. Завод хъуамæ арæзт æрцыдаид, мæскуыйаг банк цы кредитон фæрæзтæ рахицæн кодтаид, уымæй. Фæлæ, Уанеты Вадим журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Мæскуыйаг банк кредитон фæрæзтæ рахицæн кæндзæн æрмæстдæр арæзтады проектæн экспертизæ саразыны фæстæ». Журналистты фарстæн, ома, кæд кредитон фæрæзтæ хицæн нæма æрцыдысты, уæд, холдинг «Евродон» куыд æрæвнæлдта Хуссар Ирыстоны, дзидзагуыстгæнæн заводы арæзтадмæ, Уанейы фырт афтæ сдзуапп кодта: «Ныртæккæ мах æрæвнæлдтам зæххы сыгъдæггæнæн куыстытæм, къахт æрцæудзæн завод аразынæн бындур. Уыцы хæрдзтæ арæзт цæуынц холдингы фæрæзтæй. Финанскæнынад уыдзæн æрмæстдæр объект Цæгат Ирыстоны экспертизæйы куы ацæуа, уый фæстæ. Финанскæнынад та æмбæлонæй куы уа, уæд завод арæзт æрцæудзæн авд мæйы æмгъуыдмæ. Ахæм уæндон ныхас уымæн зæгъын æмæ махæн развæлгъау алцыппæт дæр хъуыды æмæ нывæстгонд у».

Уанеты Вадим уавæрæй пайдагæнгæйæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн, æрæджы Уæрæсейы иууыл стырдæр агрохолдинг уæззау уавæры куы бахауд, корпоративон конфликт куы уыд компани «Евродон»-æн, фактон æгъдауæй рейдерон тыхæвзарæнтæ куы æвзæрстой, уæд социалон тыгъдады не ‘мбæстаг амалиуæггæнæджы зонгæтæ æмæ æнæзонгæтæ куыд хъахъхъæдтой цъыфкалæн ныхæстæй. «Сымах мæ фарсмæ кæй уыдыстут виртуалонæй, уый мын радта тыхтæ, райхъал мын кодта нæ фыдæлты хæстхъом æнкъарæнтæ», – дзырдта сæрбæрзондæй Уанейы фырт.

Компани «Евродон» Хуссар Ирыстоны цы дзидзагуыстгæнæн завод аразы, уый слæудзæнис 156 милуан сомы. Уыцы æхцатæ бангæн аздахын бахъæудзæнис 5-6 азмæ. Кусæгон бынæттæ дзы уыдзæн 30 кусæгæн.

Куыстмызд та сын уыдзæн уæрæсейаг æмвæзадыл, ома, 25-30 мин сомы. Фидæны заводы персоналы иу хай ныридæгæн практикæйы цæуы Уæрæсейы Федерацийы холдингы куыстуæттæй сæ иуы, цæмæй, куыддæр завод арæзт фæуа, афтæ скуса æнæкъуылымпытæй.

Уанеты Вадим журналистты базонгæ кодта, завод куы скуса, уæд йæ куысты нывæстимæ. «Цæрджытæн суткæйы дæргъы цæттæ продукци уагъд цæудзæн 2-2,5 тоннæйы. Боны мидæг ам æргæвст цæудзæн фондз сæры ставдкъах фос æмæ 30 сæры та – хуытæ. Завод уадздзæн дæс хуызæй фылдæр тахынæджы продукци. Ифтонг уыдзæн нырыккон кусæгон ифтонгадтæй. Завод цы дзидзайæ куса, уый дзуапп дæтдзæн паддзахадон стандартæн. Уæй цæудзæн ам, бынаты. Нæ зæрды ис канд заводы территорийыл нæ, фæлæ ма горæты искæцы бынаты дæр сæрмагонд магазин бакæнын. Зонын, цымыдис кæнут, тахынæджы æргътæ, æрласæггаг продукцийы æргътæм гæсгæ уæй цæудзæн æви къаддæр аргъмæ, æппæт уыдæттæм. Уый тыххæй та уын мæ дзуапп ахæм: æргътæ нæ уыдзысты бæрзонд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый баст уыдзæн тахынæджы категорийыл», – банысан кодта зынгæ амалиуæггæнæг.

Журналисттæ цымыдис кодтой, Мæскуыйы банк цы кредитон иуæгтæ дæтты компани «Евродон»-æн, уыцы æхцайы фæрæзтæ фаг уыдзысты æви нæ ахæм вазыгджын куыстуат саразынæн, стæй 5-6 азмæ цы кредит лæвæрд цæуы, уый аздахын сæ бон куы нæ бауа иу кæнæ аннæ аххосагмæ гæсгæ, уæд республикæйы банк цы хæстæ фиддзæн.

Ацы фарстæн та Уанеты Вадимы дзуапп уыд: «Æз иууыл сæрæй дæр зыдтон, мæ компанийæн ацы проект цас пайда æрхæсдзæн. Куыд алкæцы бизнесмен, афтæ æз дæр развæлгъау банымадтон цалдæр азы æмгъуыдмæ заводы æфтиæгтæ. Комкоммæ уын дзурын: мæ компанийæн ацы завод аразыны нысан у æрмæстдæр Ирыстонмæ мæ патриотикон æнкъарæнтæ равдисын. О, фæлæ патриотикон проект аразын нæ нысан кæны куысты рæстæджы искæмæн хатыртæ кæнын. Куыст домдæуыдзæн алкæмæй дæр æм-хуызон. Ныртæккæ «Евродон»-ы кусы авд мин адæймагæй фылдæр. Уыдонмæ къухдариуæгады домæнтæ сты иухуызон. Мæ патриотикон къахдзæфæй та мæн фенын кæнын фæнды, цæмæй мын фæзына не ‘мбæстæгтæй конкуренттæ. Уадз, йæ бон кæмæн у, уыдон дæр сæ райгуырæн бæстæн æххуыс кæной».

Уанеты Вадим пресс-конференцийы рæстæджы куыд загъта, афтæмæй уый политикæмæ æппындæр ницы ахаст дары. Æрæджы уымæй домдтой, цæмæй Ростовы областæй суа Паддзахадон Думæмæ депутат. Аст азы размæ та йæм бахатыдысты, цæмæй Ростовы областы хъæууон хæдзарады министрады сæргъ слæууа. «Æз мæ амонд æмæ арæхстдзинад уынын æрмæстдæр, цы куыстыл лæуд дæн, уым», – зæгъы зынгæ амалиуæггæнæг.

Куыд зонæм, афтæмæй Уанеты Вадим кæны хæрзаудæн куыстытæ дæр, уыцы нымæцы, йæ ‘нæниздзинадимæ проблемæтæ кæмæн вæй-йы, уыдон æнæгуырысхойæ бахатынц, Ростовы областы стыр авторитет кæмæн ис æмæ тыхст адæймаджы фарсмæ чи æрбалæууа, уыцы Уанеты Вадиммæ.

УАЗÆГТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.