Фæстаг азты Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм цы бирæ лимиттæ раттынц абитуриенттæн, уыдон дæр фæкъаддæр кæнынц нæхи университеты абитуриентты нымæц. Цæмæдæр гæсгæ уыдоныл æгæр фæхæлæф кæнынц. Афтæмæй та нæхи университетмæ у бирæ æнцондæр æмæ пайдадæр. Æмæ йæ комкоммæ куы зæгъæм, уæд нæхимæ ахуыры æмвæзад къаддæр нæу. Нæхи рауагъдонтæй цъус нæй зонады доктортæ, кандидаттæ, æфсæддон разамонджытæ, стыр къухдариуæггæнджытæ, барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, экономисттæ, культурæ æмæ аивады архайджытæ, паддзахадон разамонджытæ, спортсментæ… Кæй зæгъын æй хъæуы, лимит дæр хорз у, фæлæ нæ хуыздæр абитуриенттæ цæуынц æндæр ахуыргæнæндæттæм. Бынтон мæ-гуырау у ирон филологийы факультетты хъуыддаг,  чи йæм цæуы, уыдоны нымæц бирæ нæ вæййы, университеты, республикæйы та кадртæ нæ фаг кæны. Афтæ куы уа, уæд сомбон мадæлон æвзаг кæдæм цæуы? Æндæр горæттæм хъæуы цæуын, нæ бæстæйы цы къабæзты специалисттæ нæй, уыдоны хаххыл.  Акæсут-ма, цæй хорз фæсивæд нæм æрбацæуы æрвылаз дæр. Ахуыр кæнынц, хайад исынц алыгъуызон мадзæлтты, мах дæр сын æххуыс кæнæм, архайæм, цæмæй сын æнтыстытæ уа алы хъуыддаджы дæр. Ахуырмæ чи бæллы, уый кæмфæнды дæр сахуыр кæндзæн.

Рауагъдонтæй, скъолайы фæстæ, бирæтæ уæлдæр ахуырад райсыны хæс æрæвæрынц сæ разы. Уымæн та адæймаджы царды ис стыр нысаниуæг. Уæлдайдæр абон не ‘взонг республикæйы фылдæр хъæуы цæттæ кадртæ алы къабазы дæр. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет дæр цæттæ кæны бирæ фæдыздæхтыты специалисттæ.

Ацы аз дæр та йæ дуæрттæ байгом кодта абитуриенттæн нæ республикæйы университет, фæлæ…

Абитуриенттæ сæ гæххæттытæ фылдæр хæссынц юридикон æмæ экономикон факультеттæм.

Алчи дæр зоны, журналисты дæсныйад зын, фæлæ кадджын кæй у. Бауырнæд уæ, ацы факультет равзаргæйæ, кæй нæ фæфæсмон кæндзыстут.  Журналистикæйы кафедрæйы кусынц сæ хъуыддаг, куыд теоретикон, афтæ практикон æгъдауæй дæр иттæг хорз чи зонынц, сæ зæрдæты хъарм студенттæн парахатæй чи дæтты, ахæм  ахуыргæнджытæ. Ныфс нæ ис,  нæ факультетмæ бацæуын кæй фæнды, уыдоны нымæц кæй фылдæр кæндзæнис.

Нæ зынаргъ абитуриенттæ, æнхъæлмæ уæм кæсы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. Уæ сæр тынг хъæуы не ‘взонг паддзахады.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.