Æрдæг æнусы дæргъы БАМ-ы микрорайоны цæрджытæ æвзæрстой зындзинæдтæ, бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты кæртыты æмæ бацæуæн фæндæгты æдзæллаг уавæры тыххæй. Фæндаджы фылдæр хай-иу къæвдаты æмæ мит тайыны рæстæджыты  бацахстой цадбадæнтæ æмæ куыд фистæгæй цæуджытæ, афтæ тыхстысты машинæты шофыртæ дæр.

Ивгъуыд аз ацы фарст скъуыддзаг æрцыд, бацæуæн фæндаг æмæ цалдæр хæдзары кæртытæ асфальт æрцыдысты республикæйы социалон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Æмæ кæд уæд ныфс бавæрдтой, ацы аз иннæ хæдзæртты кæртытæ дæр цалцæг кæй æрцæудзысты, уымæй, уæддæр сæм нырма ничи бавнæлдта. Микрорайонмæ бацæуæн фæндагыл раздæр нæ уыд тротуартæ дæр, фæлæ ныр уыдон рахицæнгонд æрцыдысты æмæ, ома, ныр алчи дæр, машинæтæ æмæ фистæгæйцæуджытæ дæр, хъуамæ мауал хъыгдариккой кæрæдзи, фæлæ…

Микрорайоны цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд уынгтæ сты асфальт æмæ сты сыгъдæг, уæддæр ам, раздæрау, аварион уавæртæ къаддæр нæ, фæлæ фесты фылдæр. «Ивгъуыд аз, фæндагыл асфальт сæвæрыны дыккаг бонæй фæндаджы дыууæ фарс дæр ныррæгъ вæййынц 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджыты хисæрмагонд машинæтæ, такситæ, æмæ ма йæ сæрибар рæстæг арвитын кæй фæфæнды, уыцы шофыртæ дæр сæрибар бынæтты бауромынц сæ машинæтæ. Афтæмæй фæндаг бавæййы æрмæстдæр машинæты. Иуæй-иутæ ма сæ схизын кæнынц тротуартыл дæр æмæ фистæгæйцæуджытæн  ничердыгæй уал вæййы ацæуæн.

Æмæ махæн та цы хъауджы у, раздæр нын цъыфты нæ уыд цæуæн, ныр та автомашинæтæй, арæх нæ бахъæуы верттæхæджы иувæрсты цъыфты ацæуын», – зæгъынц бынæттон цæрджытæ.

Микрорайонмæ цæуæг паддзахадон автотранспортæн ам рахицæн æрцыд æрлæууæн бынат, ис дзы, бæлццæттæ кæм æнхъæлмæ кæсой, ахæм бынат дæр. Фæлæ та ам дæр цæрджытыл æрцыд хърихъуппы æмбисонд. Æрлæууæны бын зæхх уыд гакъон-макъон æмæ-иу ссис брондоны хуызæн, нæ дзы уыд нысанмæздæхтæй спайдагæнæн. Ацы бонты уым æвæрд æрцыд плиткæ, фæлæ йæ иннæ проблемон фарст – бахизæн æм нæй машинæтæй, баззад æнæаивгæйæ! Бынæттон цæрджытæ ныр цалдæр хатты бахатыдысты æмбæлон инстанцитæм, цæмæй хисæрмагонд транспортон фæрæзтæ ацы бынаты ма лæууой æмæ ма æвзарын кæной бæлццæттæн зындзинæдтæ.

Ацы фарсты фæдыл паддзахадон автотранспорты управленийы гæс Дудайты Альберт загъта: «Райдианы мах бахатыдыстæм æмбæлон инстанцитæм, цæмæй автобусы æрлæууæн бынат сæрибар æрцæуа æндæр транспортон фæрæзтæй æмæ ма ахсой æрлæууæнмæ бацæуæн. Æрбакодтам дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты дæр, цæмæй проблемæ кæмæ хауы, уыдонмæ фехъуыса. Иуафон ам чысыл рæстæджы æмгъуыдмæ æрлæууыдысты Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ æмæ æвæрдтой фæтк, фæлæ уый уыд æрмæстдæр рæстæгмæ. Ныр та хъуыддаг фæстæмæ куыд уыд, афтæ ссис. Махæн нæ бон нæу ацы фарст аскъуыддзаг кæнын», –  зæгъы Альберт.

Хуыздæр уавæры не сты ирон БАМ-æй цæуæг бæлццæттæ дæр. Плиты Ароны уынджы кæрон рагæй фæстæмæ ис автобусы æрлæууæн бынат. Фæлæ ныр ацы бынаты фæндагон нысан кæд бæрзондæй фæлгæсы, уæддæр дзы æрлæууæн мæнгагъуыст æвæрд не ‘рцыд. Æвзæры ахæм компромиссон фарст: чизоны, ирон æмæ уырыссаг БАМ-ы æрлæууæн мæнгагъуыст хъуыд дыууæйы ‘хсæн сæвæрын? Фæлæ уымæн дæр ис ахæм дзуапп: дыууæ микрорайоны дæр, сæ цæрджыты бæрц хынцгæйæ, æмбæлы цæмæй сæм цæуа паддзахадон атотранспорт. Уæдæ цы фæуой бæлццæттæ, автобусы æрлæууæн иу ран куы уа, æрлæууæн нысан æндæр ран æмæ автобус  йæхæдæг  та куы –  кæм, куы та – кæм, уæд?

Æрæджы Афгайнаг хæстонтæн цырты раз сæвзæрд ахæм ныв, кæцы хъуамæ алкæмæ дæр сæвзæрын кодтаид бæрндзинады æнкъарæн, фæлæ хъыгагæн, уый афтæ нæ уыд. Куыд æрвылхатт, афтæ ныр дæр ам фæндаджы дыууæ фарсæрдыгæй дæр ныррæгъ сты хисæрмагонд автомашинæтæ, автобус æрурæдта мини-дзулфыцæны размæ æмæ ма йæ иувæрсты ахизæн уыд æрмæстдæр иу машинæйæн. Уый дæр æгæр нарæг кæй уыд, уымæ гæсгæ фæсарæйнаг иномаркæ сыфсæрста тротуары фылдæр хайыл æмæ уым æрурæдта. Хæдзæртты ‘рдыгæй рацæуæг тагъд æххуысы машинæйæн нæ уыд ахизæн æмæ æрурæдта, кæд уæззау рынчын ласта, уæддæр. Дыууæрдыгæй дæр ныррæгъ сты машинæтæ æмæ иунæг шофыр дæр нæ батыхст тагъд æххуысы машинæйæн фæндаг радтыныл.

Æнгæс нывтæ ацы бынаты фенæн вæййы æрвылбон дæр, дыууæ хивæнд фырау куы нынныхмæ вæййынц шофыртæ нæ мæ фæндаг у, нæ мæ фæндаг у, зæгъгæ, афтæмæй та фæндаг планмæ гæсгæ арæзт у дыууæфарсон автозмæлдæн. Зындзинæдтæн фæразон æмæ хæдæфсарм бæлццæттæ та баззадысты фæстаг бынаты æмæ дзауаг хъæлдзæг ныхæсты автор Джиоты Резойы загъдау, кæд фæндаг машинæты лæууæн бынатæн арæзт æрцыд, уæд цы фæуой цæуджытæ та? Æмæ кæд адæмы уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, уæд та кæм ис?

Цалдæр боны размæ та микрорайоны цæрджытæ радон хатт бахастой сæ хъаст республикæйы æмбæлон инстанцитæм, фæлæ уавæр бæрæг ницы ма фæивта. Афтæмæй тæссаг у, искуы фыдбылыз куы ‘рцæуа, уымæй.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.