Ацы аз сæрд йæхи гыццыл фæфæстæ кодта. Нырма бæрцæй цалдæр боны размæ райдыдтой тæвд бонтæ. Тæвд бонты та адæймаг йæхи доны былмæ феппары, сатæг уæлдæр сулæфынмæ фæбæллы.

Нæ горæты цæрджытæн ахæм уарзондæр бынат у цад. Цады былыл канд сæрдыгон бонты нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр сæ рæстæг фервитынц куыд горæты цæрджытæ, афтæ нæм цы уазджытæ æрцæуы, уыдон дæр. Ам вæййы катамарантæ дæр, цадæн йæ дыууæ фарс дæр ис атезгъо кæнæн, сабитæ æмæ хистæр кары адæм сæхи куы анайой, уæд уый фæстæ змисыл кæм æрхуыссой, ахæм бынат дæр. Цады былыл ис, куыд иууыл чысылтæн хиирхæфсæн фæз, афтæ, æвзонг фæсивæд спортæй кæм архайой, ахæм тренажертæ. Фæлæ уæддæр цады алфæмблай бирæ ноджы хуыздæр фадæттæ ис саразынæн. Раздæр азты-иу цады райстой арендатор-тæ, фæлæ-иу, хъыгагæн, сæ бон не ссис, ардæм рæстæг æрвитын-мæ чи цыд, уыдон улæфт куыд æм-бæлы, афтæ сорганизаци кæнын æмæ-иу горæты администраци семæ бадзырд фехæлдта. Иу ахæ-мы та йæ райстой Козаты Сергей æмæ Чилæхсаты Гарик. Уыдон бæргæ архайдтой уавæр фæхуыздæр кæныныл. Цад басур кодтой, йæ бын ын ныссыгъдæг кодтой алыгъуызон бронæй. Æркарстой-иу, цады былтыл чи зад, æрмæст уыцы кæрдæг нæ, фæлæ уымæ хæстæг территори дæр æмæ-иу бæрæг йæ хуыз фæивта цад. Цады алфæмблай æрæвæрдтой фæхс-бандæттæ, тезгъогæнæн фæндагыл та сырх хуыр ныккалдтой. Сæхгæдтой цадмæ машинæты фæндаг, цæмæй æмткæй уа фистæгæй цæуджыты дæлбар. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр уыцы арендатортæн дæр сæ бон не ссис сæрдыгон бонты куыд æмбæлы, ахæм улæфæн зонæ саразын. Æмæ уæд цад йæхимæ райста фæстæмæ горæты администраци. Райдианы зынгæ ивындзинæдтæ цæуын райдыдта цады былыл. Фыццаджыдæр уал аиуварс кодтой, цадмæ цы канализацион дон æфтыд, уый. Раздæр æхсæвыгон рухсытæ сыгъд цæрæн массивы ‘рдыгæй, ныр иннæ фарс дæр сарæзтой электроны рухсытæ, фæзынд дзы чысыл бассейн наутимæ. Цады доны гъæдмæ йæ хъус дарынц санэпидемстанцы кусджытæ дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй-иу раздæр азты ам æрцыд æнамонд цаутæ. Ныр дзы урæд æрцыд хъусдарджытæ. Йæ алыварс территорийæ сыгъдæгдзинадмæ хъус чи дары, ахæм адæймаг дæр дзы фæзынд, кæцы райсом раджы, цалынмæ адæм не сызмæлынц, уæдмæ ныссыгъдæг кæны цады алфæмблай.

Цады ныртæккæ дон нæй. Адæ-мы ‘хсæн ахæлиу ахæм дам-думтæ, зæгъгæ, дам æй хъавынц сыджытæй байдзаг кæнынмæ æмæ йын йæ сæрыл бирæуæладзыгон хæдзæрттæ саразынмæ. Уый фæдыл се ‘нæразыдзинад равдыстой бирæтæ. Газеты редакцимæ дæр æрбацыдысты, цады фарсмæ цы цæрджытæ ис, уыдонæй цалдæр.

Ацы фарст бæлвырддæр базоныны тыххæй нын горæты администрацийы пресс-службæйы загътой, зæгъгæ, уыдон сты дам-думтæ. «Ныртæккæ цадæн дзуаппдæттæг у горæт. Цады дон ауагътой коммуналон службæйы кусджытæ. Ныссыгъдæг ын кодтой, йæ быны цы брон уыд, уымæй. Раст у, цад ацафон йедзаг вæййы донæй, фæлæ йæм дон цæуы донхæры къанауæй. Куыд зонæм, афтæмæй уым та ныртæккæ мелиорацийы кусджытæ кæнынц цалцæггæнæн куыстытæ. Куыддæр сæ балхынцъ кæной, афтæ цадмæ дæр рацæудзæнис дон. Адæмы ‘хсæн цы дам-думтæ цæуы, уыдон та бынтондæр сты æнæбындур».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.