Ирон литературæйы историйы стыр фæд чи ныууагъта, уыдонæй иу у Дзанайты Иван(Нигер) дæр. Фæлæ уый дæр бирæ æндæр фысджытау æнамонд дуджы царди. Цæвæг марæджы куы нал æвзæрста, уыцы дуджы. Рухсыбадинаг Джыккайты Шамил-иу арæх дзырдта: «Нигер 37-æм тугуарæн азты æдзух æнкъардæй бадт, йæ дзаумæтты дзæкъул йæ фарсмæ, афтæмæй. Æнхъæлмæ каст, кæд æй акæндзысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уавæр йе сфæлдыстадыл тынг бандæвта. Уæдæ йæ хуыздæр хæлæрттæ дæр бирæйæ культы азарæй басыгъдысты». Æмæ раст у. Уыцы азты Нигер ныффыста хæрз чысыл. Уæд рæстæг домдта рæсугъд цардыл зарын, зæрдæ та йæ нæ агуырдта. Уымæ гæсгæ йæ поэзи кæм амондджын цардыл у, кæм та йе ’рхæндæг хъарæг райхъуысы. Ахæм тых цардæй уд дæр ихсийы æмæ курдиатджын поэт фæндзайаздзыдæй атагъд кодта йе ’нусон дунемæ, æрдæгзагъдæй баззадысты йæ бирæ зæгъинæгтæ.

Ууыл уыд сæ ныхас, Нигеры райгуырды 120 азы юбилейы кадæн Дзæуджыхъæуы Республикон библиотекæмæ чи æрбацыд, уыдонæн. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ рагæй куыд нæ уал уыд, афтæ библиотекæйы стыр зал уыд адæмæй йедзаг. Нигеры хуызæн поэты юбилейон изæры фæстæ ничиуал фæлæууыд. Фысджытæ, ахуыргæндтæ, æхсæнадон æмæ культурæйы архайджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæй уæлдай ардæм æрбацыдысты Дзанайты стыр нæргæ мыггаджы минæвæрттæ бирæйæ. Уыдон кадджын мадзал организаци скæныны хæс дæр фылдæр райстой сæхимæ.

Нигеры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй адæм фыццагдæр байхъуыстой сценæйы æвæрд экранæй архивæй ист Джыккайты Шамилы раныхасмæ. Уый бæлвырд ра-дзырдта Нигеры трагикон хъысмæт æмæ курдиаты тыххæй.

Ууыл уыд йæ ныхас Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Ходы Камалæн дæр. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Нигер репрессийæ аирвæзт йæ хуыздæр хæлар Епхиты Тæтæрийы руаджы. Уый уыд Цæгат Ирыстоны уæды фыццаг секретарь Хъулаты Хъуыбадыйы хæстæг. Тæтæрийы амындæй Хъуыбады бахатыд Сталинмæ æмæ йæ афтæмæй бахъахъхъæдтой.

Журналист æмæ ахуыргонд Хозиты Барис Нигеры ном ноджыдæр сæнусон кæныны тыххæй бахаста дыууæ фæндоны: Хицауадмæ бахатын, цæмæй нæ горæты стырдæр библиотекæтæй иуæн Нигеры ном раттой, стæй йын йæ уацмыстæ ногæй рауадзын, уыдонимæ нырмæ чи нæма уыд, уыдон дæр. Нигеры уацмыстæ уагъд нал æрцыдысты ссæдз азæй фылдæр.

Цымыдисон уыд йæ раныхас поэт Къадзаты Станиславæн дæр. Уый ма Нигеры тыххæй бакаст йæхи фыст æмдзæвгæтæ дæр.

Изæр сæ аивадæй срæсугъд кодтой Базарадон-экономикон техникумы студентты ансамбль «Бæрæгбон», зарæггæнджытæ Дауыраты Эдуард, Цоколаты Екатеринæ, Сидахъаты Азæмæт. Нигерæн йæхи фыст, стæй ууыл фыст æмдзæвгæтæ бакастысты: дыгурон театры артисткæ, изæр амонæг Хуыдарты Маринæ («Æз нæ хæссын къæлæт»), Гæккуыты Ларисæ («Мæ мадмæ»), Дза-найты Эльбрус («Додой фæкæнат дыккаг хатт, нæ хæхтæ»). Æмдзæвгæтæ ма бакастысты ЦИПУ-йы ирон филологон факультеты студенттæ æмæ Ногиры дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ. Фыссæджы сфæлдыстадæй уроктыл куыд пайда кæны, сывæллæттæн æй куыд уарзын кæны, уый фæдыл радзырдта ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хуыбецты Эллæ.

Изæры архайджытæн мыггаджы номæй зæрдиаг арфæ ракодта Сывæллæтты республикон рынчындоны раздæры сæйраг дохтыр Дзанайты Уырызмæг. Уый ма ранымадта сæ мыггаджы зынгæ лæгты, стæй Нигеры цардæй радзырдта бирæ цымыдисон хабæрттæ.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.