Нæ республикæйы ныртæккæ кæд куыстуæттæ бæрцыл сты, уæддæр йæ экологи бæллиццаг уавæры ис, зæгъгæ, афтæ зæгъæн нæй. Уалдзæджы æрбалæудимæ уый тынгдæр фенкъары адæймаг. Горæты уынгты цы брондæттæ ис, уыдон кæд æрвылрайсом дæр ласт цæуынц, уæддæр сæ æнуд тæфæй хатт сæ цурты ахизæн нæ вæййы. Горæтмæ хæстæг цы æдзæрæг гуырдзиаг хъæутæ ис, уыдонмæ дæр ласынц алыгъуызон брæттæ. Цæугæдæтты дæр калынц брæттæ æмæ афтæмæй чъизи кæнынц.

Экологийы уавæрмæ йæ хъус дары Геодези, картографи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæнынады комитет.

Хуссар Ирыстоны хъæдтæ æнæзакъонæй чи цæгъдынц, уыцы  фæткхалджыты ныхмæ ист цæуынц æмбæлон мадзæлттæ. Уæлдай тынгдæр æй цæгъдынц сугæн. Фæлæ æрдзон газ нæ хъæутæм уагъд куы æрцæуа, уæд ацы проблемæ бирæбæрцæй скъуыддзаг æрцæудзæн.

Сугæн бæлæстæ чи калынц, уыдон хæсджын сты æмæ  хъæдгæсæй райсой бар. Хъæдгæстæ рахицæн кæнынц, цы бынæтты ис бар суг калын, стæй ма бафæдзæхсынц, цавæр бæлæсты мыггагæн нæй гæнæн лыг кæнын.

Республикæйы цæугæдæтты иууыл арæхдæр у форель кæсаг. Фæлæ Комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй йын стыр зиан хæссынц браконьертæ, кæд сæ ныхмæ карз мадзæлттæ ист цæуы, уæддæр. Иуæй-иу кæсагахсджытæ токы руаджы скуынæг кæнынц кæсæгты, уымæ гæсгæ уыдонæн сæ нымæц азæй-азмæ къаддæрæй къаддæр кæны.

«Ныртæккæ нæ цæугæ дæтты ис æрмæстдæр лæппын кæсæгтæ. Æнгуыртæй сæ куы ахсиккой, уæд ын ницыдæр у, фæлæ сæ иуæй-иутæ скуынæг кæнынц электротокæй. Уый стыр зиан хæссы æрдзæн», – зæгъынц Геодези, картографи, экологи æмæ æрдз-пайдакæнынады комитеты.

Ам ма загътой, зæгъгæ, 2006 азы Уæрæсейы æрдзон ресурсты ми-нистрад Кавказы хъæдты фыранкы апарахат кæныны фæдыл сфидар кодта сæрмагонд программæ. Фы-ранк нывгонд у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон гербтыл.

Фыранк ны-мад цыд Уæрæсейы территорийыл скуынæггонд сырдыл. Фæлæ ивгъуыд аз Цæгат Ирыстоны Хъобаны комы Джызæлдоны гидроэлектростанцы видеокамерæты объективмæ бахаудта стыр тугдзых сырд. Ахуыргæндты бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ уый у фыранк, кæцыйы мыггаг у сырх чиныгмæ хаст æмæ сæдæ азы нал разынд республикæйы хъæдты.

Кæддæр Кавказы ацы тугдзых сырд æмбæлд арæх, фæлæ фосдарджыты кæй хъыгдардта, уымæ гæсгæ йæ скуынæг кодтой. Фæстаг хатт ма фыранк амардтой 1952 азы Цхинвалмæ хæстæг, уый фæстæ йæ мыггаг фесæфт Ирыстоны кæмттæй.

Нæ тобæгонд бынæтты Цæгат Ирыстоны зонадон кусæг Павел Вейнбергы ныхæстæм гæсгæ, æртæ азы размæ дæр видеокамерæ систа фыранкы æнгæс сырд, фæлæ йæ уæд нæ бантыст сбæлвырд кæнын. Ногæй æвæрд æрцыд уыцы бынаты видеорегистратор æмæ кæд ногæй бантыса фыранкы сисын, уæд уый уыдзæн стыр зонадон æнтыст.

Комитеты стыр æнтыстыл нымайынц, æрæджы мыхуыры Æрдзы хъахъхъæныны æхсæнадæмон цæдисы программæ æмæ методикæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстонæн цы Сырх чиныг арæзт æрцыд, уый. Специалисттæ йын куыд саргъ кодтой, афтæмæй Цæгат Кавказы рауагъд æнгæс чингуыты ‘хсæн ацы Сырх чиныг нымад æрцыд хуыздæртæй сæ иуыл.

Чиныгыл куыстой фæлтæрд ахуыргæндтæ – Цæгат Ирыстонæй орнитолог Юри Комаров, Къæбулты Алан, нæхи ахуыргæндтæ Къæбулты Зауыр, Кокойты Таймураз. Чиныг иттæг æххуыс у комитетæн дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.