Къуыдаргомы цæрджытæ сæ зæрдæ кæуыл дарынц, се ‘нæниздзинад æнæдызæрдыгæй кæуыл æууæндынц, уый у шеубайнаг чызг Хуыгаты Ульянæ. Бирæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загътой Ульянæйы тыххæй къуыдаргомы цæрджытæ æмæ нæм бахатыдысты, ныффыссут-ма нæ уарзон дохтыры тыххæй, зæгъгæ. «Бирæ азты дæргъы Ульянæ цæсгомджынæй лæггад кæны æппæт Къуыдаргомы цæрджытæн. Цыфæнды тыхст рæстæджы дæр нæ уæлхъус куы ‘рбалæууы, уæд нæм, цыма, Дунескæнæг йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны, ахæм ныфс нæ бацæуы. Ивгъуыд азты æппæт дунейыл цы вирусон мæлæтхæссæг пандеми апарахат ис, уый æрбавнæлдта Къуыдаргоммæ дæр. Ахаста цалдæр адæймаджы цард. Кæй зæгъын æй хъæуы, низы æмрæнхъ, адæмы тас къаддæр нæ уыд, уæлдайдæр та райдианы. Афтæ кастис, цыма цыфæнды зондджын дохтыр дæр у æдых ацы низы раз, фæлæ-иу Хуыгаты чызг рынчынты уæлхъус куы ‘рбалæууыдис, уæд-иу сæ йæ ныфсдæттæг ныхæстæй æрсабыр кодта, стæй та-иу сын райдыдта хос кæнын, цы чысыл уавæртæ йын уыд, уымæй. Зымæджы фæсхъæутæй бирæтæм нæ уыд фæндæгтæ, фæлæ Ульянæ уый тыххæй иунæг рынчыны дæр нæ ныууагъта æнæхъусдард, æвæд митты дæр-иу бацыд къахæй æмæ-иу сæ басгæрста. Кæд сæ исгæй хъуыд рынчындонмæ  ракæнын, уæд-иу сæ æвæстиатæй раласын кодта, фæндæгты уавæртæм нæкæсгæйæ», – дзурынц Къуайсайы цæрджытæ.

Ульянæ мæлæты дзæмбытæй сласта бирæты, бакодта æмæ сын нырма дæр кæ-ны удуæлдай лæггад. «Мæнæн мæ сывæллæттæ цæрынц Цхинвалы. Иуахæмы мæ чызджы сывæллоны бахъуыд судзинтæ аразын. Уæдæй фæстæмæ-иу куыддæр «урсхалатджынты» федта, афтæ-иу райдыдта  цъæххасткуыд, æгæрыстæмæй-иу схыстис йæ тæвд дæр. Уæд Къуайсайы  та ногæй фæрынчын æмæ Хуыгиан  рæвдаугæ æмæ фæлмæн ныхасæй йемæ ссардта  иумиаг æвзаг, сарæзта йын судзин дæр, саби хъыпп-сыпп дæр не скодта. Хуыгиан у Къуыдаргомы ныфс, мæ бон у фидарæй зæгъын, мах Хуыгианы ныфсæй кæй цæрæм ам», – радзырдта Светланæ.

Къуайсайы иннæ цæрæг Хуыгаты Иринæ дæр радзырдта, Ульянæ йын йæ тыхст рæстæджы куыд баххуыс кодта. «Мæ мад уыд онкологийæ рынчын. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу низ фæкарздæр æмæ-иу ын хъуыд  судзинтæ  кæнын. Фæлæ йæ буар афтæ сфæлмæн ис, æмæ йæм дохтыртæ сæ ныфс нал хастой. Хуыгиан кæддæриддæр ардта амæлттæ æмæ-иу хос афоныл сæмбæлд рынчыныл. Фыдниз кæд мæ мады цард ахаста, уæддæр йæ ныхæстæ нæрынц мæ хъусты, дзырдта-иу, зæгъгæ, «Ульянæ мæ уæлхъус куы ‘рбалæууы, уæд мæлæтæй дæр нал фæтæрсын», – радзырдта Иринæ.

Бирæ, тынг бирæ хæрзиуджытæ сарæзта Хуыгаты чызг йæ чысыл райгуырæн Къуыдаргомы адæмæн, се’ппæты кой ракæнын нæй гæнæн, фæлæ сын нæй ферохгæнæн дæр. Бацымыдис ма кодтам, æввахс хъæуты та цы ахаст ис ацы дохтырмæ, æмæ фехъуыстам хæрзахасты  ныхæстæ: «Хæхбæсты царды уавæртæ зынвадат кæй сты, уый æнæзынд никæмæн у. Æнæ машинæйæ хъæуæй хъæумæ зын вæййы цæуын, уæлдайдæр та зымæгон рæстæджы. Мæ мад ныр 20 азмæ æввахс у уатон рынчын, арæх нæ бахъæуы дохтыры æххуыс æмæ кæддæриддæр, фæдзурæм Ульянæмæ. Уал азы дæргъы никуыма уыд афтæ, æмæ уый уайтагъд ма æрбалæууа нæ рынчыны уæлхъус. Уæлдай раппæлинаг та у, цы хостæ рафыссы, уыдонæй фыдæнхъæл кæй никуыма фестæм. Иудзырдæй, у йæ дæсныйад бæрзонд æмвæзадыл зонæг æмæ рынчынтæн иузæрдионæй лæггадгæнæг фæлтæрд дохтыр», – загъта Эрцъойы хъæуы цæрæг Индирæ.

Ацы комы цæрджытæ Хуыгаты чызгæй райгонд сты алыварсонæй дæр, никуыма фæрæдыд низыхат сбæлвырд кæнынæй. Йæ рафысгæ хостæ вæййынц эффективон æмæ нысанмæздæхт.

Ульянæ райгуырд Шеубаны хъæуы, каст фæцис Къуайсайы астæуккаг скъола. 6-æм къласы куы ахуыр кодта, уæд бамбæрста æнæниздзинады ахсджиагдзинад æмæ райдыдта медицинон дæсныйад райсынмæ йæ фыццаг къахдзæфтæ. Лæмбынæг ахуыр кодта медицинон уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуынæн цы предметтæ хъуыдис, уыдоны. Астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ, 1978 азы бацыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон медицинон институтмæ педиатрийы хайадмæ. Йæ равзаргæ дæсныйады æппæт сусæгдзинæдтæ базонынмæ йæ цымыдис ноджы фæтынгдæр ис æмæ æртыккаг курсы куы ахуыр кодта, уæд бацыд Дзæуджыхъæуы республикон рынчындонмæ сывæллæтты хайадмæ медицинон хойæ. Лекциты рæстæджы цы зонындзинæдтæ иста, уыдон практикон æгъдауæй фидар кодта йæ куысты. 1985 азы каст фæцис медицинон институт æмæ ацыдис Тбилисы медицинон ахуыргæнæндæттæй сæ иуы ординатурæмæ. Ноджы арфдæр хызт медицинæйы фадыджы авналæнты, фылдæрæй-фылдæр кодта йæ зонындзинæдтæ канд педиатрийы нæ, фæлæ медицинæйы иумæйагæй.

Кæд Гуырдзыстоны Ульянæйæн уыд æппæт уавæртæ дæр, йæ ахуыры æмрæнхъ ма йæ царды фæрæзтæ дæр амыдтой, уæддæр фæивтой Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн политикон ахастытæ æмæ ирон чызг 1989 азы  рацыд йæ райгуырæн бæстæмæ.

Уыцы аз Ульянæ бацыд Къуайсайы рынчындоны сывæллæтты дохтырæй кусынмæ, æрæвнæлдта йæ уарзон дæсныйады йæ уарзон ирон адæмы хæрзиуæгæн пайда хæссынмæ, рæдауæй сын лæггад кæнынмæ æмæ адæмы зæрдæты бацахста сæрмагонд бынат.

Ульянæ йе ‘мкъай Цхуырбаты Тамазимæ схъомыл кодта дыууæ хъæбулы. Хъыгагæн, Тамаз йæ цардæй ахицæн æнæрæстæджы. Ныр Ульянæ у хъæбулты хъæбулты хицау дæр. У æгъдауджын, æфсæрмдзæстыг æмæ хæларзæрдæ. Цалдæр азы размæ  нысан æрцыд Къуайсайы рынчындоны сæйраг дохтырæй æмæ йæ разылæууæг хæстæм бæрнон ахастимæ райста бирæ ногдзинæдтæ æмæ хизы нырыккон дуджы медицинæйы размæцыд æмвæзадмæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ