Цымæ цæмæн равзæрста  хъысмæт, Ирыстонæн фыдохы бонтæн фæззæджы хъармдæр, райдзастдæр рухæны мæй – сентябрь?

Хъолайы цъитийы зæй 16 азы размæ, Гæналы ком гæныстон куы фæкодта! 14 азы размæ Ирыстоны дзыллæйæн 2004 азы 1-2-3 сентябры бонтæ бæркады бæсты фыдох æмæ марой цæмæн æрхастой?..

Се скойæ дæр адæймаг сæрæй къæхтæм нырризы, сагъæс, ихæнриз буары электрон тыхау ацæуы, зæрдæйы дуар – æвзаг дзыхы бандзыг вæййы…

Хæхтæ, нæ фыдæлты уæзæг, уæ номæй, уæ узæлдæй нæ сæртæ хæссæм бæрзонд! Уæ цæрайæ цъæх арвы бын цæрæм, хур нæ йæ зæрин тынтæй тавы.

Хæхтæ æмæ Иры дзыллæ кæрæдзийыл æнгом баст сты, иу уысм дæр нын хицæнæй нæй цæрæн. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы иудадзыг, хæхты æрдзон сконд тызмæг æмæ æгъатыр кæй у. Æвæджиауы рæсугъд сты Ирыстоны хæхтæ цæгатæрдыгæй æмæ хуссары дæр, фæлæ, рæвдауын куыд зонынц, уымæй уæлдай ма æгъатыр дæр сты.

Цъититæ та хæхтæн сæ ахсджиаг хай сты.

Цъититæ æппæтæй дæр рæсугъд æмæ цымыдисаг сты. Фæлæ, се ‘ддаг бакаст куыд рæсугъд у, афтæ сæ мидæг та бирæ фыдбылызы цаутæ æмбæхст ис. Сæ ихзæйтæй дзæвгар знаггæдтæ ракодтой.

Уас фæсмонгонд фæуай, Хъолайы цъити! 2002 аз, 20 сентябрь Ирыстоны историйы баззайдзæн æбуалгъы фыдохы фыдбонæй. Майрæмбон къуырийæн йæ фæстаг кусгæ бон уыд, æмæ адæм æрлæууыдысты æрвылбоны радон хъуыддæгтæ æххæст кæнынмæ: чи йæ куыстмæ, чи ахуырмæ цыди, чи та йæ улæфты бонтæ хъæлдзæгæй арвитынмæ бæллыд. Ахæм æнцойбонты адæймаджы хæхтæй хуыздæр чи сбуц кæндзæн.

О, фæлæ хæхтæн æгæрон у сæ тых, зонынц адæймаджы  барæвдауын, æмæ, хъыгагæн, бафхæрын дæр.

2002 азы 20 сентябры ныннæрыд Гæналгом, уæд растад Хъолайы цъити, уæд бабын сты комы цæрджытæй бирæтæ, уым бахуыссыд сæ зынг Бæхты театр æмæ Бодровы стыр къордæн.

Ныффæраз, Ир! Нафийы загъдау, бæргæ куы уаид хæхтæн адæймаджы æнкъарындзинад, уынынмæ цæстытæ, дзурын куы зониккой, уæд сæ бафæрсиккам, æнусты дæргъы сæ дæлбазыр æууæнкджынæй чи цæры, уыцы зæрдæхæлар, цардбæллон адæм, хæхты бардуаг  дзуæрттæн сыгъзæрин тæбæгъты табуйаг æртæ уæливых æмæ æлутонæй кувæг дзыллæ æнаххосæй  аххосджын цæмæн фесты?

16 азы рацыд Хъолайы ихзæй-цъитийы ракалдыл. Уыцы фыдбоны изæры 8 сахаты æмæ 10 минутыл æвиппайды дымгæ сыстад, Хъæрмæдоны сæрмæ арвыл мигътæ æддæгмидæг ауадысты, Гæналы ком сау тары æрныгъуылд. Тыхджын æмæ тæссаг гыбар-гуыбурæй хъустæ къуырма кодтой: зæхх æмæ арвы фыдæх баиу сты. Хъолайы цъити ракалд  ратыдта, йæ бæттæнтæ феуæгъд сты æмæ ихзæй рафсæрста. Ихты, дурты, донæмхæццæ ламийы æбуалгъы зæй рацыд Гæналдоны донвæдыл, цæуыл-дæриддæр æмбæлд, уыдон ссæндгæйæ æмæ йемæ хæсгæйæ.

Баурæдта йæ тъунел æмæ къæдзæхджын рагъы нарæг, фæлæ йæ лами рахæццæ Джызæлы сæрмæ  хъæумæ ма йæ бахъуыд æрмæст 2 километры.

Æмбисонды æбуалгъы митæ бакодта Хъолайы цъити-зæй, ныррызт Ирыстоны дзыллæ сæрæй къæхтæм. Нæ адæмæй ни-куы ферох уыдзысты уыцы хъаймæты бонтæ.

Мæнæ цы зæрдæрисгæ  рæнхъытæ ныффыста уæд зындгонд поэт Касаты Батрадз:

“О, фыдбоны бон та,

Фыдбæллæх æрцыди

Хъарм Хъæрмæдоны,

Хъолайы цъити

Йæ уазал дымгæйæ

Нæ Иры дзыллæты

Æрдæгцард фæкодта…”

Уæвгæйæ та æрдзы ныхмæ адæймагæн йæ бон кæд цы уыди, уæлдайдæр зæй ракалды. Зæйласты фыдбылыз нæ фыдæл-тæй бирæты бабын кодта, дæнцæгтæ бирæ: 86 азы размæ Джусойты мыггаджы зæйласт. Зæйы азарæй кæддæры Джинаты хъæу æдзæрæгæй куы баззади. Дыууæ хохы æхсæн зæххæнкъуысты Хахеты хъæу фæдæлсыджыт. 25 азы размæ Транскамы  царды фæндагыл, зындгонд зарæггæнæг Саггаты Валерийы хъуытаз хъæлæс зæйы азарæй бамынæг… 16 азы размæ Хъолайы цъити зæйы фыдохæн нæхæдæг  æвдисæн. Фæмард дзы 134 адæймаджы, уыдонæй æрмæстдæр 19 мæрдтæ ссардтой, сæ фылдæр æрыгон ахуыргонд фæсивæд. Сæ бинонтæ, сæ хиуæттæ, Иры дзыллæ сыл фæхъыг кодта. 115 цардхъуаг адæймаджы æнусмæ баззадысты цъити-зæйы бын æбæрæг сæфтæй. Уыцы зынгхуыстытæн сæ табæты раз не ‘рлæууыд йæ рустæ тонгæ ныййарæг мад. Ныййарджытæ хъарынц се ‘взонг хъæбулты тæригъæд уæларвмæ.

О Хуыцау, ракæс, сæркъулæй  табугæнгæ дæуæй курæм, цæйма, не ‘взонг хъæбулты кæм агурæм, ирон мæрдвæндаг куыд скæнæм, нæ цæссыг кæдæм калæм?! Адæмы маст æмæ мароймæ дзæнæты бадинаг курдиатджын журналист æмæ поэт Цомайты Ростиславы æнкъараг зæрдæ уæд ныккæрзыдта æмæ йæ реквиемы æрхæндæгæй фыста:

Куыд ма уарзæм нæ хæхтæ?

Цæуæм фæдисы тары,

Куы бабын сты мæ адæм.

Афтид чырынтæ ныгæнæм,

Уæдæ æндæр цы кæнæм.

Зæйы бын нæ арæм нæ мæрдтæ,

Кæм сын кæнæм уæлмæрдтæ.

Адæмы тæригъæдæй, арвæй Бонвæрнон бон нал æрттывта. Бæрзонд арвыл бауадзыг мæй. Сæнайы хох тæфæрфæсгæнгæйæ сау мигъты ‘хсæн æрныгъуылд, йæ дæлвæд айнæг къæдзæхтæ скодтой сæ саутæ. Иры хъыг æгæрон, цæссыг тугæй згъоры. Æрдзы фыдракæндæн ницы у нæ бон, æгъгъæд фæуæд æрдзон фыдбылызтæн æмæ Ирыл фыдвæндтæ чи кæны, уыдонæн. Кæронбæттæны ме ‘нкъард уац фæуыдзынæн дзæнæты бадинаг, номдзыд поэт Джыккайты Шамилы мæнæ ацы зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæй:

Æрдзы знаггад цинтæм разилæд!

Иры адæмыл хур рæвдаугæ ракæсæд.

Гуылæрты  Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.