Уагъд æрцыд нæ горæты ахуыргæнджыты æрвылазон конференци. Йæ куысты хайад райстой горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, йæ хæдивæг Хъазиты Хатуна, горæты администрацийы ахуыры хайады сæргълæууæг Джиоты Агуындæ.

Конференцийы фæлгæтты æркастысты ахæм фарстатæм, куыд ивгъуыд азы ахуыры æмæ хъомыладон куысты фæстиуджытæм скъолаты, скъолайы агъоммæйы уагдæтты, горæты ахуыры хайады бакæнгæ куысты фæстиуджытыл фæдыл, афтæ ма ног, 2017-2018 æрбалæугæ ахуыры  азмæ сæхи куыд бацæттæ кодтой, æппæт уыдæттыл.

Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой, ахуырады къабазы бирæ азты рæдауæй чи лæггад кодта æмæ ацы аз ног ахуыры азыл чи нæ уал сæмбæлд, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады раздæры министр Цыбырты Маринæйы рухс ном.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Джиоты Агуындæ. Уый ма æрдзырдта нæ горæты ахуырады системæйы иумиаг уавæры æмæ сæ куысты фæстиуджытыл:

– Æз уал уын, сæйраджыдæр, арфæ кæнын, цæмæй ног ахуыры азыл сæмбæлат æнæниз, æнæмаст æмæ зæрдæрухсæй. Мæн ма бафæнддзæнис, цæмæй сымах кæддæриддæр уат куыстхъом æмæ зæрдæрухсæй лæггад кæнат фидæны фæлтæртæн.

Сæ куысты фæдыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд азы нæ горæты скъолаты рауагъдонты нымæц уыдис 255 адæймаджы, тынг хорз нысæнттыл каст фесты – 55, сыгъзæрин майданыл – 2, экстернон æгъдауæй та каст фесты –  11, 9-æм кълæсты рауагъдонтæ та уыдысты  266, райдайæн кълæсты ахуыргæнинæгты нымæц та уыдис  1514 адæймаджы. Ацы азы ахуыры райдианмæ иууыл иумæ скъолаты уыдзæн 3476 ахуыргæнинаджы, скъолайы агъоммæйы уагдæтты та – 2758.

Æхсызгонæй банысан кодта, азæй азмæ сывæллæтты нымæц кæй фылдæр кæны, уый.

Горæты администрацийы ахуыры хайады сæргълæууæг лæмбынæг æрдзырдта сæ бакæнгæ куысты цухдзинæдтыл æмæ æнтыстытыл. Æрсидтис нæ горæты æппæт ахуыргæнджытæм, цæмæй сæ куыстмæ ног ахуыры азы æрæвналой бæстонæй æмæ цы цухдзинæдтæ банысан кодта йæ раныхасы, уыдон цæмæй иумæ аиуварс кæной.

Ахуыргæнджыты конференцийы нæ горæты ахуыргæнджытæн, ног ахуыры азы къæсæрыл кæй,  сты, уый цытæн арфæйы ныхæстæ загъта Хъазиты Хатуна. Стæй æрдзырдта ахуыргæнæджы дæсныйады æнæмæнгхъæуындзинадыл:

«Гæнæн ис æмæ кæцыдæр профессийы адæймагыл нæ царды æппындæр макуы сæмбæлæм, фæлæ ахуыргæнæджы мидбылхудт æмæ тызмæг ахаст алчидæр банкъардта. Ахуыргæнæджы професси равзаргæйæ, адæймаг йæхиуыл стыр уаргъ сывæры, уымæн æмæ йæ хæс у хицæн предметы мидис райхалын нæ, фæлæ ма æххуыс кæны ныййарджытæн хъомыладон процессы, афтæ ма бæрндзинад хæссы сабиты монон райрæзты. Уымæ гæсгæ уын стыр бузныг зæгъын уæ бæрнджын æмæ æвæллайгæ куысты тыххæй».

Нæ горæты 6-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ та мадзалы æрдзырдта мадæлон æвзаджы предметы нысаниуæджы тыххæй:

– Ахуыргæнæн предметтæ иууылдæр сты æнæмæнгхъæуæг, фæлæ уæлдай стырдæр нысаниуæг ис мадæлон æвзагæн. Уый у æппæтæй зынаргъдæр æмæ удæн адджындæр. Мадæлон æвзаджы уроктыл рæзгæ фæлтæр ахуыр кæнынц нæ фыдæлты фæзминаг æгъдæуттыл, растдæр аргъ кæнынц æхсæнады фæзындтæн. Сæ рæзгæ удты гуыры уарзондзинад нæ адæмы историмæ, нæ культурæмæ.

Мæн ма фæнды банысан кæнын уый, æмæ мах нæ сæр къул кæнæм Стыр Уæрæсейы раз, мах уырыссаг æвзаджы ныхмæ не стæм. Фæлæ бирæ ныййарджытæ немæ æмдзу кæнынц, æмæ ныхдуртæ февæрынц сывæллæтты раз. Ома, уыдон хæст вæййынц ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, ирон æвзаг ахуыр кæнын уыйбæрц нæ хъæуы, ахуыргæнджытæ йæ цас домынц. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг рæдийынц.

Афтæ ма Дыгъуызты Лианæ æрдзырдта, нырыккон домæнтæ æххæст кæнынæн ахуыргæнæг цавæр методтæй æмæ фæрæзтæй хъуамæ пайда кæна, уыдæттыл.

Конференцийы фæлгæтты ма сæ куысты фæдыл докладтæ бакастысты нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы директор Ольга Михаилиди, сывæллæтты 7-æм цæхæрадоны сæргълæууæг Харебаты Наталья, 1-æм астæуккаг скъолайы ныййарджыты комитеты сæрдар Радул Аллæ æмæ сывæллæтты 7-æм  цæхæрадоны медицинон хо Бесаты Валентинæ.

Мадзалы кæрон йæ хъуыдытæ æмæ арфæйы ныхæстæ загъта горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан. Уый бафæндыдис, цæмæй сын сæ куысты уа фылдæр æнтыстытæ æмæ уой зæрдæрухс кæддæриддæр!

Туаты Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.