Зонгæ раджы баистæм, уаааартæ æстайæм азты тæккæ райдианы… Базонгæ дæн ахæм адæймагимæ, дыууиссæдз азмæ æввахс мæ зæрдæ иу мисхалы бæрц дæр кæуыл никуы бахудт. Адæймаг, дам, цалынмæ адæймагимæ иу пут цæхх бахæра… Мах, чизоны, иу пут цæхх нæ бахордтам иумæ, уымæн æмæ нæ иу Ирыстонæн йæ цæгат хайы цæры, иннæ – хуссары. Нæй нын арæх æмбæлыны, иумæ бирæ цæхх бахæрыны фадат, фæлæ хорз лæгимæ, удæн зынаргъ адæймагимæ уал азы дæргъы  армыдзаг цæхх бахæрын дæр æнæкæрон амонд у!

    Уæд дæр гастролты уыдыстæм Цæгат Ирыстоны, уæд дæр Джæуджыхъæуы уазæгдон «Кавказ»-ы цардыстæм. Уазæгдонмæ-иу нæм арæх æрбацыд Хаджеты Таймураз. Иунæгæй никуы æрбацыд, йемæ хъуамæ алыхатт дæр уыдаид дыууæ-æртæ дзæбæх лæппуйы – йæхæдæг-иу сæ «къуыдайраг лæгимæ фынгыл бадынæн чи сбæзза» ахæм лæппутæ схуыдта. Æниу…  кæйфæнды-иу ма рбакодтаид йемæ, уыдон бæсты дæр-иу йæхæдæг райста йæхимæ, «уазæджы» æгъдау скæныны хæс… Йæхæдæг-иу уыд алы хатт дæр  фыццаг цæстныдзæвæны – Ватутины уынгæй-иу йæ зачъе даугæ æрбараст, йæ цæргæс цæстæн-гасы рæвдаугæ рухс  æмæ-иу йæ парахат зæрдæйæ лæдæрсгæ мидбылхудт уыцы цыппаруæладзыгон дынджыр хæдзары нал цыдысты… Бадгæ-иу фылдæр хатт Джусойты Хасаны номыры кодтам. Иуæй уымæн æмæ, æндæрты уæлдай, Хасан Таймуразæн йæ мыггагæй уыд, иннæмæй та-иу, æндæрты уæлдай, йе фсин Босыконимæ цард номыры æмæ сылгоймаг кæм уа, уым та нæлгоймæгтæ фынг авæрыны «уæззау» фыдæбонæй сæрибар вæййынц…

Уыцы изæр нæм Таймуразимæ цы дзæбæх лæппутæ æрбацыд, уыдонæй иу уыдис нæ абоны юбиляр Касаты Батрадз, кæцыимæ базонгæ дæн уыцы бон æмæ йæм дыууиссæдз азы дæргъы дарын хистæр æфсымæры зæрдæ. Уæд æз нырма бынтон суинаг лæппу уыдтæн, ныр уыцы кары лæппуты суинаг нал хонынц, «блатной статус» сын ис – пацан. Батрадз та йæ тæккæ лæппу-лæ-джы кары уыд – рæхснæг, саурихи, йæ арф хъуыдыджын цæстытæ ахæм æргом каст кодтой æмæ фыццаг фендæй дæр бæрæг уыд, ацы адæймагæн йæ зæрдæ дæр афтæ æргом æмæ сыгъдæг кæй у. Куыд поэт, афтæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдтон – ис афтæ зæгъæн æмæ йын уæды онг цыдæриддæр мыхуыры æмдзæвгæтæ рацыд, уыдон мын иууылдæр каст уыдысты. Нæ фыццаг фембæлдæй мын мæ зæрдæ цæмæй балхæдта, уый – йæ ирон хæдæфсарм æмæ уæздандзинадæй, йæ мидисджын  æмæ тадзгæ-баргæ ныхасыхъæдæй.

Фынгыл куы æрбадтыстæм, уæд иу афон Хасан сидт рауагъта ирон аивады архайджыты цæрæнбоны тыххæй. Рæгъ Батрадзмæ куы рхæццæ, уæд сыстад æмæ афтæ зæгъы:

– Цæмæй адæймаг йæ аивадæй адæмы зæрдæтæ батава, уый тыххæй хъуамæ судза уыцы аивады, æмæ йæхи артæй тава адæмы дæр æмæ аивады дæр, кæннод йæ къухы хорзæй никуы ницы бафтдзæн…

Æмæ афтæ дарддæр… Уыцы ныхæстæ, куыдæй сæ фехъуыстон, афтæмæй мæ зæрдыл дарын ныр дыууиссæдз азмæ æввахс, æмæ мæ бон фидарæй зæгъын у, уый бæрц азты размæ сæ кæмæй фехъуыстон, уыцы адæймаг сын  дзуаппдæттынхъом кæй у абон дæр! 

Касаты Батрадз райгуырд 1950 азы. Каст фæцис Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. Уыд Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиойы паддзахадон комитеты редактор. Куыста Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Национ политикæ æмæ культурæйы фарстаты фæдыл консультантæй. Мыхуыры йын рацыд цалдæр поэтикон æмбырдгонды. У Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты Цæдисы уæнг. Лæ-вæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурæйы сгуыхт ку-сæджы ном. Ныртæккæ у журнал «Мах дуг»-ы поэзи æмæ драматургийы хайады редактор. Кæмфæнды, цыфæнды бынаты кусгæйæ дæр Батрадз йæ куысты рæстæг æмæ йæ уды хъару никуы хардз кодта ахсджиаг æмæ уæлæнгай хъуыддæгтæ æвзар-гæйæ – уымæн алцы дæр уыд æмæ у ахсджиаг, алы кæнинаг хъуыддагмæ дæр ын уыд æмæ ис бæрнон ахаст. Фæлæ, кæмфæнды ма куса, Батрадз, Ирыстон æмæ ирон адæмæн у поэт, ныфсы, фидауцы лæг. Ахæм лæг, кæцыйы нæ хъæуы искæйты фæзмыны, искæмæйты исты æрбайсыны, ратона кæныны сæр. Батрадзæн кæдæриддæр уыд æмæ ис йæхи сæрмагонд, сайдæй, комдзог кæуыл никуы рацыд, ахæм «Æз».

Бирæ зæгъинæгтæ рантыст поэт Батрадзы фыссæн сисæй, бирæ цинтыл ферад, бирæ хъыгтыл фæрыст. Кæд искæмæн æнкъараг зæрдæ æмæ уынаг цæст ис, уæд – поэтæн. Уымæй дæр Батрадзы хуызæн поэтæн, царды хуызтæ кæй цæстныдзæвæнæй нæ ивгъуыйынц æмæ сæ арæхстджынæй рæгъмæ рахæссыны арæхстдзинад кæмæ ис, цардæн йæ цинтæ æмæ йæ хъыгты иугæндзон хæлбурцъæй чи цæры…

Хуыцау æй а-дунемæ поэтæй куы радта, уæд æндæр дуг уыд, æндæр уыдис адæмæн сæ зондахаст дæр æмæ сæ царды уаг дæр. Æндæр домæнтæ уыд уæд поэт-фæлдисæджы раз, фæлæ… Батрадз никуы уыд иу кæнæ иннæ идеологийы коммæгæс цагъар. Никуы кафыд коммунизмы къæхты хъæрмæ, нæ дæр коммунистон режим чи раивта, уыцы хъæддаг капитализмæн ссис коммæгæс. Батрадзæн уыд æмæ ис фыдыбæстæ, рæстдзинад æмæ лæгдзинад. Гъе, уыдон сты поэты уды цырын арт æндзарджытæ. Поэт идеологийæн лæггадгæнæг ма хъуамæ уа, исчи дзы раппæла, исты хорзæх æм æрхауа, уымæ ма хъуамæ æнхъæлмæ кæса. Уæд уый поэт нал у, ахæм поэт поэзийыл гадзрахатæй цæуы. Поэт хъуамæ æргомæй кæса æрмæстдæр йæ адæмы, рæстдзинады цæстытæм. Æнхъæлцау лæгæн цыбыр цæрæнбон ис, цыбыр æмæ æнад. Батрадз къозбау, æнхъæлцауы миниуджытæй сæрхызт у. Уый æндæргъуызон аргъ кæны адæймаджы удысконд æмæ миниуджытæн. Æндæр цæмæйдæрты у бузныг, æндæр бæрндзинад æнкъары, æндæр хæрзиуджытæм бæллы:

Хæс дарын алкæмæй дæр царды:

Сыхаг фæлмæн ус, стырдæр хæс – дæуæй.

Ды дугъы сыф – цæйбæрц рацыдис уартæ! –

Мæ рыст къахыл куы бабастай, уæдæй.

Цы ис ацы рæнхъыты ахæм диссагæй, адджын хъыдзыгæнаг æвнæлдæй цæмæн ныхилынц зæрдæйы тæккæ рæбынтæм? Уæлтæмæны, ныры онг кæй нæ фехъуыстам, ахæм бæрзонд поэтикон цæлхъытæ дзы ис? Нæ. Хуымæтæджы зæххон адæймаджы æнкъарæнтæ, цардæн йæ ад æмæ йæ рæсугъд хуызты уæларв дунейы нæ, фæлæ кæуыл цæры, уыцы зæхх æмæ кæимæ цæры, уыцы адæмы æхсæн чи агуры, ахæм адæймаджы удæй рантысгæ зæгъинæгтæ.

Æмæ поэзи уый у!

Уыцы дуджы риссæгтæ нæ уыд, зæгъгæ, чи зæгъы, уыдон рæдийынц. Кæд сæ нæ уырны, уæд арфдæр ныккæсæд нæ поэтты сфæлдыстадмæ. Бирæ риссæгтыл риссыны сæр бахъуыд Батрадзы дæр, фæлæ уæд æдыхст æмæ  æнцойдæр уыд йæ поэтикон зæрдæ. Уæд адæймаджы уды царды ныфс фылдæр уыди, аргъ уыд цардæн дæр, намыс æмæ хæрзæгъдауæн дæр. Стæй поэтæн цы уæлдай у, æцæг поэтæн – цард цахæм у, ахæмæй дзы хъуамæ судзай. Дуг цахæмфæнды уа, адæймаг дзы хъуамæ баззайа адæймагæй. Цæрыны, уарзыны æмæ амонд-джын уæвыны баримæ. Алы адæймаг дæр хъуамæ уа ахæм амонды аккаг, цæмæй йæм йæ алыварс уæвæг адæм адæймаджы цæстæй кæсой. Ахæм у поэты рæстаг æмæ æнæрынцой уды позицитæй сæ иу:

Лæджы цы хъæуы?!

Хорз ныхас ын зæгъ,

Сындз къухтæй йын

Йæ рагон хъæнтæм ма внал,

Йæ сабитæ,

Йæ къабæзтæй йæ рфæрс

Æмæ йын иу арахъ

Фæндагамондæн бадар.

Лæмбынæгдæр ма ахъуыды кæнæм фæстаг дыууæ рæнхъы афыст æмæ мидисыл – цас рæсугъддзинад, цас хъарм сæ лæдæрсы, цахæм тæлмæнтæ гуырын кæнынц ирондзинадæй цæрæг адæймаджы зæрдæйы.

Фæлæ фæивта уыцы дуджысконд. Æмæ ахæм рæстæджы та поэты æнкъараг зæрдæ дыууæ дихы фæвæййы. Иу дуджы ацыд ын йæ зæрдæйы уидæгтæ ахæссы, иннæ дуджы æрбалæуд та йæм хъаргæ нæма бакæны, сæ ныхас кæрæдзийыл нæма фæбады.

Æмæ ахæм дугивæны æппæт дæр сæмтъеры вæййы, райдайы æвдæрзын поэты схауæггаг зæрдæйы, фæлæ æцæг поэт, куыдфæндыйæ дæр, сарæхсдзæн, цы рцыд, уымæн æмбæлон аргъ скæнынмæ:

Уæйгæнæг скадджындæр поэтæй,

Нывгæнæгæн – арахъуадзæг æлдар.

Ысфæлдисæджы уаз сурæты фендæй,

Йæ уарзты рухсæй, нал райы æмгар.

Цуанон, дам, цы ком нæ басгары, уый сырдджын æнхъæлы. Афтæ у поэты æнæрынцой удысконд дæр – иудадзыг æй æнæхæрд, æнæсгæрст бæстæ агурын фæнды, уæды онг кæй нæма загъта, ахæм зæгъинæгтæ зæгъынмæ хæры йæ былыцъæрттæ.

Зын у поэт уæвын. Æцæг поэт уæвын. Уымæн æмæ æцæг поэты агурæн-фæлдисæн хæтæнты тыгъдад æнæбын денджыз у æмæ хъуамæ иудадзыг агура уыцы æнæбын денджызыл уæлахиз кæныны фаг хъару. Наускъæрæгæн та циу – уыцы-иу фæндаг ын ис æмæ йæм цæуы, зоны йæ нысан, йе рлæууæн бынат. Поэты зæрдæ та æнæбын денджызæн йæ æрфытæм æхсайы, йæ уæлцъар цы ис, уыдон иууылдæр æргом сты, быдиттæй зынынц, рагон нырыккон поэттæ сæ баууылдтой иууылдæр, ногæй, æндæр æвзагæй зæгъинаг дзы уадиссаг ницыуал ис…

Чизоны поэт Касаты Батрадзы дæр хаттæй-хатт уымæн бафæнды нæ рагфыдæлты – нарты æнæхæрд, æнæсгæрст дунейы исты ног зæгъинæгтæ фехъусын. Йæ иу æмдзæвгæ «Сырдоны монолог» бакæсгæйæ арф хъуыдыты аныгъуылдзынæ… Уымæн æмæ поэт Сырдоны хъысмæт йæхирдыгонау уыны. Йæхирдыгонау нæ – куыд у, афтæмæй.  Ам Батрадз цæуы Нафийы концепцийы фæдыл: Сырдоны нæхицæн куыд æнад кодтам æмæ кæнæм, бынтон ахæм æппæрццаг фæлгондз нæу. Нæртон дунейы æгъатырдзинад уый аххос кæнæм, афтæмæй та йæхæдæг у уыцы æгъатырдзинады амæттаг. Кæддæр Нафи йæ диссаджы роман «Сырдоны цæссыгтæ» куы ныффыста, уæд æм цыхуызæн фæгæмæл кодта йæхи ирон хæлæджы тызмæг критикæ!.. Мах, дам, Сырдоны фидиссагæй тонæм, Нафи та, дам, дзы историон хъайтар сарæзта! Афтæмæй та Нафи ахæмæй ницы сарæзта. Уымæн бантыст, Сырдон æцæгæй чи у, уый фенын æмæ йæ равдыста, куыд равдисын æй хъуыд, афтæ, æндæр ницы. Батрадзы къаннæг æмдзæвгæ «Сырдоны монолог» Нафи-йы гуыррахстджын æмæ фундаменталон уацмысимæ абарын æн-æраны ми уаид, фæлæ дзырд, ахæм къуындæг фæлгæтты дæр Сырдоны хуызæн цымыдисаг æмæ вазыгджын фæлгонц ирд ахорæнтæй равдисынмæ кæй сарæхст, ууыл цæуы.

О нартæ,

Бæхджынтæ, гæрзифтонг,

Хæстмондæгтæ, хъалтæ!

О нартæ,

Ыстæры цæугæйæ,

Дæлдзиныг – мæ бартæ.

…………………………

Æз хилын уæ фæстæ

Æдзухъом, фæлладæй, –

Куы цæут мыл хинæй,

Цæут мыл мæнгардæй.

Æлхæнут уæ удтæ

Мæ цармæй, мæ удæй, –

Фæзæгъут мын бузныг

Уæ зæрдæты туттæй…

Бирæ, тынг бирæ дзурæн ис курдиатджын поэт, йæ адæм, йæ фыдыбæстæйыл æнувыд адæймаг Касаты Батрадзы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, фæлæ – бирæйæ бирæгъдæр не фсæды æви цæххыл цæх кæнын нал хъæуы… Поэт йæхæдæг трибунæ у. Поэтæн ма йæхицæн дæр ныууадзын хъæуы йæхи тыххæй зæгъыны фадат.

Уырны мæ, Батрадз ныры онг йæ барджын хъæлæсæй цы загъта, йæ адæймагуарзон рæстаг зæрдæйæ цы хорз ракæндтæ рантыст, уыдон фылдæрæй-фылдæр кæндзысты. Уырны мæ, Батрадз цы рæсугъд удыхъæдимæ цæры, уыцы удыхъæды хъармæй нырма бирæ азты фæтавдзæн, йæ рæвдыд æхцон кæмæн у, уыцы æмгæртты, поэзиуарзджыты зæрдæтæ. Гъемæ нын цæр æмæ цæр, нæ зынаргъ Батрадз! Хуыцау дын радта алцы дæр: курдиат дæр æмæ лæгдзинад дæр, кæстæрамонд дæр æмæ адæмы хорзæх дæр. Хъæуы ма дæ æрмæстдæр рæстæг, азтæ. Цæрынæн æмæ фæлдисынæн. Æмæ дын дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцауы цæст ноджы бииирæ, æнæниз æмæ фæлдисынхъомæй кæй батонай, ахæм цæрæн азтæ балæвар кæнæд!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.