Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтæ æруынаффæ кодтой республикæйы кадрон полити-кæ æмæ закъондæттынад фæхуыздæр кæныны фарстатыл.

Юстицийы министр Гаглойты Олег уынаффæ кæнынмæ рахаста, Æмбæстагон кодексы фыццаг æмæ дыккаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарст, кодексы статьяйы раст зонæнтæ кæй нæй, уый тыххæй.

«Зонæнтæ раст кæй не сты, уымæ гæсгæ зын кæны нормæтæ æмбарынæн æмæ æркæны барадæй спайда кæныны проблемæтæм. Бахæсгæ ивындзинæдтæ здæхт сты æбæлвырд зонæнтæ сраст кæнынмæ, кæцытæ фадат дæттынц, кодексы цы нормæтæ фидар ис, æмбæстаджы бартæ реализаци кæныны фæдыл, уый тыххæй фарстатæ иуварс кæнын», – банысан кодта Гаглойты Олег.

Юстицийы министрады сæргълæууæг ма Хицауады уæнгтæн фехъусын кодта 2021 азы æххæсткæнынады æмæ паддзахадон хицауады органты барадæй спайда кæныны мониторингы план сæххæст кæныны хатдзæгтæм гæсгæ РХИ-йы барадæй спайда кæныны мониторингы фæстиуджыты тыххæй.

Æмбырды рæстæджы ма фидар æрцыд æнæмæнгхъæуæг æмæ ахсджиаг хосгæнæн препаратты номхыгъд 2023 азы медицинон пайда кæнынæн.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Аллæйы доклады нысан куыд æрцыд, афтæмæй æнæмæнгхъæуæг хосгæнæн препаратты республикон номхыгъд арæзт æрцыд 2023 азы Уæрæсейы æнæмæнгхъæуæг препаратты номхыгъды проект хынцгæйæ, афтæ ма Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады профилон специалистты фæндтæ æмæ хатдзæгтæм гæсгæ æмæ медицинон æххуыс бакæныны ар-хайгæ стандартты хосгæнæн препаратты скондæй.

Номхыгъд конд  у 468 хосæй. Ист дзы æрцыд 15 позицийы, зынаргъ кæй сты, уый тыххæй, æмæ йæм хаст та  æрцыд 8 æндæр хосгæнæн препараты, уыдоны нымæцы онкологион низты ныхмæ препараттæ, сæ аргъ 50 мин сомы онг: «Иматиниб», «Вемурафениб», «Транстузумаб», «Бевацизумаб», «Панитумумаб», кæцытæ хъуамæ фидар æрцæуой дохтырон къамисы уылты.

Хицауады уæнгтæ уынаффæ кæнынмæ рахастой паддзахадон унитарон куыстуат «Арæзтадон æрмæджыты завод» сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты ведомствæйон къухдариуæгадæй ракæнын автомобилон фæндæгты арæз-тад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитетмæ.

Ацы темæйы фæдыл докладыл бакуыста автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Елдзарты Константин. Уый банысан кодта, зæгъгæ, куыстуат æндæр комитеты дæлбар бакæнын æнæмæнгхъæуæг у куыстуаты централизацийы нысанæн æмæ куыстуатон процессы организацийæн, уымæн æмæ пад-дзахадон унитарон куыстуат «Арæзтадон æрмæджыты завод» цы продукци уадзы, уый æлхæны горæты фæндæгты арæзтады фæдыл генподрядон организации – Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой».

Хорзыл банымадтой, Елдзарты Константин паддзахадон унитарон куыстуат «ТехСтрой» саразыны тыххæй цы фарст рахаста, уый дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног Паддзахадон унитарон куыстуат арæзт цæуы бюджетон фæрæзтæ хардз кæныныл эффективон контролы нысанæн, кæцытæ хицæн цæуынц автомобилон фæндæгты арæзтадæн.

«Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитетæн фæзынд æнæ-мæнгхъæуындзинад дæлведомствæйон организаци саразынæн, кæцы æдзухæй контрол кæндзæн фæн-дагон куыстыты гуырахст æмæ гъæдыл, æхцайы фæрæзтæ нысанмæздæхтæй пайда кæныныл», – банысан кодта комитеты сæргълæууæг.

Æмбырды ма хорзыл банымадтой паддзахадон æмбæстагон службæйы къласон цинтæ радтыны тыххæй РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон, æмæ ахуырад æмæ зонады министрады хицæн паддзахадон æмбæстагон службæгæнджытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.