Хуссар Ирыстоны минӕвӕртты иу къорд, кæцытæ волонтертæй архайдтой «сырх зонæ»-йы, арвыстой Хъырымы санатори «Северное сияние»-мӕ се ‘нӕниздзинад фидар кӕнынмӕ, Ай-Петрийы хохыл æрсагътой Аланийы тырыса. Уый нымад у иууыл бæрзонддæр хохыл Хъырымы æрдæгсакъадахы.

«Хохмæ немæ схастам æртæ кæрдзын æмæ ирон бæгæны, скуывтам Дунесфæлдисæг Кадджын Хуыцаумæ, цæмæй фыдбылызтæй бахиза ирон адæмы. Нæ кæстæртæн сабыр, рæсугъд фидæн куыд уа, уыцы амонд ратта!», — радзырдта волонтер Багаты Марат.

Балц арӕзт ӕрцыд Президент Бибылты Анатолийы сæрмагонд хыгъды хӕрдзтӕй.

Фыццаг къорд фараст адӕймаджы скондӕй Хъырымы горӕт Сакейы баулæфдзæн 20 февральмӕ, стӕй сӕ раивдзӕн дыккаг фӕлтӕр.

«2020 азы фӕззӕджы, Хуссар Ирыстоны рынчындӕтты уӕззау уавӕр куы сӕвзӕрд коронавирусы апарахаты фӕстӕ, уӕд бирӕ фӕсивӕд бацыд ӕххуысмӕ медиктӕм. Мах дӕр уыдыстӕм уыдон нымӕцы. Уӕд ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд ӕмӕ йӕ нымад-там нӕ хӕсыл. Алчи дӕр дзы иу мӕйӕ къаддӕр нӕ бакуыста, уазал, уӕззау уавӕр ӕмӕ тасы цыд нӕ куыст, нӕ цуры æрцыд зиӕнттӕ, бирӕтӕ сӕхӕдӕг дӕр фӕрынчын сты. Тынг ӕхсызгон нын у, нӕ архайд нын ӕнӕхъусдард кӕй нӕ ныууагътой», — загъта волонтертӕй иу Гӕбӕраты Алан.

«Ӕнӕниздзинад фидар кӕны-нӕн у хорз бынат. Ис дзы цъыфӕй ваннӕтӕ, гидромассаж ӕмӕ хорз аходӕнтӕ. Бузныгæй баззадыстӕм президентӕй, кӕй нын сарӕзта ахӕм фадат, уый тыххæй», — йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Санатори «Северное сияние» ис диссаджы бынаты — Сау денджызы был, йæ фарсмæ ис цад Саки.

Ацы уавæрты, æнæниздзинад æппæты зынаргъдæр хæзна кæй у, уый æмбаргæйæ, волонтертæ равдыстой æцæг хъæбатырдзинад, сæ хъарутæ æнæвгъауæй радтой рынчын адæмæн.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.