1-æм июлæй куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр фæфылдæр АИ-92 маркæйы бензин, афтæ ма дизелон æртаджы аргъ дæр. Бюджетон организацитæн æмæ паддзахадон куыстуæттæн æртаг уæй цæудзæнис 38-40 соммæ, хицæн адæймæгтæн та – 40-43 соммæ.

Экономикон райрæзты министр Кокойты Геннади æртаджы аргъ фæфылдæр кæныны тыххæй афтæ зæгъы: «Уæрæсейы æртаджы æргътæ стабилон кæй не сты, уый зонынц канд шофыртæ нæ, фæлæ иннæ æмбæстæгтæ дæр. Æргъты схызт бандæвта паддзахадон-унитарон куыстуат «Югосетнефтепродукт»-ы куыстыл дæр».

Кокойты Геннади ма куыд зæгъы, афтæмæй «Югосетнефтепродукт»-æн йæ зæрды ис æртагæм-бырдгæнæн станцы арæзтад сифтонг кæнын, цæмæй куыстуатæн уа фæсауæрц æмæ æнцонтæй архайа ахæм тыхст уавæрты. «Уый хыгъд алчи дæр зоны, махмæ æртаджы аргъ бæрæг къаддæр кæй у Цæгат Ирыстоны æргътæй», – дзырдта ма Экономикон райрæзты министр.

Экономикæйы министр ма зæгъы, зæгъгæ, ныртæккæ зын у развæлгъау зæгъын, æртаджы аргъ райсом куыд уыдзæн, уый. Фæлæ республикæйы къухдариуæгад кусы, цæмæй бынаты æргътæ къаддæр уой Цæгат Кавказы республикæты æргътæй.

Уæдæ куыд бандæвта æртаджы æргъты уавæр нæ республикæйы цæрджытыл?

Хуссар Ирыстоны автомобилон-транспортон управленийы сæргълæууæг Дудайты Альберт зæгъы: «Æртаджы аргъ кæй схызт, уый бандæвта нæ куыстыл дæр. Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ билет кæд нырмæ 300 сомы уыд, уæд 4-æм июлæй та суыдзæнис 350 сомы. Уый бандавдзæнис, республикæйы фæлгæтты цы рейсон транспорт кусы, уыдоныл дæр».

Тедеты Вася – Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ бæлццæттæласæг. «Æртаджы аргъ куы фæфылдæр вæййы, уæд мах дæр бæлццæттæ ласыны аргъ фæфылдæр кæнæм ныр 500 сомæй схызт 600 соммæ. Иутæ æмбарынц уыцы аххосаг, аннæтæ фæзагъд кæнынц. Адæмы бамбарæн ис, бирæтæн 100 сом дæр æхца у. Фæлæ паддзахадон транспорт æртаг æлхæны 38-40 сомæй, мах та  –  40-43 сомæй.

Джиголаты Руслан – рог автомашинæйы шофыр. «Мæнæн мæ куыст афтæ у æмæ къуыри дыууæ хатты дæр ацæуын Цæгат Ирыстонмæ. Æртаг ныккæнын нæхимæ, уымæн æмæ Цæгат Ирыстонæй ам асламдæр у æмæ гъæдджындæр. Ныртæккæ нæ хицауад контрол кæны æрласæггаг æртаг.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.