Афтæ рауад æмæ уыцыиу рæстæджы æрцыдысты æртæ æнæнхъæлæджы цауы, кæцытæ комкоммæ æндавынц нæ республикæйы цæрджыты царифтонгадыл. Цæгат Ирыстонæй нæм цы электроадæттæн хахх цæуы, уымæн йæ хуссарирыстойнаг хайы аваритæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ ныр æртыккаг бон республикæйы цæрджытæ ифтонг нал цæуынц электроэнергийæ. Стыр митуарды аххосæй æтттыкаг бон æхгæд у Транскамы автомагистраль. Нæ горæты цæрджыты нуазыны донæй ифтонгад дæр бæрæг фæкъаддæр, Едыс-Цхинвалы донуадзæны Дзомагъы донæмбырдгæнæн кæй ахицæн кодтой, уый аххосæй. Ацы цауты тыххæй бæлвырддæр зонæнтæ  нæ æрмæджыты.

 

ДЫУУÆ АВАРИЙЫ УАЛ АИУВАРС КОДТОЙ

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæ кусджытæ ныр æртæ боны кусынц, электродæттæн хаххы телтæ цы бынæтты аскъуыдысты, уыдоны сæндидзын кæныныл. Дыууæ раны аиуварс кодтой аваритæ, фæлæ уæддæр электроэнергийы ифтонгад нæ сæндидзыдта. Знон та дыууæ бригадæйы ацыдысты æмæ куыстой аварийы фæстиуджытæ кæрон-мæ аиуварс кæныныл.

Хуссар Ирыстоны электроифтонгад фескъуыд 23 декабры боны æмбисы.

«Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Гæбæраты Алан куыд зæгъы, афтæмæй электротелтæ кæй ныскъуыдтæ сты, уымæн йæ аххосаг у къæвдахæццæ мит кæй фæуарыд, уый. Уæззау миты телтæ нæ баурæдтой æмæ ныскъуыдтæ сты. «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы кусджытæ кусынц, архайынц, фæлæ  сæ къухты нæма бафтыд кæронмæ авари аиуварс кæнын.

 

КУСЫНЦ ФÆНДАГ СЫГЪДÆГ КÆНЫНЫЛ

Фæндагон службæты кусджытæ дæр æртæ боны дæргъы кусынц Транскамы автомагистралы асыгъдæг кæныныл. Ацы фæндаг махæн рагæй ссис царды фæндаг. Фæндагон службæтимæ фæндаг сыгъдæг кæныныл кусынц Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ дæр.

Æгæр бирæ мит æвиппайды кæй æруарыд, уымæ гæсгæ цæгатварсы ‘рдыгæй нæ тых кæнынц йæ асыгъдæг кæныныл фæндагон службæтæ. Фæндаг сыгъдæг цæуы хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй, кæцы æдзух ис Уæлвæткон уавæрты министрады хъусдарды бын.

25-æм декабры райсомæй æрæвнæлдтой цæгатирыстойнаг фарсы æрдыгæй фæндаджы митæй сыгъдæг кæнынмæ. Тасдзинад кæй æвзæрын кæнынц зæйцæуæн бынæттæ, уымæ гæсгæ фæстиат кодтой фæндагон службæтæ дæр. Фæлæ ныр æвæстиатæй æрывнæлдтой йæ сыгъдæг кæнынмæ.

Æнцад нæ бадынц хуссарирыстойнаг фарсы æрдыгæй дæр. Æхсæвы ма цы мит рауары, уый сыгъдæг кæнынмæ æрæвналынц æвæстиатæй. Уавæр æмбарынц шофыртæ дæр, æмæ нæ тыхсын кæнынц фæндаг сыгъдæггæнджыты.

 

КЪУЫЛЫМПЫТИМÆ ЛÆВÆРД ЦÆУЫ ГОРÆТМÆ НУАЗЫНЫ

ДОН ДÆР

Горæтмæ дон къуылымпытимæ лæвæрд кæй цæуы, уый тыххæй дæр цæрджытæ стыхстысты. Æцæг сæ бамбарæн дæр ис. Фæлæ нæм дон дард æмæ бæрзонд ранæй цæуы æмæ зымæджы æнхъæлмæ кæсæн вæййы ахæм æнæнхъæлæджы цау-мæ дæр.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы кусджытæ æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнынц Дзомагъæй нæм цы дон цæуы, уый. Куыд зонæм, афтæмæй уый арæхдæр размæнты уалдзæджы къæвдаты рæстæджы. Фæлæ та ныр дæр митхæццæ къæвда дзæвгар кæй рауарыд, уымæ гæсгæ размæсты ис. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыд æрæхгæнын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæкъаддæр ис горæтмæ цы нуазыны дон цæуы, уый гуырахст. Едысæй Цхинвалмæ цы дон цæуы, уый та нал фæфаг кæны горæты цæрджытæн. Дон куыддæр фæсыгъдæг уа, афтæ та горæт ифтонг цæудзæн æмбæлон æгъдауæй.

Дзырд дæр ыл нæй, æртæ хабары иурæстæджы нæ адæмæн тынг зын уыдысты. Фæлæ нæ адæм фæразон сты. Уыцы зындзинæдты сæрты нæ адæмы бирæ хæттыты бахъуыд ахизын. Æмæ та ныр дæр кæй сфæраздзыстæм, ныхмæ кæй фæлæудзыстæм зымæджы хивæнд митæн, ууыл дызæрдыггæнæн нæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.