РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ УФ-йы Æдасдзинады Советы секретарь Рашид Нургалиев ауагътой æмбырд Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтимæ баст къорд фарстаты фæдыл.

Æмбырды Уæрæсейы фарсæрдыгæй хайад райстой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады, Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады, Транспорты министрады, Энергетикæйы министрады, хъæууон хæдзарады министрады, Россельхознадзоры, Æнæниздзинад хъахъхъæныны, Бæрзонд медицинон технологиты федералон клиникон центры минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй та – республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

Бибылты Анатоли æрæмбырдуæвджытæн бузныг загъта бакæнгæ æнтысгæ куысты тыххæй æмæ загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, иумæ куысты режимы æркастæуыдзæн развæлгъау бакуыстгонд уынаффæтæм. Бузныг загъта УФ-йы Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрадæн, «Лидер»-æн дæр, минæтæй ссыгъдæг кæныны фæдыл Хуссар Ирыстоны цы куыст æххæст кæнынц, уый тыххæй.

Рашид Нургалиев банысан кодта хуссарирстойнаг коллегæтимæ æмархай-ды æхсæнведомствæйон къорды æнтысгæ куыст.

«Абон мах азылдыстæм æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттыл. Фидарæй зæгъæн ис, республикæмæ кæй æрцыдысты бæрзонд медицинон технологитæ. Æхсызгон у банысан кæнын, иууылдæр кæй кусынц æмæ центрæн йæ бон кæй у йæ хæстæ æххæст кæнын. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ ахæм размæцыд хъуамæ уа дарддæр æндæр къабæзты дæр», – загъта Нургалиев.

Æхсæнведомствæйон къорды куысты ахсджиагдæр здæхтытæй сæ иу уыд Транскавказы автомагистралы архайд сахуыр кæнын. Уæрæсейы Минтрансы Федералон фæндагон агентады автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы Управленийы хистæры хæдивæг Павел Брюхов æмбырды хайадисджытæн радзырдта зæйты ныхмæ галерейты, тæссаг бынæтты фæдыл иртасæнтыл, кæцыты тыххæй аразын хъæуы инженерон арæзтадтæ.

«Транскамы цæгаттаг хайы æппæт тæссаг бынæттæ зындгонд сты, приоритетондзинад дæр бæлвырд у. Развæлгъау банымадтытæ дæр сты цæттæ. Кæсæм фæндагон картæ аразыныл, æппæт мадзæлтты реализацийы аргъ у 12 миллиард сомы бæрц. Мах æввахс рæстæджы Транспорты министрадимæ иумæ бацæттæ кæндзыстæм фæн-дæттæ æмæ сæ барвитдзыстæм УФ-йы Хицауадмæ», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй фæндагыл цæгат порталæй Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйон посты онг ис зæйтæ æрцæуынæй дыууæ тæссагдæр фадыджы. «Уыцы фадгуытæ тынг стыр не сты, фæлæ растдæр уыдоны тыххæй махæн сæвзæры проблемæтæ æмæ уыдонмæ хъæуы сæйраг хъусдард аздахын» – загъта йæ хъуыды Президент.

Рашид Нургалиев дæр загъта, ацы фадгуытæ хъусдардмæ райсын кæй у объективон æмæ раст.

Æмбырды боны фæткы лæууыд Хуссар Ирыстоны электроэнергийæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныны фарст дæр. Уæрæсейы Энергетикæйы министрады оперативон контролы департаменты директоры хæдивæг Александр Федоров радзырдта сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй Кавказы хохрагъы сæрты ног электрохæххыты арæзтады варианттæ не ‘рхæсдзысты зæрдæйыфæндиаг фæстиуджытæ, уымæн æмæ уыдон цæудзысты зынвадат бынæтты. Зонкъары донæмбырдгæнæныл электростанц саразын та, зæгъгæ, ницы пайда ратдзæн, уымæн æмæ донæмбырдгæнæн афтæ стыр нæу, гæнæн ис дæтта æрмæстдæр 6 мг Вт, зымæджы рæстæджы та гæнæн ис бынтондæр ма куса.

«Энергетикæйы министрадмæ ис фæндæттæ республикæмæ иу кæнæ дыууæ мобилон газотурбинон станцтæ баласыны тыххæй. Хъырымы цы станцтæ сарæзтам, уыдон кусынц æнæкъуылымпыйæ æмæ фадат ис ахæм станцтæ Хъырымæй Хуссар Ирыстонмæ æрбаласынæн, цæмæй республикæ æдзух ифтонг цæуа электроэнергийæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, резервон электроифтонгады фæдыл уыдис дыууæ фæдыздæхты  «Рукъы тъунелыл резервон хахх æмæ газотурбинæ. Сæ дыууæйы реализаци æххæстæй аиуварс кæндзæнис электроэнергийæ ифтонгады къуыхцытæ æмæ къуылымпытæ».

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон æххуысы фарстаты фæдыл раныхас кодта УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры æххуысгæнæг Анатоли Гулин.

«Мах бацыдыстæм гемодиализы центр-мæ. Уый кусы эффективонæй, сæйраджы сæйраг та цæрджытæ сты райгонд.  Абон æмбæстæгтæ, æнæ искуыдæм ацæугæйæ, исынц медицинон æххуыс. Активонæй кусы медицинон фæдзæхстад, хос кæнынмæ республикæйæн æддæмæ рынчынты цыд фæкъаддæр», – загъта уый.

Гулины хъуыдымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хъæуы бакæнын зæрдæдадзинты хирургийы хайад. «Махæн нæ плӕнтты ис ацы здæхты специалисттæ бацæттæ кæнын, цæмæй æмбæстæгтæ медицинон æххуыс исой бынаты. Растдæр ацы здæхты бахъæуы абон æххуыс кæнын республикæйæн æддейæ», – банысан кодта министры æххуысгæнæг.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй стыр хъусдард кæмæ хъæуы аздахын, уыцы здæхтытæй сæ иу у, туг дæттыны службæ сорганизаци кæнын.

«Ацы фарстыл мах куыстам хуссарирыстойнаг коллегæтимæ. Махмæ ма æрбаиу Бæрзонд медицинон технологиты федералон клиникон центр дæр.  Проектон-сметæйон документаци экспертизæ рацæудзæн ацы центры. Кусæм, нæ кæрæдзийы хорз æмбаргæйæ», – загъта уый.

Республикæйы районты æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Рашид Нургалиев. Банысан кодта, раздæр зын дзурæн кæй уыд цæрджыты хостæй æххæстæй ифтонг кæныныл, ныр та, зæгъгæ, мах нæхи цæстæй федтам, уавæр кæй фæхуыздæр.

Хъæууон хæдзарады рæзты фарстайыл уынаффæ кæнгæйæ, фæндон бахастæуыд агросæудæджерадон кластер саразыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

Республикæйы иууыл перспективондæр районыл нымад æрцыд Ленингоры район, уæлдайдæр та Цъинагары зонæ. Ныртæккæ ам, сæйраджыдæр, кæнынц нæмыгон къультурæтæ тауыны куыст, дыргъгуыст дзы кæнынц тынг цъус фæзуæттыл. Уыимæ æмбырды хайадисджытæ сразы сты, Цъинагары зонæйæн потенциал кæй ис. «Агросæудæджерадон комплексы сæйраг хæс у бынæттон фæлхасгæнджыты фаг продукци æркæнын. Ацы къабазы рæзт хъуамæ бындуриуæг кæна хъуыддагмæ комплексон ахастыл, кæцы æнцой кæны культурæты байтыдтыты оптимизаци æмæ байтыдтыты фæзуæттæ фылдæр кæныныл, куыд зайæгойкуысты, афтæ фосдарды продукци дæр кæронмæ бакусыныл, афтæ ма йæ реализацийыл дæр», –  банысан кодта УФ-йы Хъæууон хæдзарады министрады минæвар.

Бибылты Анатолийы фæндонмæ гæсгæ уæрæсейаг специалисттæ сахуыр кæн-дзысты Цъинагары зонæйы донхæргæнæн системæйы тыххæй фадæттæ.

Рабадты уынаффæ цыдис эпидемиологон æмæ санитрон тасдзинæдты тыххæй дæр. «Югосельхознадзор»-ы сæргълæууæг Мæргъиты Алан радзырдта, мраморгъуыз хъæндилы ныхмæ куыд тох цæуы, уый тыххæй. «Мах ауагътам мониторинг республикæйы æмæ ацы хъæндил рабæрæг Гуырдзыстонимæ арæнгæрон территориты  Дзауы районы Карзман æмæ Синагуры хъæуты, афтæ ма Знауыры районы дæр. Уый нырма тынг нæ парахат кæны, фæлæ тæссаг у, куы фæхъарм уа, уæд тынгдæр кæй парахат кæндзæнис», – загъта Мæргъийы фырт.

Фарсты фæдыл Нургалиев банысан кодта, ситуаци хуымæтæг кæй нæу.

«Ацы проблемæйы ахуыр кодтам. Гæнæн ис æмæ уый уа цавæрдæр штамм, кæцы æрбафтыд Лугары лабараторийæ. Махмæ афтæ кæсы æмæ уыдон сты вирустæ парахат кæныны алыгъуызон хуызтæ æмæ у национ æдасдзинады элемент. Уымæ гæсгæ йæ ныхмæ тох кæныны тыххæй исын хъæуы æмбæлон мадзæлттæ», – загъта уый.

Рабадты хайадисджытæ байхъуыстой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры минæвар Максим Смирновы раныхасмæ 2018-2019 азтæн Инвест-программæйы тыххæй. Уый куыд загъта, афтæмæй банысангонд программæйы иу-мæйаг финанскæнынад у 4 миллиард 184 милуан сомы. Уыдонæй 2018 азæн уыдысты 1,4 миллиард сомы, 2019 азæн та – 2 миллиард 787, 2 милуан сомы. «2018 азæн рахицæнгонд фæрæзтæ хардз æрцыдысты, баззадис ма дзы 36 милуан сомы. 2019 азæн Инвестпрограммæйæн абоны бонмæ рахицæн æрцыд 459, 47 милуан сомы, уый у иумæйаг финанскæнына-дæн йæ 16 проценты», – фехъусын кодта уый.

«2018 азмæ хаст 33 мадзалæй кæронмæ фесты 17 объекты, 16 объекты та планмæ гæсгæ рахызтысты 2019 азмæ. Уыцы 16 объектæй ныридæгæн фесты кæронмæ 2. Иннæтыл куыст цæуы планон режимы. Æхсæнхицауадон къамисы дыууынæм рабадты фидар æрцыд 2020-2022 азтæн Инвестпрограммæ. Республикæйы сæм, корректировкæтæ бахæссыны фæстæ, мах рахиздзыстæм проектгæнæн куыстытæм æмæ дарддæр дæр алцыдæр цæудзæн планон режимы», – загъта Смирнов.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй Инвестпрограммæ æнтысгæйæ сæххæст кæныны фактортæй иу у программæйы объектты фæдыл æппæт хъæуæг проектон-сметæйон документаци саразын.

«Мах нæ къух систам объекттæн проекттæ æмæ экспертизæ азы райдианы аразыны практикæйыл. Ныр æппæт документаци дæр цæттæ цæуы раздæр. Цæвиттон, 2020-2022 азтæн Инвестпрограммæйы объекттæн уыдон арæзт цæудзысты ацы аз æмæ 2020 азы райдианы нæ бон уыдзæн комкоммæ арæзтадон куыстытæм æрæвналын æмæ нын графиктимæ проблемæ нæ уыдзæн», – банысан кодта Президент.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.