Сланты Ленто у Стыр Фыдыбæстæйон æмæ æмбæстагон хæстыты ветеран, афтæ ма советон-япойнаг арæныл конфликты хайадисæг дæр. Æрæджы йæ номыл Дзауы районы цытджын æгъдауæй байгом ис мемориалон фæйнæг æмæ ныр бирæты цымыдис кæны не ‘мзæххоны цард æмæ йæ хæстон фæндæгтæ.

Сланты Ленто райгуырдис 1901 азы 26-æм апрелы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы дæрддаг æмæ рæсугъддæр хъæутæй сæ иу – Брытъаты хъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Лентойæн йæ сабийы бонтæ уыдысты уæззау. Хæххон лæппу раджы базыдта, сидзæр цы у, уый. 6 азы йыл куы цыдис, уæд фæзиан йæ мад æмæ йæ хъомыл кодтой йæ хæстæг сылгоймæгтæ. Цæрдæг æмæ æнæзивæг уыдис хъæуы, хызта фос æмæ хæдзарон куыстытæ кодта. Чысыл куы байрæзт, уæд æй радтой Кутаисы гимназмæ. Кæд Ленто хорз ахуыр кодта, уæддæр ын нæ бантыст гимназ фæуын, уымæн æмæ йæ уыцы мæгуыр дуджы бахъуыд кусыны сæр, цæмæй æххуыс кодтаид йе ‘фсымæртæн æмæ йæ хотæн.

Æхсæрдæсаздзыд лæппу 1917 азы бацыд партизантæм Санахъоты Матейы къордмæ, кæцы тох кодта гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ. Ленто æрдзæй уыд зæнджын лæппу. 1918 азы райдианы хуссарирыстойнаг революцион комитет партизантæн бахæс кодта, цæмæй сусæг документтæ фæхæццæ кодтаиккой Цæгат Ирыстонмæ Киров æмæ Орджоникидземæ. Уыцы бæрнон хæс йæхимæ райста Сланты Ленто. Хуымæтæджы нæ уыд уырдæм зымæгон фæндаг, иннæмæй та йæ хъахъхъæдтой се знæгтæ, фæлæ Ленто уæддæр гæххæттытæ фæхæццæ кодта бынатмæ. Уыцы аз æй Киров æмæ Орджоникидзейы амындмæ гæсгæ райстой Сырх гвардимæ æмæ уæндонæй тох кодта Цæгат Кавказы Деникины æфсады ныхмæ.

1921 азæй 1923 азмæ Сланты Ленто ахуыр кодта Тбилисы кавалерион курсыты. Йæ ахуыры фæстæ æрвыст æрцыд Украинаг æфсæддон зылды 2-аг кавалерион дивизимæ, цыран 1937 азы уый ссис кавалерион полчы командæгæнæг. Дыууæ азы фæстæ цæугæдон Халхин-Голы райдыдтой æфсæддон архайдтытæ æмæ Ленто йæ полкимæ æрвыст æрцыдис уырдæм. Уыдон япойнæгтæй хъуамæ бахъахъхъæдтаиккой ацы бынат. Ленто йæхи равдыста хъæбатыр хæстон æмæ командирæй, знагыл кæй фæуæлахиз сты, уыцы хъуыддаджы ис йе стыр хайбавæрд æмæ йæ схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы орденæй æмæ йын радтой булкъоны ном. Маршал Буденныйы къухтæй та райста йæ фыццаг хæстон лæвар – кавказаг æвзист æхсаргард. Фæлæ Лентойæн йæ хæстон фæндæгтæ разæй уыдысты нырма. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ уæд Ленто бахатыд, цæмæй йæ арвыстаиккой хæсты быдырмæ. 1941-æм азы декабры мæйы Сланты Лентойы 80-æм кавалерион дивизи æрвыст æрцыд Волховаг фронтмæ æмæ уым хæцыдысты немыцаг фашисттимæ. Уыцы ран знаг куынæг куы ‘рцыдис, уæд дивизийы бæхджынтæ атындзыдтой блокадон Ленинградмæ æххуысмæ. Ленинградмæ бахизæны уыдон хъæбатырæй тох кодтой гитлерон фашисттимæ, цæмæй систаиккой блокадæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Ирон командиры бардзырдмæ гæсгæ уыдон Ленинграды фронтимæ иумæ хъуамæ æрхъула кодтаиккой немыцæгтыл æмæ бацахстаиккой горæт Киришы æмæ афтæмæй алыг кодтаиккой знаджы фæндæгтæ. Ам уыдон бацыдысты уæззау тохты, æртæ суткæйы дивизийы хæстонтæ баззадысты æххормагæй, фæлæ уæддæр размæ бырстой æмæ дæрæн кодтой знаджы. Ацы тохы йæ хъæбатырдзинад æмæ стыр ныфсхасты тыххæй Ленто хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Уæд С. Савицкий Сланты фырты тыххæй ныффыста уацау «Герой снежных вершин», зæгъгæ, ахæм номимæ, кæцыйы бæстонæй равдыста ирон лæппуйы ныфсхастдзинад æмæ йæ дивизийы хъæбатыр тох. Ленинграды блокадæ сисыны рæстæджы Ленто фæцæф цалдæр хатты æмæ-иу ын госпиталы куы схос кодтой, уæд та-иу æрбаздæхтис фронтмæ. Уый ма йæ хæстон æмбæлттимæ, дивизийыл командæгæнгæйæ, немыцаг фашисттæй хъахъхъæдта Кавказ дæр.

Советон Цæдисы Маршал Ворошиловы  стыр ныфс уыдис ирон хæстонæй æмæ нæ фæсайды. Сланты Лентойы кавалерион дивизийы хæстон архайдтытæн стыр аргъ æмæ кад кодта Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг Сталин йæхæдæг дæр. 1943-æм азы декабры мæйы Сланты Лентойæн радтой инæлар-майоры ном.

Сланты фырт хъæбатырæй йæхи кæй равдыста æмæ æппæт æфсæддон хæстæ дæр аккагæй кæй сæххæст кодта, уымæ гæсгæ йын Советон паддзахад дæр йæ но-мæн скад кодта æмæ хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй, Сырх Тырысайы æхсæз орденæй (Лентойæ дарддæр Сырх Тырысайы 6 ордены ничи райста), Суворовы I æмæ Кутузовы II къæпхæны ордентæй, Сырх Стъалыйы орденæй æмæ фараст майданæй.

Сланты Ленто, йе ‘нæниздзинад мæгуырау кæй уыд, уый тыххæй отставкæйы ацыд 1956 азы. Йæ сæрæн кæй нал уыд, уымæ гæсгæ арæх рынчынтæ кодта æмæ йæ цардæй ахицæн 1969 азы. Номдзыд хæстоны бавæрдтой Цæгат Ирыстоны пантеоны Хетæгкаты Къостайы фарсмæ. Лентойы чи зыдта, уыдон æнæмæнгдæр банысан кодтаиккой, кæй уыдис хæларзæрдæ, фæлмæнтæ, æцæг хорз адæймаг, бахъуыды æмæ тыхст рæстæджы алы хатт дæр æрбалæууыдаид  адæймаджы фарсмæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.