Ереды трагедийы æнæаххос амæттæгты ном арыны нысанæн Згъудеры  сæ иумиаг уæлмæрды 18 марты уагъд æрцыд мысæн мадзал. Уыцы бон 1991 азы æртын азы размæ 12 ирон афтидарм лæппуйы æрцахстой, сырдон æгъдауæй сæ фыдудæй марыны фæстæ удгасæй баныгæдтой. Фæдсафынæн та сын сæ уæлæ фæндаг сарæзтой.

Ереды трагедийы амæттæгты къамтæ сæ иумиаг уæлмæрды конд уыдысты стендтыл.

Трагедийы амæттæгты иумиаг уæлмæрдмæ æрбацыдысты сæ хиуæттæ, бæстæйы къухдариуæгад, бæрнон кусджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, кæд 30 азы рацыд уыцы æбуалгъ трагедийæ, уæддæр дыууæ аз æмæ æрдæджы бæрц махæн фадат нæ уыд уыдонæн сæ рухс нæмттæ арынæн, уымæн æмæ уыдысты æбæрæгæй сæфт. Ничи йæ зыдта, кæм сты ацы æнæаххос, фыдудæй кæй мардтой, уыцы лæппутæ, сырдон æгъдауæй кæм æрцыдысты удгасæй ныгæд. Уыцы рæстæг се ‘ввахс хиуæттæ æрвыл уысм дæр æнхъæлмæ кастысты, кæй разындзысты, уадз сахъатджынтæй, фæлæ уæддæр сæрæ-гасæй. Фæлæ сæ, зæгъгæ, сæ ныфс фæсайдта, раст нæ разындысты.

«Æмæ Гуырдзыстон æрмæст уыцы иу трагеди æмæ фыдракæнд сарæзта Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ? Нæ – бирæ зиæнттæ, фыдмитæ æмæ æфхæрд баййæфтой ирон адæм – уый Зары трагеди, стæй ныл 2008 азы гуырдзиаг алыгъуызон уæззау нæмгуытæ къæвдайы донау куы уарыдысты», – дзырдта Президент.

Æртын азы фæстæ нæ – æнусты фæстæ дæр…

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æппæт ацы фыдракæндтæ сты ивгъуыд æнусы райдианы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон цы геноцид сарæзта, уый фæстиуджытæ. Уæды рæстæджы ирон адæмы æнусон тугдзых знæгтæ æфхæрд куы баййæфтаиккой æмæ сæ фыдракæндты тыххæй дзуапп куы скодтаиккой, уæд махмæ нæдæр 1989 аз, нæдæр 1991аз, нæдæр 2004 аз æмæ нæдæр 2008 азты хæст æрцыдаид. Уымæн æмæ цæрæнбонты Гуырдзыстоны иунæг фæндон у, зæххы къорийыл ирон адæмы скуынæг кæнын, цæмæй дзы ма хъуыса ирон ныхас æмæ зард.

Мах, зæгъгæ, бузныг стæм Дунескæнæгæй, ахæм хъæбатыр æмæ фæндвидар лæппутæ знаджы ныхмæ кæй слæууыдысты, тыхтæ нын кæй уыд, цæмæй нæ зонгуытыл ма ‘рлæууæм æмæ нæ сæртæ ма ‘ркъул кæнæм знаджы раз.

Бибылты Анатоли ма йæ ныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм кæй хъуыды кæндзысты уыцы фыдракæндтæ нæ адæмы ныхмæ, хъуыды, зæгъгæ, кæндзыстæм, нæ чысыл Ирыстон хъахъхъæнгæйæ, сырдон æгъдауæй знаджы къухæй чи фæмард, тохы быдыры йæхи нывондæн чи æрхаста, фæндагыл цæугæйæ кæй мардтой, уыдон се ‘ппæты дæр.

Уый бузныг загъта рæзгæ фæлтæры номыл, кæцытæ мадзалы райдианы трагедийы амæттæгты иумиаг ингæны раз ард бахордтой, кæй нæ ферох кæндзысты гуырдзиаг режимы сырдон архæйдтытæ æмæ ирон адæмы ныхмæ геноцид.

Ереды трагедийы амæттæгты мысæн мадзалы рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг бахатыд æрæмбырдуæвджытæм æмæ æмырæй алæугæйæ ссардтой алы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы рухс ном дæр, кæцытæ абон нал сты не ‘хсæн. Сæ номыл айхъуыст æхсæнгæрзты æртæ æхсты дæр.

Президент дарддæр дзырдта, зæгъгæ, ахæм бонты кæй мысæм, уыцы æдзард хъæбатыртæ кæй тох кодтой Хуссар Ирыс-тоны хæдбардзинады сæрыл, кæрæдзиæмбарынад æмæ бæстæйы сæрибардзинады тыххæй.

«Уымæ гæсгæ æз нымайын афтæ, æмæ алы адæймаг, алы политик дæр хъуамæ хъуыды кæна иудзинадыл, республикæйы рæзтыл æмæ йæ адæмы хæрзæбоныл. Нæ иудзинад дæр ууыл баст у, цæмæй ахæм трагедитæ фæлхатт мауал æрцæуой, цæмæй размæ цæуæм, æмæ адæмы æнгомдзинадыл архайæм.  Махæн бар нæй æмæ рæдийæм, бар нын нæй кæрæдзи æфхæрынæн дæр», – банысан кодта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг бузныг загъта, рæстæг чи ссардта æмæ ацы æнкъард мадзалмæ чи æрбацыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Мах, зæгъгæ, хъуыды кæндзыстæм Гуырдзыстон Ирыстонæн цы фыдмитæ фæкодта, уыдон.

Ереды трагедийы амæттæгты иумиаг уæлмæрдмæ мадзалы хайадисджытæ хастой дидинджытæ æмæ веноктæ. Сæ æдзард цардæмбæлтты, ныййарджыты, æфсымæрты æмæ æввахс хиуæтты риумæ иууыл фæстагмæ бацыдысты, уыцы къæвда бонау сæ цæстысыг кæмæн нæ сур кодта, уыдон – хиуæттæ… Сæ æдзард æмæ зæрдæмæ æввахс, ныр æртын азы сæ фарсмæ чи нал ис, уыдон нæмттæ арынмæ…

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.