Геноцид уæззау фыдракæндыл нымад цæуы, уыцы стыр фыдракæнд чи сарæзта, уый та æмбæлон  æфхæрд куынæ баййафа, уæд ын уымæй арæзт цæуы ног фадæттæ йæ фыдракæнд сфæлхатт кæнынæн. Уымæн цæвиттон у ивгъуыд æнусы 20-æм азты Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноцид. Ацы стыр фыдракæнд йæ рæстæджы геноцидыл нымад куы æрцыдаид, æмбæлон аргъ ын куы счындæуыдаид, уæд фæлхатт нал æрцыдаиккой, 90-æм азтæй 2008 азмæ Гуырдзыстон Хуссар Иыстонæн цы фыдракæндтæ сарæзта, уыдон.

Адæймаг цæрæн бынат куы февзары, уæд фыццаг бафæрсы, сыхæгтæ цахæм сты, уымæй. Уымæн æмæ дæ сыхаг куы бæзза, уæд тыхст рæстæджы кæддæриддæр дæ фарсмæ балæудзæн æмæ дæм йе ‘ххуысы къух фæдардзæн, уымæй дæ цард фæрогдæр уыдзæн, фæлæ дæ сыхаг фыд адæймаг куы уа, уæд дын кæндзæн фыдмитæ, дæ цард кæндзæн æнад æмæ æндыгъд. Хъыгагæн, Хуссар Ирыстон ахæм æнаккаг сыхагæй хайджын у. Йæ  хуссайраг сыхаджы æрдыгæй уый бирæ æфхæрд баййæфта. Куыд йæ ногдæр историйы, афтæ йæ раг историйы дæр бирæ ис трагикон цаутæ, кæцытæ  сты Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноциды æвдисæнтæ-символтæ. Ахæмтæ сты Зары, Ереды, Цъинагары трагикон цаутæ, 13 коммунары фехст, æмæ сæ чи фæнымай-дзæн.

1917-1921 азы раздæры Уæрæсейы империйы территорийыл æрцыд кардиналон æхсæнадон-политикон æмæ барадон ивындзинæдтæ, фæуæлахиз Октябры революци. Уæрæсейы империйы сконды уæвæг националон баиугæндтæй бирæтæ, уыцы нымæцы Фæскавказы республикæтæ Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Со-михстон, спайда кодтой Уæрæсейы Советон Федеративон Республикæйы большевикты националон политикæйы бындурæвæрæг – националон хæдравзæрсты барты принципæй æмæ рахызтысты Советон Уæрæсейы скондæй. Уыдон Уæрæсейы æрдыгæй райстой хæдбардзинад æмæ систы суверенон паддзахадтæ – æхсæндунеон барады субъекттæ. Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы уыцы принцип хауд алы нацимæ дæр, фæлæ, хъыгагæн, Гуырдзыстоны меньшевикон къухдариуæгадæн уыд чысыл империон амбицитæ æмæ ирæттæ  дæр Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны территорийыл советон хицауад куы расидтысты, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы,  Гуырдзыстоны меньшевикты зæрдæмæ нæ фæцыд. Уый фæстиуæгæн Жорданияйы меньшевикон хицауад сфæнд кодта ирæтты скуынæг кæнын, удæгасæй ма дзы чи баззайа, уыдон та сæ фыдæлты зæххытæй фæсурын.

Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады æфсæддонтæ бырстой алы хæдзармæ дæр æмæ сæ пырх,  куынæг кодтой. Удæгасæй ма баззадысты, чи бамбæхст кæнæ хæхты ‘рдæм чи алыгъд,  уыдон.

Уынгты тохты рæстæджы меньшевиктæ уацары систой 13 ныхмæлæууæг – коммунары. Коммунарты ‘хсæн уыд 16 аздзыд æнахъом лæппу дæр. Уыдон уыдысты Уалыты Данел Никъалайы фырт, Уалыты Никъала Арчилы фырт, Цхуырбаты Гыдзыл Зурабы фырт, Котолиты Никъала Дауыты фырт, Джиоты Андрей Гæбийы фырт, Ходты Пашка Дауыты фырт, Гобозты Соскъо Леуаны фырт, Тедеты Иван Раждены фырт, Цхуырбаты Тотыр Дурийы фырт, Дзеранты Бута Гаврилы фырт, Джиголаты Резо Дауыты фырт, Джиголаты Саша Никъалайы фырт æмæ Куымæридтаты Гиго Алыксандры фырт.

Уацайраг коммунарты бакодтой, абоны  зæронд хиды цур хæдзæрттæй иуы ныккæнды. 20 июны сæ æхсæвы æртæ сахатыл ракодтой уырдыгæй æмæ сæ куы фæцæйкодтой, уæд коммунартæй сæ иу афарста, кæдæм сæ кæнынц, уымæй, уæд гвардионты дзуапп уыд, зæгъгæ, Гуры ахæстонмæ. Уацайрæгты Гурмæ нæ, фæлæ скодтой Цхинвалы сæрмæ Згъудеры къуылдыммæ. Уым сæм æнхъæлмæ кастысты дохтыр Вацлав Херш æмæ сауджын Алекси Къванчъахадзе. Уым коммунартæн фехъусын кодтой, æхсты тæрхон сын кæй рахастой, уый. Гуырдзиаг гвардионтæ уацайрæгтæн сæхицæн хъуамæ скъахын кодтаиккой ингæнтæ, фæлæ уыдон ницы хуызы разы кодтой. Хæцæнгæрзты хъæдтæй дæр сæ надтой, фæлæ уæддæр куынæ сразы сты, уæд Цхинвалмæ арвыстой æмæ уырдыгæй стардтой бынæттон цæрджытæй  цалдæры. Цалынмæ уыдон  иумиаг ингæн къахтой, уæдмæ сбон ис.  Коммунарты слæууын кодтой дыууæ рæнхъæй. Гвардионтæ æмæ коммунарты ‘хсæн уыд 25 къахдзæфы бæрц. Иуæй-иу азфысджытæ куыд фыссынц, афтæмæй коммунарты фехсыныл нал разы кодтой гвардионтæ, тбилисаг кусæг адæмæй кæй уыдысты, уый сæраппонд. Фæлæ ууыл хъуыддаг нæ банцад, Къасрадзе Гогия, Майсурадзе Ила, бынæттон меньшевиктæй цалдæр сæхи раразмæ кодтой коммунарты марынмæ. Уыдонимæ уыд Лохты Артем дæр, кæцыйы ном ирон адæмы ‘хсæн абон дæр у æлгъыстаг.

Сауджын уацайрæгтæн æфсонæн загъта, цæмæй сæ «фыдракæндыл» æрфæсмон кæной. Уый фæстæ Джиоты Андрей сæ марджытæм бадзырдта, цæмæй ма саразой фыдракæндыл. Уæд лæгмартæй иу, æхсты командæмæ дæр нал банхъæлмæ каст æмæ фехста Андрейы. Афтæмæй коммунартæй фыццаг фæмард Андрей. Уый фенгæйæ, æвзонг коммунар йæхи ап-пæрста хъæды ‘рдæм, алидзынмæ бæргæ хъавыд, фæлæ йæ бæхджын гвардион ба-сырдта æмæ йæ амардта. Уый фæстæ фехстой иннæ коммунарты дæр.

Ацы фыдракæнд гуырдзиæгтæ уымæн сарæзтой, цæмæй фæтæрсын кæной куыд ирæтты, афтæ æндæр нациты минæвæртты дæр. Коммунарты куы æхстой, уæд Майсурадзе Ила хъæр кодта, зæгъгæ, ирæтты куы ныццæгъда, уæд та сомихæгтæм æрæвналдзæн, сауджын Къванчъахадзе та хъæр кодта: «марут коммунистты æмæ ирæтты!». Уый дзурæг у ууыл, æмæ гуырдзиæгтæн сæ дины кусджытæ, раджы дæр æмæ ныр дæр, иууылдæр иу зондыл хæст сты, иууылдæр сты фысы цармы æмбæхст тугмондаг бирæгътæ.

Фæстæдæр Хуссар Ирыстоны территорийæ сырд æрцыдысты меньшевиктæ. Лохты Артемы амардтой фæмардуæвæг коммунарты хæстæджытæ.  Коммунарты чи фехста, уыдонæй чидæртæ фæмард сты тохты. Гуырдзыстоны советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд ирæтты чи куынæг кодта, уыдонæй æфсонæн кæйдæрты ахсгæ дæр æркодтой æмæ сыл стæрхон кодтой.

Дæс боны дæргъы гуырдзиаг гвардионтæ Хуссар Ирыстоны арты хай фæкодтой, басыгътой æмæ ныппырх кодтой хъæуты, фæмард сты мингай адæймæгтæ, дæсгай минтæ та фæлыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.

Уыцы геноциды рæстæджы хуссайраг ирæттæй фæмард 5279 адæймаджы, уыцы нымæцы сылгоймæгтæ – 1375, сывæллæттæ – 1844. Фæмардуæвджытæй алы æртыккаг уыд сывæллон. Знаджы къухæй чи фæмард, лыгъды рæстæджы фæндæгтыл æнамонд цаутæй кæнæ низæй чи фæмард, уыдон æдæппæт уыдысты 15 мин адæймаджы, уый та у Хуссар Ирыстоны уæды цæрджыты 20 проценты. Уыдон нымæцмæ нæ бахаудысты, лигъдæттæ кæм æрцардысты, уым сæ тифæй æмæ æндæр низтæй чи фæмард, уыдон. Хуссар Ирыстонæн гуырдзиаг меньшевикон къухдариуæгад разиан кодта 3 милуан 317 мин сыгъзæрин сомы аргъ.

Фыццаг хатт геноциды факт паддзахадон æмвæзадыл нымад æрцыд 1990 азы «Хуссар Ирыстоны 1920 азы геноциды тыххæй деклараци» райсгæйæ. 2006 азы Хуссар Ирыстоны Парламент райста уынаффæ «1918-1920 азты цаутæн политикон аргъ скæныны тыххæй».

Абоны онг дунейы бæстæтæй бирæтæ банымадтой, 1915 азы Турк сомихæгтæн цы геноцид сарæзта, уый. Фæлæ ирæтты геноциды хъуыды дæр æмæ йæ кой дæр ничи кæны. Нæ йæ рох кæнынц æрмæстдæр ирæттæ, уыдон æй кæддæриддæр сæ зæрдыл дарынц æмæ дардзысты. О, фæлæ зæрдыл дарын фаг нæу. Ма ферох кæнын, уый нæ комкоммæ хæс у, фæлæ ма нæ хæс у хуссайраг ирæтты ныхмæ уыцы фыдракæнд дунеон æхсæнадмæ фæхæццæ кæнын, сæ зæрдыл сын æй æрлæууын кæнын. Уый сæраппонд алы бæстæтæм   официалон æмæ æнæ официалон балцыты рæстæджы дзурын хъæуы геноциды тыххæй.

Хъыгагæн, нæ националон съездты æппæтыл дæр фæдзурынц, фæлæ сæ айрох вæййы сæ ахсджиагдæр дзуринаг. Ирон адæмы съездты сæйраг темæ ирæтты геноцид хъуамæ уаид. Радон съездтæм æрцæуæг диаспорæтæн бахæс хъæуы, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ кæной Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноцид. Уыдонæн цæвиттон хъуамæ уаиккой сомихаг диаспорæтæ. Сомихæгты геноцид цæмæй банымадтаиккой фæсарæйнаг паддзахадтæ, уый тыххæй стыр куыст бакодтой æмæ абон дæр кусынц уыцы бæстæты цæрæг сомихаг диаспорæтæ. Ирон диаспорæтæ дæр уыдоны куы бафæзмиккой æмæ цы бæстæты цæрынц, уыцы адæмимæ æмбарынгæнæн куыст  куы бакæниккой, уæд ирæтты геноцид дæр нымад æрцæуид.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.