Æртыццæджы, 13-æм декабры Цхинвалы Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæрттæ – УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгады бын уагъд æрцæудзæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æм-гуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы Хицауады пресс-службæ.

Фембæлды æруынаффæ кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы финансон æххуыс радтыны фарстытыл, 2017 азы республикæйы социалон-экономикон рæзты нысæнттæн, 2015-2017 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы æмгуыстады корректировкæйы тыххæй къамисы æмсæрдæртты уынаффæйыл, РХИ-йы скъолайы кары агъоммæйы æмæ иумиаг ахуырады хызæджы модернизацийы план среализаци кæныны, РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны систмæйы модернизацийы фæдыл мадзæлтты план æмæ РХИ-йы цæрджыты цардуагон ифтонгады объектты эксплуатацийы структурæйы оптимизацийы фæдыл мадзæлтты планыл, афтæ ма сфидар кæндзысты 2018-2019 азтæн Инвестицион программæйы финанскæнынады мадзæлттæ æмæ структурæ.

Фидæны Инвестпрограммæмæ хаст æрцыдысты республикæйы рæзты приоритетон здæхтыты фæдыл мадзæлттæ,  сæрмагондæй экономикæйы реалон сектор, туризм, инженерон хызæгты арæзтад, бастдзинады рæзт æмæ æндæр социалон нысаниуæджы объекттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.