4-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мауро Мурджиайы. Уый тыххæй фехъусын кодтой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары офисы архайдмæхауæг фарстытыл. Уый Римы байгом 2016 азы 2-æм апрелы.

«Банысан æрцыд Италийы Хуссар Ирыстоны интерестæ дарддæр райтынг кæныны тыххæй ацы цауы нысаниуæг, — банысан кодтой пресс-службæйы. — Ныхасы рæстæджы æркастæуыд алыгъуызон проектты реализаци кæныны перспективæтæм, кæцытæ гæнæн ис æххæст æрцæуой Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинæйы, экономикæйы, ахуырады æмæ культурæйы къабæзты».

Пресс-службæйы ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цхуырбаты Андрей бузныг загъта господин Мурджиайæн «йæ активон æмбæстагон позицийы æмæ минæвары бынаты йæ куысты тыххæй», афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта, чи йын æххуыс кæны, уыдонæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.