15 июлы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æвдæм сессийы дыууадæсæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр. Боны фæткмæ хаст æрцыд фондз фарсты, уыцы нымæцы парламентон улæфты ацæуын дæр.

Депутаттæ æруынаффæ кодтой «2021 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет æххæст кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектыл, фæлæ ист не ‘рцыд. Схъæлæс ыл кодтой 14 депутаты.

Бюджеты æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон бюджет æххæст кæныны фæстуиджытæм гæсгæ хыгъдон рæстæджы сæвзæрд профицит 53 милуан сомæй фылдæр.

Ацы фактмæ йæ хъус æрдардта Парламенты вице-спикер – Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Плиты Александр, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, паддзахады æфтиаг кæй фæфылдæр ис, уымæ нæ кæсгæйæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны ми-нистрады фарстытæ баззадысты æнæскъуыддзаггондæй.

«Медиктæн нæ ковидон бафыстытæ бакæнынæн æнæмæнгæй хъæуы 2 милуан сомы, фæлæ уыцы æхцатæ не сты. Нæ кусы рентген, кæцы у тынг ахсджиаг. Цæмæй уый сцалцæг кæнæм, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у 900 мин сомы, фæлæ нæм æхцайы фæрæзтæ нæй. Уыдон сты тынг ахсджиаг фарстытæ. Республикæйы медицинæйæ ахсджиагдæр ницы ис», – загъта Плийы фырт.

Депутат Санахъоты Давид бацымыдис кодта æхцайы фæрæзтæ дихкæнынадмæ, кæцы фæрæзты 2020 азы Уæрæсейы Федераци рахциæн кодта Хуссар Ирыстонæн ковид-19 ныхмæ тох кæнынæн.

Рентгены фарстыл ныхас кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ банысан кодта, рентгены фæдыл сразыдзинад раст арæзт кæй не ‘рцыд æмæ уый тыххæй Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн кæй фехъусын кодтой.

Уæрæсе цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта, ууыл ныхас кæнгæйæ, уый банысан кодта, æхцайы фæрæзтæ дих кæй æрцыдысты, æмæ дзы цы 14 милуан сомы баззад, уымæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр хъуамæ ногæй æркæса.

«Баззайгæ æхцайы фæрæзты фæдыл Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр загъта, зæгъгæ, сæ арвитдзæн хостæ æлхæныны тыххæй. Фарстытæ хъуамæ æрвыст æрцæуой Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ», – загъта Тыбылты чызг.

Бюджеты æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «2021 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон фонды бюджет æххæст кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Ацы фарстыл æмхъæлæсæй сразы сты.

Уымæй уæлдай ма, парламентаритæ байхъуыстой Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы хъусынгæнинагмæ Парламентаризмы дунеон боны цытæн.

Хъусынгæнинаг бакаст Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.

Сессийы депуттатæ Уæрæсейы Федерацийы казначействойы басгæрсты акт арвыстой республикæйы генералон прокуратурæмæ басгæрст ауадзыны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты вице-спикер Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрады Уæрæсейы Федерацийы Федералон казначействойы басгæрст – 11.05.2021-02.07.2021 азы.

«Басгæрсты æрмæджытæ æрвыст æрцæуæд Генералон прокуратурæмæ фæдагуырды размæ басгæрст ауадзынæн æмæ закъоны фыст мадзæлттæ райсынæн», – загъта Гасситы Петр.

Депуттатæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы фарстыл.

Фæстаг фарстыл ма парламентаритæ æруынаффæ кодтой депутатон корпусы сæрдыгон улæфты  ацыдыл 18 июлæй 31 августмæ депутаттæ фембæлдтытæ уадздзысты æвзарджытимæ.

Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, фæззыгон сесси байгом уыдзæн сентябры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.