17-æм октябры РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд хицауады æмбырд.

Республикæйы Хицауад хорзыл банымадта 2016 азæн паддзахадон бюджеты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæс-сыны тыххæй фарсты.

Уый фæдыл раныхас кодта финансты министр Хæбæлаты Азæ. Министр куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны проект бакусыны æнæмæнгхъæуын-дзинад равзæрыд 2016 азæн паддзахадон бюджеты æфтиæгты хайы корректировкæ кæнынæй, уыцы нымæцы 9 мæйы дæргъы фактон æгъдауæй ба-цæугæ æфтиæгты хынцынæй, афтæ ма 9 мæйы дæргъы хæрдзтæм гæсгæ паддзахадон бюджеты хæрдзты хицæн хæйтты фæфылдæр кæныны æнæ-мæнгхъæуындзинадæй.

Хæбæлаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ паддзахадон бюджеты æфтиæгты хай у 8 миллиард 982 мин 813 сомы, хæрдзты хай та 10 миллиард 33 милуан 341 мин сомы. Дефицит æхгæд цæуы азы райдианы цы баззайæццæгтæ баззадысты, уыдоны хыгъдæй, кæцытæ сты 1 миллиард æмæ 13 сомы.  Фæндон хаст цæудзæн, цæмæй бюджеты æфтиæгты хай фæфылдæр уа 31 милуан 707 мин сомы. Ацы азы 9 мæйы фактон æгъдауæй цы æфтиæгтæ бацыд бюджетмæ, уыдон планæй уыдысты 9 % фылдæр. Бюджеты æфтиæгты хай, сæйраджыдæр, фæфылдæр фиддонтæй бацæугæ æфтиæгтæй.

Фæндон бахастæуыд, цæ-мæй хæрдзты хай фæфылдæр уа хицæн министрадтæ æмæ ведомствотæн, паддзахадон уагдæттæн.

Министры ныхæстæм гæсгæ Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты паддзахадон комитеты разамынад бахатыд ахæм куырдиатимæ, цæмæй ведомст-вæйæн рахицæнчындæуа 14 милуан 236 мин сомы, цæмæй республикæйы территорийыл фæхуыздæр уа телеалæвæрдты гъæд. Уый ма куыд загъта, афтæмæй фæндон бахастæуыд, цæмæй хæрдзты хай фæфылдæр уа Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрадæн æмæ йын рахицæн æрцæуа 5 милуан сомы медикаменттæ самал кæныны тыххæй, иу ахæм та республикæйы цæрджытæн бæрзонд технологион æххуыс бакæныны тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ хæрдзты хай фылдæр цæуы горæт Цхинвал æмæ Дзауы районы администрацитæм дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ горæты сывæллæтты 20-æм цæхæрадонæн 2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн разианчындæуыд æмæ мах этапгай уый кæнæм æмбæлон уагмæ нæхи фæрæзты хыгъдæй. Уымæ гæсгæ нæ ныфс ис йæ сæндидзын кæнынæн резервон фондæй рахицæн кæй æрцæудзæн 5 милуан сомы æмæ 8 милуан 100 мин сомы та бюджетмæ барасткæнинæгтæ бахæссыны тыххæй, – загъта Хæбæлаты Азæ.

Афтæ ма фæндон бахастæуыд, цæмæй республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрадæн рахицæн æрцæуа 1 милуан сомы Æрыгон натуралистты станцы хъомылгæнинæгты скъолайон автобусæй сифтонг кæныны тыххæй.

Министр ма хицауады уæнгты базонгæ кодта хицæн паддзахадон уагдæтты хæрдзты хай фæфылдæр кæныны æндæр фæндæттимæ дæр. Хицауады уæнгтæ закъоны проекты райстой æмхъæлæсæй æмæ ма уыимæ Хицауады Сæрдар банысан кодта фиддонон службæйы æнтысгæ архайд, йæ куыст хуыздæр кæныны тыххæй.

Æппæт ранымад хæрдзты статьятæ ахсджиаг сты не ‘мбæстæгты социалон проблемæтæ скъуыддзаг кæныны. «Мах дарддæр дæр фæрæзтæ агурдзыс-тæм, цæмæй сывæллæтты скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты бынæттæм радтæ фæкъаддæр уой, афтæ ма æндæр ахсджиаг фадгуытæн дæр», – загъта уый.

Газæй ифтонг кæныны къабазы æргътæ æвæрыны æмæ тарифтæ бæстон кæ-ныны тыххæй æмбырды ра-ныхас кодта республикæйы Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям.

Йæ ныхæстæм гæсгæ цы уынаффæйы проектыл бакуыст æрцыд, уымæн йæ нысан у Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты цардифтонгады объектты структурæйы оптимизаци, æнæмæнгхъæуæг нормативон базæ бакусгæйæ тарифон бæстонкæнынады системæ бакусын, цæрæнуатон фондæн разамынадон структурæ аразын, кæцытæ фидар æрцыдысты социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Æхсæн-хицауадон къамисы 14-æм рабадты. Экономикон министрады сæргълæууæг ма хицауады уæнгты размæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Электроифтонгад»-ы къабазы æргътæ æвæрыны æмæ тарифтæ бæстон кæныны бындурты тыххæй»,  æмæ «Коммуналон комплексы организациты архайды къабазы æргътæ æвæ-рыны æмæ тарифтæ бæстон кæныны фæткы бындурты тыххæй» уынаффæты проекттæ.

Зæгъойты Вильямы ныхæстæм гæсгæ профилон ведомствотæ уæрæсейаг специалисттимæ стыр куыст бакодтой энергоресурстæй пайда кæнын æмæ коммуналон комплексы къабазы нормативон-барадон базæ саразыны фæдыл. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй бакуыстгонд документты бафидар æрцыдысты ахæм уагæвæрдтæ, кæцытæ фæлхасгæнæджы  хъахъхъæнынц тарифты æнæбындурæй фылдæр кæнынæй.

Фарсты фæдыл Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, барадон бындур æвæрд æрцыд, абоны бонмæ цы тарифтæ уæвынц, уыдонæн æмæ бæлвырд у сæ хынцыны нырыккон методикæ. Уый та, йæ ныхæстæм гæсгæ баст нæу тарифтæн сæхи ивындзинæдтимæ.

«Хынцыны нырыккон методикæ райсгæйæ махæн нæ бон суыдзæн цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады дарддæры куыст хуыздæр кæнын», – загъта уый.

Министр цы фарстытæ рахаста, уыдоныл æмхъæлæсæй сразы сты хицауады уæнгтæ.

Республикæйы Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард та æмбырды хайадисджыты размæ рахаста æркæсынмæ ахæм уынаффæты проекттæ. «Бирæфатерон хæдзæрттæ æмæ цæрæн хæдзæртты хицæуттæ æмæ пайдагæнджытæн коммуналон лæггæдтæ кæныны тыххæй», «Бирæфатерон хæдзары иумæйаг исад дарын æмæ уæлæнгай цалцæг кæныны тыххæй», «коммуналон хъæбæр згъæлæнтæй пайда кæныны нормативтæ сбæрæг кæныны фæткойтæ сфидар кæныны тыххæй».

Министр куыд загъта, афтæмæй банысангонд проектты уынаффæтæ бакуыст æрцыдысты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады эксплуатацийы структурæ оптимизаци кæныны фæдыл мадзæлтты план реализаци кæныны нысанæн, кæцы фидар æрцыд Æхсæнхицауадон къамисы 14-æм рабадты.

Йæ рады Хъуылымбегты Доменти бузныг загъта уæрæсейаг специалисттæн, республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, хъæуæг нормативон акттæ бакусыны хъуыддаджы активон хайад кæй райстой, уый тыххæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.