РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй цы рабадт ауагъд æрцыдис, уым æруынаффæ кодтой иу къорд фарстытыл. Сæйрагдæр фарст уыдис 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйы объектты финанскæнынадмæ ивындзинæдтæ бахæссыныны æмæ Уæрæсейы Федерацийы хыгъдæй РХИ-йы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæныны финанскæнынады фæткы тыххæй. Уыдон æххæст цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Сразыдзинадмæ гæсгæ.

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой «2017-æм азы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг. Уыдон тыххæй фæндон бахаста финансты министр Хæбæлаты Азæ, УФ æмæ РХИ-йы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты 2017 азы 31 октябры уынаффæты фæстæ. Уыдон баст уыдысты 2015-2017 азты Инвестпрограммæйы ивындзинæдтимæ.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейæ æххуысы хуызы цы финансон фæрæзтæ ист цæуы, уыдон афоныл æмæ хæдзардзинæй хардз кæныны нысанæн фæндон хаст цæуы, цæмæй 2017 азæн паддзахадон бюджеты æфтиæгты хай фæкъаддæр уа 1150, 00 милуан сомы æмæ æмхуызон дих æрцæуа 2018-2019 азтыл, ома, алы азæн дæр 575,00 милуан сомы. Афтæмæй 2018 азæн бюджетон ассигнацитæ уыдзысты 2093,60 милуан сомы. 2019 азæн та  2093,00 милуан сомы.

Финансты министр куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахадон бюджеты хæрдзты хайы нысан ис паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-æн субсидитæ 35282,67 мин сомы радтын, цæмæй бахардзгонд электроэнергийы тыххæй акционерон æхсæнад «ИнтерРАО»-йæн бафидой сæ хæсты иу хай. Зындгонд куыд у, афтæмæй «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон» «ИнтерРАО»-йæн æдæппæт цы хæс хъуамæ бафида, уый у 320 милуан сомы æмæ реструктуризацийы тыххæй бадзырдмæ гæсгæ уыцы хæс хъуамæ бафыст æрцæуа дæс азмæ.

Афтæ ма Уæрæсейы финансон æххуысы бацауæрзт фæрæзтæй 49972,53 мин сомы рахицæн æрцы-дысты, ацы аз 11 -14 июны Хуссар Ирыстоны цы æрдзон æнамонддзи-нæдтæ æрцыдысты, уыдон аиуварс кæныны мадзæлттæн.

Бюджетон уагдæтты кусджытæн сæ куыстмыздтæ радон хатт фæфылдæр кæныны фарстыл рабадты уынаффæ кæнгæйæ Хæбæлаты Азæ фехъусын кодта, уыдон астæуккаг нымадæй кæй фæфылдæр уыдзысты 23 проценты. Дзырд цыдис ахуырады, физикон культурæ æмæ спорты, æнæниздзинад хъахъхъæныны, культурæйы къабæзты, афтæ ма хъæууон хæдзарады, паддзахадон уагдæтты, Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты, Уанеты Захары номыл Зонад-иртасæн институты, Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты, дæлведомствæйон уагдæтты хицæн кусджыты хицæн къордтæн сæ куыстмыздтæм компенсацион æмæ разæнгардгæнæн бафтыдтытæ сфидар кæныны тыххæй.

Фæфылдæр уыдзæнис республикæйы дзыллон информацион фæрæзты – Паддзахадон телерадиокомпани «Ир» – газеттæ «Южная Осетия», «Хурзæрин», журнал «Фидиуæг» æмæ информацион агентад «Рес»-ы фонд дæр.

РХИ-йы Президенты барамындмæ гæсгæ цы ног паддзахадон структурæ арæзт æрцыд, паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон службæ «Югооссельхознадзор», зæгъгæ, уы-мæн йæ уагæвæрды æмæ штатты тыххæй, рабадты хайадисджытæн радзырдта йæ къухдариуæггæнæгæг Мæргъиты Алан.

Хицауады уæнгтæ ма хорзыл банымадтой «хæцæнгарзимæ æдасæй архайыны фæткойтæ ахуыр кæныны æмæ хæцæнгарзимæ æдасæй архайыны цайдагъдзинæдтæ райсыны”, афтæ ма банысангонд фæткойтæ цас зонынц æмæ сæм æмбæлон цайдагъдзинæдтæ цас ис, уыцы нысæнт-тæн адæмы бацæттæ кæныны бар кæмæн ис, ахæм организациты номхыгъд сфидар кæныны тыххæй РХИ-йы Хицауады проект. Уынаффæ кæнынмæ йæ рахаста Мидхъуыд-дæгты министр Наниты Игорь.

Рабадты дзырд цыдис фæллойадон дисциплинæ хъахъхъæныны, Президент æмæ Хицауады Сæрдары хæслæвæрдтæ æххæст кæныныл дæр. Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы хæслæвæрдтæ дырысæй æххæст куы нæ цæуой, министрадтæ æмæ ведомствотæ сæ нывæзтытæ рæстæгыл куы нæ бавдисой æмæ æххæст кæной, уæд æнхъæлмæ кæсæн кæй нæй куысты егъау фæстиуджытæм æмæ æрдомдта, цæмæй бæрнон-дæр ахаст æвдыст цæуа сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ.

 

Æрмæгыл бакуыста

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.