Нæ бындур нын чи нæ ныззилын кодта, историйы рохмæ нæ чи нæ фехста, Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Арсен… Джыккайты Шамилы хуызæн, æрвон комулæфт кæмæ хæццæ кодта, ахæм гуырд радтын нын кæй цæст бауарзта, уымæй куыд зæгъæм: «Хуыцауæй арфæгонд нæ фестæм…» «Адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой», – кæмæй зæгъынц, уый сасиры бын нæ амбæхсдзынæ. Кады адæм сæ цыты лæгты уæлæрвтæм исынц. Сæхæдæг дæр уыдонимæ адæмы æхсæн фæдарынц къуыпп.

Саджы фисынтыл амад Джыккайты Шамил уыцы кадджынты нымæцы сæрыстырæй бадт. Иры кад æмæ намысы чиныг бæрзæндты хаста. Къæм абадын ыл нæ уагъта. Кувгæ дæр нын йæхæдæг кодта – рын, сонæй хызт куыд уæм; ирон лæджы рихийы кад нæ дæлфæдтæм куыд никуы æрæппарæм; кæстæртæн цæвиттойнаг куыд уæм: «О Бурсамдзели, хæхты хох, бæрзонд Сыгъдæг бардуаг!», «Ысрухс нын кæн дæ арфæйæ нæ зонд», «Æмгæрон ма ‘руадз ацы кæмттæм хæст, Сæрибар уæнт дæ кувæг адæм хæхты».

Шамилыл йе ‘лвæст, зæлланггæнаг æмæ æхцон дзырд, судзаг фарстыты тыххæй æвзонджы бонты æрæвæрдта ирон литературон критикæ йæ цæст. Æхсонау цæхæртæ калдта нæ адæм æмæ нæ Фыдыбæстæйы сæрыл тохы. Дзуццаты Хадзы-Мурат загъта: «Адæймаг æмæ адæмы сæрибар – уый у Шамилы сæйраг мæт æмæ сагъæс». Тыхст дуджы Поэты хуызæн сæруæлдæйттæ фæхъæуынц. Шамил, йæ зæрдæйыл йæ къух сæвæргæйæ, сыгъдæгзæрдæйæ уымæн куывта Бурсамдзелийы бæрзонд æмæ æппæтхъом зæд-дуагæн, цæмæй нын йæ цæст бауарза, Хуыцауы радтгæ адæм адæм цæмæй сты, уыцы стыр кады хъуыддæгтæ («Мæ куывд»): «О Бурсамдзели, уыцы амонд ратт, Куыд уæм сæрыстыр куыст æмæ æгъдауæй, Нæ дзырдæн уæд æр-вон тых æмæ рад, Нæ цæсгом бахиз чъизи æмæ дауæй».

Æмæ, бæргæ, адæймаджы алы куывд уæлæрвтæм куы хъуысид, уæд нæ хæхбæстæ фæрнджын адæмæй æмæзмæлд кæнид. Фæлæ кувын нæ ирон поэзийы Къостайы «Ракæс»-æй фæстæмæ: «Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..», – страдицион. Æрмæст Шамилæн йæхимæ цас сты æмдзæвгæтæ-куывтытæ: «Мæ куывд», «Изæрмилты кувын», «Мæгуыры куывд Джиуæргуыбайы», «Гаджидау», «Хурмæ куывд», «Ракæс», «Ног боны бæллицтæ», «Хъынцъымы газель», «Бафæлладтæн… О Хуыцау, æркæс…» Ноджы дæр сæ ис нымайæн. Поэты сфæлдыстады уыцы куывтыты фæрцы сырæзт поэт-куывдоны фæлгонц. Йæ дзырд йæ зæрдæйы фæндиаг кæм нал фæкæрды, йæ тых фыдцарды ныхмæ куынæ уал фæфаг кæны, уæд лирикон хъайтар йе ‘ргом аздахы уæлæрвтæм – Хуыцау æмæ зæдтæм, цæмæй Ирыстонмæ æркæсой, ма йæ уадзой ратон-батон кæнын, сырды хæрдæй хæрын æрцæуæг хæддзутæ сты, тыхгæнджытæ æви хисафтæн.

Поэтæн йæхицæн табуйаг цы уыдис – зонд сыгъдæг куыд уа, адæмы цард зындон куыннæ уал уа, Уæлладжы урс сæрæй ныл зæрин хур фарны рухс куыд рæдзæгъда, хæст нæм æмгæрон куынæ æрцæуа, Хуыцауы кувæг адæм сæрибар куыд уой хæхты, сæрыстыр куыст æмæ æгъдауæй куыд уæм, нæ дзырдæн æрвон тых æмæ рад куыд уа, нæ цæсгом та чъизи æмæ дауæй куыд уа хызт, «бæзнаг хъугæмттæ макуы суæнт зæрæстон» æмæ йæ æппæт уыцы хæрзтæ хъуыдысты нæ адæмæн. Фæлæ, æвæццæгæн, уæларвон комулæфт кæмæ хæццæ кæны, уыцы мæгуыр лæджы куывд дæр алы хатт уæлæрвтæм нæ хъуысы, æндæр дзы ницы ис. Уæддæр, «Лæг кард лæджы хурхмæ кæм дары, Уым нæй лæмæгъ уæвæн лæгæн» («Фæстаг ныхас»). Нæ поэт æппынæдзух фæдисы къахыл уымæн лæууыд.

Рæстæг йæ хъайтары йæхæдæг фæдæтты. Шамил æрдзыкондæй рахаста, цæмæй тадаид æмæ руадаид рæстдзинад, йæ раттæг адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы цинæй. Æрдз æй уыдонæн радта. «Адæм. Æмбардзинад – уыдон сæрвæлтау тох кодта Шамил. Сабырдзинад. Уарзондзинад. Цард – уыдоныл зарыдис поэт…», – зæгъы Къудухты Маринæ. Уыдонæй ахсджиагдæр ын ницы уыдис. Æмæ бæллыд куы йын уыдаид фарслæуджытæ, æмбæл-цæттæ, æмтохгæнджытæ йæ зын, фæлæ рæстаг фæндагыл. Йæ раттæг «Дзомагъы къуылдымтæ Фæлмæн изæрмилты фæлмау» куы «ныгъуылдысты», – уæд ын дымгæ рухс аргъæуттæ кæй хаста, йæ рагбонтæ фынау кæй уыдта, уый дызæрдыккаг нæу. Шамилы аив дзырд æргом, зæрдæмæхъаргæ у: «Æз уарзын цардыйас нæ хæхты», «Æрфынæй ног уæлмæрды дурыл Æхсæвы ирд цæссыгты мæй». Зæрдæ рæвдауынц фæлгонцон дзырдтæ, ирд нывтæ. Зæххыл дурæй, кæрдæджы халæй, рухсæй – удæгас кæй сты, уый адæймаджы уд кæны змæлын. Æфтауы нæ хъуыдытыл. Абадын нæ кæны бæллицты базыртыл. Æмæ уый у æцæг рухсхæссæг поэзи: «Фæнды мæ уарзын æмæ худын, Хъæуы мæ цинтæ æмæ зын; Фæнды мæ бæрзы бур дзыккутыл, Йæ рæсугъд урс зæнгтыл тыхсын».

Цы амондджын сты, йæ адæм, йæ Фыдыбæстæ, йæ мадæлон æвзаджы катай æрвылбон кæй нæ хæрынц, лæгдыхæй тохы сæр кæй нæ лæууын кæнынц, царды цинтыл зарынæй дарддæр æндæр мæт кæй нæй! Æмæ дын стæй исчи дæ чиныгыл, А. А. Фет куыд ныффыста Ф. И. Тютчевы æмдзæвгæты æмбырдгондыл: «Вот наш патент на благородство, – Его вручает нам поэт, – Здесь духа мощного господство, Здесь утонченной жизни цвет», – афтæ дæ хæлæрттæ æмæ дæ фæдонтæ дарддæр кæниккой дæ цин. Уæд, чи зоны, Шамил нæ адæмы удыхъæдыл, нæ тыбар-тыбургæнаг дзæнæты æрдз, нæ алæмæтон уæлдæф æмæ бирæ цымыдисон хабæрттыл цы диссаджы уацмыстæ сфæлдыстаид ноджыдæр. Фæлæ йын удæнцой нæ лæвæрдтой нæ адæмы карды комыл фæндæгтæ, нæ Фыдыбæстæйы рис æмæ додойаг уавæр, арвы айдæны дæр зынтæй кæй ссардæуыдзæн, нæ уыцы райгуырæн уæзгуытыл хæрæгсындз куыд зайы, æппæт уыцы хъуыддæгтæ. Зæрдæйы хъустæ кæмæн ис, уымæн йæ уæзæджы рис удмарæн у. Æмæ Шамил нæ фæрæзта, йæ радтæг уæзæг кæй федзæрæг, уый. «Йæ уд йæ дзыллæйыл чи хъардта, йæ райгуырæн Ирыстоны рисæй йæ зæрдæ кæмæн рыст, ахæм хъуыдыгæнæг адæймаг», – уыд Шамил.

Ирон адæмон поэт, прозаик, драматург, литературон критик, литературæиртасæг, публицист, тæлмацгæнæг, стыр æхсæнадон архайæг, филологон зонæдты кандидат, профессор, Къостайы номыл паддзахадон премийы æмæ Гæдиаты Цомахъы, Æмбалты Цоцкойы номыл премиты лауреат Джыккайты Федры фырт Шамил райгуырдис 1940-æм азы, æртхъирæны мæйы 25-æм бон, Ирыстоны хуссар хайы, фенддаджы æмдзæвгæты фыссинаг рæсугъд хъæу Дзомагъы. Цъалагомы.

«Ацы ком, Цъалагом, иууылдæр аивадон номæй хонæм Поэтты ком. Ацы комæй рацыдысты нæ зынгæ фысджытæ, нæ нывæфтыд литературæйы стыр классиктæ Хъороты Дауыт, Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо, Плиты Харитон, Гафез… Стæй дарддæр – Дзесты Куыдзæг, Хъороты Хъазбег, Беджызаты Васо, Дзаттиаты Тотырбег… Ноджы – Дзугаты Георги, Саулохты Мухтар, Джыккайты Шамил…

Куы сæ нымайæм, уæд цъус не сты. Ноджы – сæ иуæй се ‘ннæ – стырдæр фыссæг æмæ адæймаг!» Æрмæст чысыл Дзомагъæй рацæугæ сты поэттæ-æфсымæртæ Дзугаты Георги æмæ Хаджумар, журнал «Фидиуæджы» фыццаг редактор æмæ литературон кусæг, æхсæнадон архайæг Плиты Арон æмæ йæ фырт Плиты Агуыбе. Фæлæ сæ, хъыгагæн, Джыккайты Шамилау, алкæмæ Хуыцауы комулæфт нæ фæхæццæ. Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæ уыд: «Æмбисондæн баззад Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Дзомагъы хъæуккаг Джыккайты Дауыты цыргъзонддзинад», – адæм-иу афтæ дзырдтой Шамилы фыды фыдæй. – «Тынг нымад, тынг кадджын лæг уыдис». Фыссæг Гаглойты Владимир та дзырдта Дзомагъгомæй: «Сæрбахъуыды, фæдисы – фыццаг, æхсар, лæгдзинадæй – æххæст. Сæ сæры кад сæм уыдис бæрзонд. Цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой сæ намыс, цæстæвæрæн – зарынмæ, кафынмæ, цæстæвæрæн – сæ дзырдарæхст… Уыцы куырыхон зонды къæбиц зæрæдтæй Джыккайты Дауиты, Плиты Бедзейы, Губаты Дзаккойы æмæ Дзугаты Хасæхъойы нæмттæ дардыл хъуыст уыдысты». Ахæм зæххыл, ахæм адæмы æхсæн райгуырд Шамил. Æмæ уыцы Хуыцауы комулæфтæй хайджын сабийыл дыууадæс азы куы сæххæст, уæд æй 1952-æм азы бахъуыд Ирыстоны цæгат хаймæ, Камбилеевкæмæ йæ ныййарджытимæ хуыздæр цардæнхъæл алидзыны сæр.

Астæуккаг ахуырад куы райста, уæд æнтысгæйæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны педагогон институты филологон факультет. Куыста Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиоалæвæрдты комитеты. Æмæ йæ фидарæй бауырныдта, йæ хъысмæт ын уыцы бынат кæй не схай кодта, фæлæ йæм кæй сиды йæ ахуыры фæндаг адарддæр кæнынмæ.

Шамил 1965 – 1968-æм азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты аспирантурæйы. Чысыл фæстæдæр, 1970-æм азы, æнтысгæйæ бахъахъхъæдта диссертаци – «Фольклорные традиции в осетинской советской поэзии. 1917 – 1941 гг.» – ахæм темæйыл æмæ йын лæвæрд æрцыд филологон зонæдты кандидаты ном. Уæдæй фæстæмæ æппæт йæ цард æмæ йæ куыст æнæхъæнæй баст уыдысты Цæгат Ирыстоны пединститутимæ, фæстæдæр – университетимæ. Уыдис студентты уарзон лектор, ирон литературæйы сфæлдыстадон кафедрæйы сæргълæууæг, ирон филологийы факультеты декан. Студенттæн лекцитæ каст фольклорæй, ирон литературæйы историйæ, ирон культурæйы традицитæй. 1998-æм азæй та уыдис «Уæрæсейы Федерацийы адæмты литературæ»-йы дæсныйадыл аспирантурæйы къухдариуæггæнæг. Æрмæст нæ адæмы фольклорон бынтыл йæ фæллойы тыххæй Дзасохты Музафер зæгъы: «Бабæстон кодта æмæ стыр чиныгæй рауагъта нæ фыдæлты таурæгътæ. Дзæнæты бадинаг Хæмыцаты Тамарæимæ, зæгъæн ис, æмæ равдыстой хъæбатырдзинад: рыджы бын чи фæци, сæ дамгъæ дзæбæх зынгæ дæр кæмæн нал кодтой, уыцы къухфыстытæ равзæрстой æмæ «Нарты кадджытæ» мыхуырмæ бацæттæ кодтой. Абоны онг уал дзы рацыд фондз томы». Æдæппæт дзы рухс федтой авд томы. «Уыцы куыст адæймагæй уыйбæрц хъарутæ домдта, æмæ йæм дæсгай азты дæргъы йæ ныфс ничи хаста, – зæгъы дарддæр Музафер. – Тамарæ мын куыд дзырдта, афтæмæй, æхсæв-бон нæ зонгæйæ, æвзæрста къухфыстытæ». «Сæ размæвæрд хæс кадджынæй сæххæст кæнын»-ы тыххæй Фидараты Рустем зæгъы: «Æнæмæнг, Тамарæ дæр æмæ Шамил дæр ирон культурæйы хæзнадонмæ ацы рауагъдæй уæлдай куы ницы бахастаиккой, уæддæр сæ рухс нæмттæ арфæйагæй баззадаиккой ирон адæмæн». Фæлæ иу куыстыл лæууыд?

Нæ адæмæн, нæ Фыдыбæстæйæн ноджы фылдæр хæрзты цæмæй бацыдаид, ууыл хъардта æппынæдзух йе ‘нæрæнцой уд. Студенттæн сарæзта уæлдæр ахуыргæнæндæтты программæтæ нывæфтыд литературæ æмæ фольклорæй. Ахуыргæнинæгтæ æмæ студенттæн алы хатт дæр йæ ахуыргæнæн чингуытæ хицæн кодтой æмæ кæнынц сæ арф хъуыды æмæ сæ уæрæх зонындзинæдтæй. Дзуццаты Хадзы-Мурат дзырдта: «Алы æцæг поэтау, Шамил йæ удгоймагон æмæ йе сфæлдыстадон уагахастæй, йæ архайд æмæ йæ хъысмæтæй у, иуæй, зонд-зонæн, иннæмæй – дæнцæг». Дæнцæг – Ирыстонæн хорз ракæнын кæй фæндыдис, уыдонæн. Удæнцой йын нæ лæвæрдтой, Ирыстоны фарн æрцыбыртæ кæныныл сæ мæрдты хъуын-хъис чи хордтой, уыдон налат митæ («Сырх барæг»). Ирыстоны фарнæн зæрдæвæрæн цы хъуыддаг уыдаид, уырдæм æй æлвæст кардимæ куы бахъуыдаид цæуын, уæддæр фæстæ нæ лæууыд. Мамиаты Изетæ зæгъы: «нæ ирон кад æмæ номы, нæ абоны культурæ æмæ ахуырад-зонады астæуккаг цæджындз», «удцырынгæнæн курдиаты хицау, æргомдзырд æмæ лæгдзинады сæрхъызой, ныхасы фарны буцæвзæрст хъæбул – Джыккайты Шамил». Æмæ æнæууæндгæ нæй нæ Поэты алы фæндвидар дзырдыл дæр: «Бафæлладтæн… О Хуыцау, æркæс, Иры хъыгтæй басыгъди мæ зæрдæ. Зæххы буарыл Иры бæстæ – нуæс. Акалд дзы цæссыгты цад мæ сæрты».

Куыд нæ дзынæзтаид поэт, йæ алыварс, йæ уд нывондæн кæмæн хаста, уыцы адæм куынæгмæ куы цыдысты, хæдцæугæ лæджыфыдхортæ сын сæ фыд хомæй куы хордтой, зæххы цъарæй нæ сыстъигъынмæ куы фæхъавынц. Йæ адæмы сæрвæлтау Хуыцауы раз уымæн байтыгъта йæ уд. Йæ цард, урс уæрыккау, Ирыстонæн нывонд кодта. Ирыстонæй дунемæ ног стъалы кæй фæцæй æрттывта, уый не знæгтæн сæ лыстæг тъæнгтæ цагъта. Уымæн æмæ Шамил æргомдзырд уыдис. Йæ хъуыды никæмæй æмбæхста аивады дæр, зонады дæр, царды дæр: «Хъудыком æмæ Тырсыгом арæнæй кæцырдыгæй аззадысты, уый нæ зонæм, фæлæ рæгъыты рад нымайæм. Дыууæрдыгæй нæ цæгъдынц, уый нæ не ‘ндавы, фæлæ бæрзæй кæцырдыгæй æрæвæрæм (ома, кусарты сæрæн – Хъ. М.), уый ссис нæ катай. Нæ фæсивæд сæфынц нозт æмæ наркотиктæй, мах та нуазæны кадыл дзурæм». Æмæ уыдон ныхмæ дæр цæхгæр нæ уыд Шамил. Ирон кад æмæ намыс кæд уый нæ хъахъхъæдта царды дæр, куысты дæр, æгæрыстæмæй, фынгыл дæр, уæд ма æндæр, уæдæ, чи. Фæлæ алцæмæн дæр рад ис. Алцы дæр æгъдауыл хъæуы аразын. Йæ сæрыл арт кæмæн ирвæзы, уый йæ дзабыртæ сыгъдæг кæнынмæ нæ февдæлы.

Ирыстоны кæнинаг хъуыддæгтæ йын нæ лæвæрдтой удæнцой, æндæра, уый дæр, бирæтау, йæ иу къах сæвæрдтаид иннæ къахыл æмæ, куыд акæнынц, царды дзæбæхæй цардаид. Уый та йе ‘ппынæдзухон хъуыд-дæгтимæ æнæсцухæй æндæвтой нæ адæмон сфæлдыстад, нарты эпос, нæ классикты бынтæ бæстон кæнын, зонадон æгъдауæй сæ фæлгъауын, рæзгæ фæсивæды раст фæндагыл æфтауын. Йæхицæй цæмæннæ хъуамæ уыдаид сæрыстыр. Уымæн дзырдта: «Мæнæн мæ рæстдзинад – мæ кард дæр æмæ мæ уарт дæр». Уый у сыгъдæгзæрдæ æмæ рæстаг уды хъуыды. Фæлæ, Шамил йæхæдæг цæйау дзырдта: «Цард афтæ цæуы, æмæ дзы æз дис ницæуыл кæнын. Гæнæн цæмæн нæй, ахæмæй дæр ницы ис. Лæгыл даутæ кæнын, лæгыл тугтæ мысын – уый дæр, чи не ‘рцыд, ахæм хабар нæу. Сафынмæ кæй хъавыс, уый ныхмæ цыфæнды мадзал дæр бæззы». Æмæ Ирыстоны сæрхъуызой, ирон нывæфтыд литературæ æмæ литературæзонады астæу цæ-джындз Джыккайты Шамилы фесафынæн, нæ Фыдыбæстæйы æнувыд хъæбулы фесафынæн дæр нæ цыфыддæр знæгтæ ссардтой мадзал – цыма, Хуыцауысконд лæг у пысылмон дин æмæ пысылмæтты ныхмæ æмæ йæ, кæйдæр зæвæттæстъæрæг æмæ кæйдæр уæрдонæй илæлæйгæнæг нæхи æнæ-сæртимæ… Хур боны арвы гæрахау, Ирыстоныл сæмбæлд уæззау цæф – ирон дзырдаивад, нывæфтыд литературæ æмæ литературæзонадыл тугдзых лæгмары къухæй æрцыдис стыр зиан. 2011-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон не ‘хсæнæй 71-аздзыдæй фæхъуыд ирон адæмы ныфс, Ирыстоны астæуцæджындзтæй иу… Джыккайты Шамил. Фыдох адæмы зæхх нæ урæдта. Нæ ныфсы лæгæн йæ табæты уæлхъус, йæ судзгæ цæссыгтæ чи бахæ-лæг кодта, ахæм ничи разынд.

Джыккайты Шамилæн Хуыцау зæххон, мæлинаг уды хæрзтæй алцы дæр йæ цæст бауарзта – нæ рагфыдæлты халдих: бæрзонд, рæсугъд, цъæхцаст, зондджын, дзырдарæхст лæппу. «Аив – йæ ацыд, аив – йе ‘рбацыд, аив – йе сныхас, аив – йе схудт, аив, бынтон аив та – йæ зард», – уыцы дзырдтæ цып-парыссæдз азы размæ цыма Нигер Хъамдердиаты Мысосты нæ, фæлæ Джык-кайты æлвæст карды хуызæн Шамилы тыххæй загъта.

Шамилмæ уыдис ирон лæджы стыр фарн: йæхи загъдау, алы хатт дæр йе ‘взæрмæбæлджыты цæстмæ цыдис цархуыз æмæ æртхуызæй. Уый ирон лæджы æгъдау у – дæ зæрдæйы хъыгтæ, дæ хæдзары мæстытæ искæуыл ма хъуамæ æфтауай, фæлæ искæй хъизæмар къаддæр кæнай.

Шамилы уды цытæ цыдис, нæ мадæлон æвзаг, нæ адæм, нæ Фыдыбæстæйы Уарзтæн куыд табу кодта, æппæт йæ цард ууыл куыд уыдис баст, уыдон æрмæст дæр йæ уацмысты æвдыста, æндæр ын йæ зæрдæйы удхайраг æмæ тыхст уысмтæ, æгæрыстæмæй, йæ иууыл æввахс хæлæрттæ дæр æххæстæй нæ зыдтам. Йæ цард дæр, йæ бон дæр, йæ уд дæр, йæ зонд дæр Ирыстоны фарнмæ здæхт уыдысты æмæ йын бирæ хæрзтæ аразын уымæн æнтыстис. Йæ зæрдæйы арфы тæмæн калдтой йæ райгуырæн уæзæг Дзомагъы урс дуртæ æмæ сын сæ мигъæмбæрзт, æдзæрæг бæрзæндты хъынцъым, цæф сæгуыты маст, Дауыт Сосланы удхар, нывгæнæджы катай, Амраны зæрдæйы судзаг, хъодыгонд зæды уды рис, Беслæны трагеди – Иры стыр хъарæг, саст дзæнгæрæджы зæлланг æфсарм æмæ намысы хуызы йæ хъæздыг сфæлдыстадæй тагъта нæ адæмы удмæ.

Ирыстоны дудаг æмæ судзаг фарстытæй ахæм ницы баззад, Шамил ныфсджын, тыхджын, зæрдæрисгæ æмæ хъуыддагзонгæйæ, йе ‘хсарджын дзырд кæм нæ загъта. Нæ фыдбоны сыхæгтæ нæм хурныгуылæнæрдыгæй, стæй хурыскæсæнæрдыгæй, аныхъуырой нæ, уый тыхæй куы лæбурдтой, Беслæны æнахъом сабиты куы цагътой, Дайраны дуæрттæ нын куы истой, уæд фыццаг чи ныхъхъæр кодта: «Фæдис! – Дайраны ком уырысæй Кæнынц сайтан гуырдзы тыхист…» Алы хатт дæр-иу йæ уæзгæ ныхас уыдис нывыл, зæрдæмæхъаргæ. Æмæ диссаг нæу, Ирыстоны хуссар хайæ мæрддзыгой куы цыдыстæм, стæй мын Цæгаты дæр нæ фæсивæдæй бирæтæ кæй фæдзæхстой, зæгъгæ, Шамил Ирыстоны сæрыл йæ уд нывондæн кæй æрхаста, уый тыххæй йын цæмæй йæ ном сæнусон кæнæм хъайтары ном раттыны онг.

Шамил йæ цардæй дæр, йе сфæлдыстадæй дæр æцæг хъайтар уыдис. Ирон фарны тыххæй никуы ауæрста æмæ нæ бацауæрста йæхиуыл. Шамил уыдис æцæг поэт, фæцардис поэты цардæй æмæ амард поэты мардæй. Махæн ныууагъта йе стыр ном. Йæ марджытæ – Ирыстоны къахæргæвдджытæ йæм уымæй дæр мæлдзысты хæлæгæй. Шамилæн ныр йæ бадæн уæлæрвты уыдзæнис. Уынаффæты баддзæн зæдтæ, дауджытимæ æмæ цæрддзу цы Фыдыбæстæ, цы адæмы тыххæй бакодтай, уыдонæн цы фарн кургæ у, уый йын амонын нæ хъæуы». Уæлион цардæй йын куыд цæргæ у, уый йын амонын куынæ хъуыдис, афтæ.

Поэт тынг хорз зыдта, цин æмæ æгъдау, сæрфат, нывыл ныхас, зæрдæми кæм нæй, «мондæгтæ сæ иуты», «Æндæрты та сæ хъалдзинад, кæй та – Йæ мæнг фидауц: цытмæ бæллын сынтæй Ыскæны мæлхъ, дзыгъуыр калмæй – зæрваттыкк», уым ын куывдыл бадгæйæ дæр нæу. «Хæдзар сæйраг скъола у», – дзырдта. Ирон фарныл хæцыд: «Цæуæм, мæ дуне, ардыгæй, кæмдæр Ирон лæппутæ уынгты зарынц «Катай»… «Æз баназин рæсугъд сыкъайæ марг дæр, Фæлæ дзы нæу æфсарм нуазын мæ бон» («Иу куывды»).

Ныффыста йæ 24-аздзыдæй. Фидарæй зыдта, цы уавæры цæрæм æмæ йæ цы аразын хъæуы, æппæт уыдæттæ. Арæзта сæ нæ фарнæн. Йæ бæрзонд æмæ сыгъдæг романтикон хъæлæс уайтагъд анæрыд æмæ йын иу чиныгæй иннæмæ кодта бæлвырдæй-бæлвырддæр, тыхджынæй-тыхджындæр. 1964-æм азы йæ фыццаг поэтикон чиныг «Æфсарм» рухс куы федта, уæд æм хæлæг чи кодтой, уыдонæй дарддæр ничи уал дызæрдыг кодта, нæ ирон поэзимæ кæй æрбацыд стыр курдиатджын поэт. Фæстæдæр ыл йæ дыккаг чиныг «Цæф сæгуыты маст»-ы тыххæй уыцы сауцæсгом хæлæггæнджытæ кæд бирæ цъыф фæкалдтой, уæдмæ нын сусæггаг чи уыдысты, уыцы дзуринæгты охыл, уæддæр ын сæ бон ницы баци. Шамил ирон поэзийы уыдис ног стъалы.

Шамил стыр поэт кæй у, уый, æцæг Бонвæроны рухсау, рарттывта «Цæф сæгуыты маст»-æй. Куыннæ рарттывтаид, «Ныгъуылынц Дзомагъы къуылдымтæ…», «Дауыт Сосланы хъынцъым», «Сæрдыгон изæр Цъæйы комы» хуызæн, адæймаджы уд бæрзондисæг æмдзæвгæтæ кæм ис. Дзуццайы-фырт дзырдта: «Гæнæн ис, æмæ Шамилы поэзийы алы афонтæн чиныгкæсджытæ алыхуызон аргъ кæной. Мæхицæй куы зæгъон, уæд мæнæн йе сфæлдыстад сæрæй-кæронмæ у рæсугъд æмæ æвзонг, фæлæ дзы уæддæр мæ зæрдæмæ фылдæр цæуынц йæ раздæры æмдзæвгæтæ, номхуындæй чиныг «Цæф сæгуыты маст»-мæ чи бацыд, уыдон». Æмæ йæ ныхас æнæбындур кæй нæу, уымæн ирд цæвиттон у чиныг. Автор æм цы уацмыстæ бахаста, уыдон æрмæст сæ тематикæйæ не ‘мбулынц, фæлæ сæ уынæм лирикон хъайтары æмæ уыимæ поэтæн йæхи идеалтæ. Уымæ гæсгæ нын æмдзæвгæтæ сты уæлдай зæрдæмæдзæугæ æмæ зынаргъдæр: «Куы цæрæм – уæд чысыл æмæ дзæбæх, Куы хауæм – уæд ыстъалыйау бæрзондæй…» («Дзæбидыр»). Нæ Поэт аразынæн, адæмæн сæрибар хæссынæн, цард рæсугъд кæнынæн райгуырд. Æгады цард æм нæ уыд нымад. Хадзы-Мурат дзырдта: «Адæймаг æмæ адæмы сæрибар – уый у Шамилы сæйраг мæт æмæ сагъæс. Сæрибар кæм нæй, уым поэт хъуамæ хъахъхъæна йæ мидсæрибар, ма суа ныллæг, æнæаив, æдзæсгом, фæтк æмæ арæнты сæрты чи нæ ахизы, йæ хæдзар æмæ йæ къæбæр æппæты уæлдæр чи скодта, уыцы «амондджын цагъарты» хуызæн, хъуамæ уа хæстыл æфтыд «Хуыцау æмæ паддзахы ныхмæ». Поэт хъуамæ хъахъхъæна йæ хæдбардзинад, йæ сæры кад. Шамил сæ хъахъхъæдта». Уый йæ кодта æрвылбонон тохмæ. Царды дæр. Литературæйы дæр. Сæрибары сæрыл тохгæнæг кæддæриддæр вæййы иунæг. Фæлæ йæ ахсæны тыххæй йæ сæрибар нæ уæй кодта рæхыстыл («Демон»). Æмæ йын йæ хъæлæсыл лæууыдысты «рæстæг æмæ цард», уæддæр нæ саст («Еретик»). Хъодзаты Æхсары загъта: «Зæххыл цы и тыхгæнæгæй, æлдарæй, æдзыт, æгадæй» – калдта «сын сæ пырх». Сæрыстыр, æнæрцæф дзæбидыр ын уымæн уыдис хион. «Амы-раны зæрдæ»-йæ фенын кодта, дæсны кæй уыд гуырахстджын уацмыстæ фæлдисынмæ. Бахаста йæм фондз кадæджы: «Сыгъди сæуæхсид», «Мад», «Мæсыгамайæг», «Намыс», «Æлгъыст». Уынæм сæ, поэты зæрдæ цы судзаг фарстытæй риссы, уыдон иу хай.

Фыссæджы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы сонет. Чиныгкæсæг уæлдай æхсызгондæрæй сæмбæлд, поэт Ирыстоны кады лæгтæ – Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Васо, Шегрен, стæй Ирыстонæн йæхиуыл, мадæлон æвзагыл, ирон сылгоймаг æмæ бирæ æндæр зынгæ адæймæгтыл æмæ хабæрттыл цы сонеттæ сфæлдыста, уыдоныл. Литературон критикæ сæм æрдардта йæ хъус. Кæддæриддæр, царды уыдаид, аивады, зонады хъомылады – тырныдта иууыл бæрзонддæр бынатмæ. Æмæ, чи цы агуры, уый ары. Иууыл раздæр чи цыд, фæлтæртæн фæндаггæрдæг чи уыд, алы хатт дæр уыд уыцы раззæгты рæнхъы. Уымæн ын тынг æххуыс кодта фæлгонцон уынынад. Æмæ æрдзафыст-нывафыст хорз у, фæлæ Шамилæн фæлгонц цардуагон куы уыдаид, куы змæлыдаид, искæйты дæр йæхимæ куы кæсын кодтаид, уæд ын лæвæрдта иууыл хуыздæр къух. Уый йæ туджы уыдис.

Шамилæн кæддæриддæр йæ хъуыды уыд æргом: «Я считаю, уверен, что сегодня самая главная государственная задача – защитить Осетию, ее целостность». Йæ уды Ирыстонмæ, уæлдайдæр, йæ райгуырæн уæзæг Дзо-магъмæ цы ахаст уыдис, уымæн абарантæ ницæимæ ис.

Шамил дзырдта ирон зæрдæйы иууыл судзагдæр фарстытæ. Йæ наци чи уарзы, уый уды рæбынтæ ма цæвой, уый гæнæн нæй. Хуссар Ирмæ ныццæгъдынмæ куы бырстой нæ фыдбоны сыхæгтæ, уæд æппæты фыццаг фæдисхъæргæнджытæй иу Шамил уымæн уыд. Фæлæ уæддæр йæ иууыл стырдæр æнтыстытæй иу уыдис, ирон чиныгкæсджытæ æмæ театрдзаутæн цæстæвæрæн чи фæци, йæ уыцы поэтикон трагеди «Хъодыгонд зæд». Йæ уацмысты зынгæ хайы куыд дзуры нæ Фыдыбæстæ, нæ цардуаг, нæ адæмы фидæныл, раст афтæ у ацы зындгонд уацмысы дæр. Йе трагикон хабæрттæ йын фæхаты уд уацмысы райдианы арвæй дзурæгау чи хъуысы, Саударæджы уыцы зæрдæхалæн хъарæгæй. Адæймагæн уайтагъд схион вæййы «дунемæ Амраны» зынгхæссæг, аланты æфсæддон фæтæджы фырт Борæхан. У Арæхстджын хæстон фæтæг. Уæддæр ацыд фæсарæнтæм бердзентæ æмæ Ромы зæхх басгарын, сæ хæстон фæлтæрддзинадæй сын йæхицæн ахсджиаг хъуыддæгтæ райсынмæ. Фæлæ æртæ азы фæстæ йæ Фыдыбæстæмæ куы æрыздæхт, уæд йæ фыд удæгас нал уыдис. Йæ бынаты йын æрæййæфта хæххон иры фæтæг Атохы. Æмæ райдайы трагедийы æцæг конфликт. Цæрукъаты Алыксандр уымæн загъта: «Шамилæн кæцыфæнды предмет дæр у аивады æрмæг, зыны йæм вазыгджын æмæ алывæрсыгæй, сæрттивын æй кæны…» Борæхан, йæ фыд цы кодта, цæмæй амард, уый нæ зоны, æргом ын ничи ницы дзуры æмæ йæ хиуæтты ‘хсæн у «æцæгæлон». Æмбары æрмæст иу хъуыддаг – Атох зынгæвæрдау лæууы æрцæуæг тыхгæнджытæн балæггад кæнынмæ. Райгонд дзы уæнт, æндæр, цæттæ у сæ кæцыфæнды фæндон цæстыныкъуылдмæ аххæст кæнынмæ. Афтæмæй йæ хъуыддæгтæ куыд цæуой хæрзæгъдау, йæ адæм æмæ йæ фыдæлты зæххыл æнувыд Борæханы зæрдæмæ. Фыссæг уацмысы сæйраг хъайтары иу архайдæй иннæмæ уымæн æрттивын кæны. Фæлæ нæ сафы, Алыксандр цы «поэтикон культурæ»-йы кой кæны, уый дæр æмæ дзы «ирон поэзи исы кæмдæр æфцæгмæ».

Борæханы ныхмæ у Атохы фырт Елберд дæр. Уый йын æрмæст йæ хæстон арæхстмæ нæ тæхуды кæны, фæлæ йын уарзы йæ уарзон чызг Зæринæйы. Фыд Атох йæ бынат, фæтæджы бынат фесафыны, фырт Елберд Зæринæйæ фæиппæрд уæвыны тасæй сæ удтæй арт цæгъдынц Борæханы адæмы цæсты æфтауыныл, стæй йыл йæ иузæрдыг Зæринæ куыд сдызæрдыг уа, йæ зæрдæйæ куыд фæиппæрд уа, цыфæнды аргъæй дæр афтæ бакæныныл, цæмæй сæ чъизи хъуыдытæ æххæст кæнын уа сæ бон. Ацы трагеди у ирон поэзийы иууыл бæрзонддæр уацмыстæй иу.

Хицау цурон адæмæй цух никуы вæййы. Атох йæ бирæ фæсдзæуинтæ æмæ се ‘цæгæлон дины дзæвгар кусджытимæ адæмы сардауы сæ сæрыл тохгæнæг Борæханыл. Елберды дам-думтæ дæр скуыстой йæ хинты фæрцы, Зæринæйы бауырныдта, цыма йæ уарзон Борæйы зæрдæйы ныххаудта æндæр чызджы сурæт. Ноджы Атох иры фæсивæды Тимуры ныхмæ йæ хицауы сæрыл ныццæгъдын кæнынмæ куы хъавы, Тимурæн та йæ фæнд, Бæрзæфцæгыл куы тырны Ирыстоны цæгат хаймæ ныббырсынмæ, уæд Борæхан йæ фарсхæцджыты акодта Дайраны коммæ цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Знагыл йæ фæуæлахизæй йæхи бауарзын кодта йæ адæмæн. Цæмæй адæмæн цагъарадæй фервæзыны, сæрибар уæвыны хъуыды сæ зонды ныббæстон уа, ууыл фæндвидарæй куы архайы Борæхан, уæд Атох æмæ йæ фæсдзæуинтæ растадысты йæ ныхмæ. Удæгасæй йæ баныгæныны тыххæй йыл адæмæн хъоды бакæнын кодтой, фæлæ уацмысы кæрон раргом вæййынц Атох, Елберд, Буртæг, Дзуары лæджы сау æмæ тугæйдзаг хъуыддæгтæ. Атох фæиртæст йæ зондæй æмæ басаст, Борæханы фыды уый кæй амардта, цæмæй йын бацахстаид йæ бынат.

Нæ кадджын фыссæг æмæ ахуыргонд, æцæг ирон лæгау-лæг Джыккайты Шамилмæ йе сфæлдыстон куысты райдайæны хицæуттæ зул цæстæй кастысты, фæлæ уый уыдис рæстæгмæ. Йæ зæрдиаг литературон сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй йын иу æмæ дыууæ хорзæхы лæвæрд не ‘рцыд. Саккаг ын кодтой Хетæккаты Къостайы номыл паддзахадон преми («Æхсæвы æртытæ», 1992),  Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы адæмон поэты кадджын ном. Уæддæр, Шамил «Амыраны зæрдæ»-йæ фæстæмæ йæ алы поэтикон чиныгæй дæр йæхицæн арæзта иууыл стырдæр лæвар: «Сагъадахъ» рацыд йæ райгуырды 40 азы бонмæ, «Æхсæвы æртытæ» – йæ 50 азы юбилеймæ, «Саст дзæнгæрæг» – йе ‘хсай азмæ, «Намыс» та – йе ‘вдай азы бæрæгбонмæ. Афтæмæй, цыма йæхицæн лæвæрттæ кæны, фæлæ уыдон иууылдæр уыдысты æмæ сты йæ уарзон, бахъахъхъæнын æй чи нæ бафæрæзта, йæ хурхыл ын, зæххæй сисинаг дæр чи не сты, уыдонæн марæн кард æвæрын чи бауагъта, нæ уыцы æбузын ирон адæмæн, махæн, абарæн дæр цæимæ ницы ис, ахæм æгæрон стыр лæвæрттæ. Шамилы лæвæрттæ цыдысты хуыздæрæй хуыздæргæнгæ. Афтæмæй æфсæрмдзæстыг «Æфсарм»-æй схызтис «Намыс»-ы бæрзæндмæ – йæ поэзийы æфцæгмæ.

Джыккайты Шамил уыд поэт æмæ акодта поэты мард. Нырмæ кæд не ‘хсæн цард, уæд ныр ссис сыгъдæг уд æмæ йæ адæм, йæ Ирыстоны хъахъхъæндзæн уæларвæй.

Хъазиты Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.