Æрæджы не ‘мбæстаг, фыццаг нæлгоймаг дизайнер Хуссар Ирыстонæй Бекъойты Хох Краснодары модæйы къуырийы Krasnodar Coshion week-ы хайад райста æмæ равдыста йæ фыццаг коллекци.

«Навождение» – ахæм номимæ бавдыста «Фæззыгон – зымæгон коллекци 2017-18 азтæн» Бекъойты Хох йæ нывæзт уæлæдарæс, цыран баиу кодта викториайнаг стиль ирон националон мотивтимæ.

«Bekoev – collection» ахæм этикетимæ æвдыст æрцыд 20 коллекци. Коллекци фылдæрбæрцæй конд уыд урс-сау хуызтæй, «Хъуымац йæхæдæг у натура-лон, фæлæ дзы ис элементтæ, кæцытæ сахуырстам нæхæдæг» – зæгъы æвзонг дизайнер.

Дизайнер-нывгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ коллекцийы ис 50 моделы, фæлæ «Модæйы къуыри»-йы домæнтæм гæсгæ бар уыд, уыдонæй равдисæн æрмæстдæр 20 моделы. «Къабатæ аразгæйæ æз архайдтон, цæмæй дзы бавæрон алкæй мидæг дæр рагон ирон дарæсæй исты элементтæ. Мæ коллекцийы ирдæй зыны ирон орнамент».

Бекъойты Хох куыд загъта, афтæмæй Краснодары модæйы къуырийы хайад райстой куыд Уæрæсейы модельертæ, афтæ ма фæсарæнтæй дæр. Æдæппæт модæйы равдысты хайад райстой 26 дизайнеры. Бирæ аргъгæнджытæ æмæ цымыдисдзинад чи равдыста, ахæм адæм разынд Хохы коллекцимæ.  Уымæ гæсгæ райгондæй баззад хуссарирыстойнаг дизайнер, ахæм масштабы равдысты хайад кæй райста, уымæй. «Хорз тæлмæнтæ мыл ныууагъта мæ фыццаг рахызт модæйы дунемæ. Профессионалон дизайнертæ æмæ подиумы моделты архайд мæнæн æрхаста удæхцондзинад. Базонгæ дæн модæйы дунейы архайджытимæ æмæ ныр мæнæн уыдзæнис фадат, кæдфæнды дæр уыдонмæ фæдзурын æмæ сæ консультацитæ райсын», – зæгъы Бекъойты Хох.

29-аздзыд лæппуйы куы фарстам, ома, ацы профессийы сусæгдзинæдтæ кæм сахуыр кодтай, уæд загъта: «Сæрмагонд ахуырдзинад мæм нæй, фæлæ модæйы тенденцимæ мæ цымыдисдзинад рагæй у. Фыццаг къаба бахуыдтон мæ хойы чысыл чызгæн. Æхсæзаздзыд Виктория тынг райгондæй баззад мæ хуыд къабайæ».

Нырмæ Бекъойты Хохы бирæтæ зыдтой Телекомпани «Ир»-ы монтажер æмæ нæ республикæйы цы аив журнал фæзынд дыууæ азы размæ «CXUNVAL magazine» уый сæйраг редакторæй.

Абон уый кусы, нæ горæты Цардуагон лæггæдты хæдзары агъуысты йе ‘мгæрттимæ цы дыууæ хатæн бацалцæг кодта, уым. Зæронд хуыйæн машинæтæ, алыгъуызон хъуымæцты обаутæ, модæты журналтæ, хæсгæрдтæ, æндæхтæ,  ахорæнтæ – æдзух сты йæ фарсмæ. Хох иунæгæй никуы вæййы, æппынæдзух дыууæ хатæны дæр вæййы кусæгон атмосферæ. Хатæны систæ йемыдзаг сты зынгæ моделты къамтæй.

Бекъойты Хох мын сæрыстырæй радзырдта, дунейы зындгонд оперон зарæггæнæг, не ‘мзæххон, Джиоты Вероникæйæн къаба кæй бахуыдта. «Вероникæйы зæрдæмæ тынг фæцыд мæ нывæзт модæ. Дзæуджыхъæуы концерт куы лæвæрдта, уæд уыцы къабайы рахызт сценæмæ», – худы Хох.

Модæйы тенденцитыл дзургæйæ, æвзонг дизайнер банысан кодта фæстаг рæстæджы нæ горæты кæй ис æвæрццаг ивындзинæдтæ. «Не ‘рыгон фæсивæд райдыдтой аивдæр кæнын. Мах, хуссарирыстойнæгты дзаумайы стиль хуыздæр у Цæгат Ирыстон æмæ ма Мæскуыйы цæрæг æрыгон адæмæй дæр. Æрмæст мæ фæнды не ‘взонг фæсивæдмæ æрсидын, цæмæй се ‘рттиваг дзаумæттæ нывæрой бæрæгбонтæм».

Дизайнер-модельеры куы фарстон, къабаты коллекцийæ дарддæр ма цы хуыйы, уæд загъта, зæгъгæ, хуыйы националон кафæн формæ республикæйы хæдархайгæ ансамблтæй сæ иуæн.

«Мæ коллекцийы иу хай кæд Краснодары модæйы къуырийы фенын кодтон, уæд æй æххæстæй та, тагъд рæстæджы, фендзысты Цхинвалы. Уый тыххæй хъæуы бæстыхай, цыран хъуамæ уа хорз акустикæ, рухс æмæ уæрæх бынат. Ацы равдысты фенæн уыдзæн Краснодары модæйы æхсæнад цы бæрæгбонон æмæ чындздзон къабатæ нæ федта, уыдон», – бафтыдта йæ ныхæстæм Хох.

Дизайнер кæд афтæ нымайы, зæгъгæ, Цхинвалы цæры иууыл рæсугъддæр чызджытæ, уæддæр фæнд кæны моделтæ æрхонын Дзæуджыхъæуы агентад «Shik models»-æй. «Профессионалон моделтæ æрхондзыстæм равдыстмæ, уыдонимæ ма бамбал уыдзысты бынæттон рæсугъдтæ, кæцытæй мæн ныфс ис, кæй сарæхсдзысты ацы хъуыддаджы», – дзуры йæ фæндтæ Хох.

Уый ма ныфс бавæрдта бренд «Bekoev»-ы дарæсы тагъд Цхинвалы уынгты фенæн кæй уыдзæн, бирæты. Нырма, зæгъ дарæс сты иунæг экземпляртæ. Равдысты фæстæ цæрджытæн фадат фæзындзæн уыдон балхæнынæн.

Бекъойты Хох, бузныджы ныхæстæ зæгъы «Иугонд Ирыстон»-ы лидер æмæ ныры РХИ-Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатолийæн, Краснодармæ коллекци равдисыны нысанæн сын финансон æххуыс кæй бакодта, уый тыххæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.