Хъарм, рæсугъд уалдзыгон бон. Бæлвырддæрæй та майы мæйæн йæ фарас-тæм бон. Бон, куыд æндæр уалдзыгон бонтæ, ахæм. Æрдз цардæй нытыппыр æмæ алчи йæхирдыгонау æвдисы йæ цин – цъæх кæрдæг рæзынмæ фæци, дыргъдæттæг зайæгойтæ  ракалдтой сыфтæр, дидинæг æмæ бакæс ды уыдонмæ! Сæрзæды бын балæууæг амондхæссæг чызгау хуры хъарм тынты бын уыдон дæр сæхи нæ разы сфæлындзынц æмæ нын нæ зæрдæтæн æхцондзинад хæссынц. Куыд хæссынц, уартæ хизæнмæ цы фыс аивæрзт, уый алыварс хъылдым кæнынæй чи не ‘фсæды, уыцы уæрыкк, гъе род уа, сæныкк æви æрдзмæ æндæр ногфæзынгæ цæрæгой.

Æппæт уыдæттæ ихсыд, иударон ныхæстæ, нывтæ сты. Царддæттæг уалдзæджы рæсугъддзинадыл мæлгъæвзаг фысджытæ фыстой æмæ дарддæр дæр фысдзысты, ныхæстæм сæ бынæттæ ивгæйæ, хъуыдыты аивдзинадмæ аив æфтаугæйæ.

Мæ ныхас уалдзæгыл, иумиагæй сисгæйæ, нæу. Мæ ныхас Алымбеджы уалдзæгыл у. Уалдзæг иу у, фæлæ алкæмæндæр ис йæхи уалдзæг. Ис йæхи уалдзæг Алымбегæн дæр. Ис ын уыцы уалдзæджы иу ахсджиаг бон – 9 май, куыд махæй алкæмæн, афтæ. Æмæ йыл алы хатт дæр сæмбæлы, цæйау фæзæгъынц, цинимæ дæр æмæ цæссыгимæ дæр. Цин алкæмæн дæр – æгас дунейы адæмæн – иумæйаг, фæлæ цæссыг, уæззау маст. Уыдон алкæмæн йе ‘ввахсдæрыл, йæ ахсджиæгтыл сты…

Цы зыдта уæд Алымбег судзгæ цæссыгæн. О, сывæллон та æнæскæугæ кæм фæвæййы, йæ цæссыгтæ йæ чысыл уадултыл куыннæ æргæр-гæр кæнынц, фæлæ уыдон æндæр цæссыгтæ сты. Нæ хъуыды кæны йæ мады судзгæ цæссыгтæ дæр,  æмæ сæ куыд хъуамæ хъуыды кæна, кæд æмæ сæ йæ чысыл хъæбулæй æмбæхсын фæрæзта.

О, куыд даргъ ныййисты уыцы бонтæ, азтæ мадыл! Сылгоймаг æнхъæлмæ каст, кæд фæуыдзæн уыцы æнæхайыры хæст æмæ фæстæмæ кæд æрыздæхдзæн, бæрцæй æртæ мæйы æмæ æхсæз боны кæимæ рацард, уыцы зынаргъ адæймаг. Бонтæ цыдысты, фæлæ нал хæст фæуд кодта, нал йæхæдæг зындис. Райдианы дзы иста фыстæджытæ. Фæдзæхста йæ, лæппу йын куы райгуыра, уæд ыл, цæмæй Алымбег ном сæвæра. Фæлæ дзы фæстаг рæстæджыты фыстæг дæр нал иста. Хъæубæстæй чи фæцыдысты стыр хæстмæ, уыдонæй бирæты бинонтæм сæ сау гæххæттытæ ссыдысты æмæ базыдтой сæ бæрæг, се ‘намонд, æндæртæ та здæхтысты цæфтæ, цæнкуылтæй. Сылгоймаг йæ бæлццонæй ницы бæрæг иста æмæ йын уый йæ зæрдæ уæлдай тынгдæр æвдæрзта.

Фæцис хæст. Алымбегæн йæ мадмæ йæ сæрыхицау нæ æмæ нал зындис. Уый та æнхъæлмæ каст. Бонæй бонмæ. Ныфс æй уыдис уæддæр, кæй æрбалæудзæн сæ хæдзары къæсæрыл æмæ цы цард райдыдтой, уый дарддæр кæй кæндзысты. Фæлæ рæстæг цыдис, рацыд æхсай азæй фылдæр, сылгоймагæн нал бацис йæ бон æнхъæлмæ кæсын, афтæмæй ахицæн а-дунейæ.

Цы ныууагъта а-уæлион царды сылгоймаг, уый – йæ хъæбул Алымбеджы, Алымбегæн йæ кæстæрты æмæ ма уыдоны кæстæрты дæр. Уый хорз, фæлæ йæм цы амонд æмбæлд а-царды уый йын чидæр цæмæн байста? Йæ цард æрмæст Алымбегæн цæмæн снывонд кодта? Нæ фæлдурæдджын царды зын сдзуаппгæнæн у ацы фарстæн.

Алымбег та цы? Хæсты сидзæры номимæ хъомыл кодта, рæз хаста. Чи йыл аудыдта, уыцы иунæг адæймаг – йæ мад. Мад уæззау куыст кодта, мад æнхъæлмæ каст, зæрдæдзурæнты уыд, уæддæр æй рæвдыдцух нæ уагъта. Диссаг дæ, мад!

Æмæ рахъомыл Алымбег. Ахуыр кодта скъолайы, бæргæ зæрдæргъæвд уыд, фæлæ йæ дарддæр сахуыр кæнынмæ нал равдæлд – царды уæз ын йæ авналæнтæ æрбакъуындæг кодта. Фæлæ дзы рауад хорз кусæг лæг. Сарæзта йæ цард, фæзындис ын йæхи бинонтæ æмæ мадæн йæ зæрдæ рад.

Алымбег хъæуы нал цæры. Цалынмæ йæ мад сæрæгас уыдис, уæдмæ сæ хæдзары дуар гом дардтой. Стæй иунæгæй аззад – æз дын зæгъон кæстæртæ ма хъæуы лæууынц. Фæцудыдта йе ‘нæниздзинад дæр æмæ йæ кæстæр фырт горæтмæ ракодта. Бæргæ нæу горæттаг цардыл ахуыр, фæлæ цы кæна – æвзарыны фадат ын нæ уыд.

Æмæ мæнæ бады ныр йæ фырты фатеры рудзынджы раз. Райдзаст уалдзы-гон бон у. Рудзынгæй йæм мидæмæ хъуысынц, горæты астæу сæйраг фæзуатæй музыкæйы æхцон зæлтæ. Бинонтæй хæдзары ничи ис – бæрæгбонон парадмæ кæсынмæ ацыдысты.

Зæронд лæг йæ фарсмæ, рудзынджы тæрвазмæ æвæрд лæдзæджы йæ рахис къухмæ райста. Йе ‘нцой сындæг-сындæг йæ къæхтыл слæууыд æндæр низтимæ йын ацы къæдзниз æнцой бынтон нæ дæтты. Бараст æмæ æрлæууыд иннæ хатæны къул-скъаппы лæгъзтæй сæ иуы раз. Рахæцыд ыл йæхирдæм æмæ дзы систа нывты альбом. Лагъз фæстæмæ бахгæдта, разылд æмæ рараст фæстæмæ йæхи бынатмæ. Альбом æрæвæрдта рудзынджы раз тæрвазыл, байгом æй кодта æмæ, кæсæнцæстытæ фæсхъустæм арфдæр бассонгæнгæйæ, йæ цæстытæ схæцыдысты æрыгон лæппуйы къамыл. Альбомы сыфтæ дарддæр нал фæлдæхтысты. Зæронд лæджы цæстыты рухс – бузныг кæсæнцæстытæн, царвау тайæгау кæны æрыгон лæппуйы къамыл, раст дзы, цыма уд бауадзынмæ хъавы, уыйау.

Уый уыдис, растдæр зæгъгæйæ та у йæ фыд. Æрыгон, ссæдз азы дæр кæуыл нæма цыд, царды къæсæрыл чи балæууыд, фæлæ йæ мидæмæ бахизын, йæ уылæнты аленк кæнын кæмæн нæ бантыст, уыцы æвзонг лæппу. Иу хуыцау хорз æмæ фæтагъд кодта амонд ссарыныл æмæ дуне федта, æрыгон фыд кæй нæ федта, уыцы лæппуйы – Алымбеджы.

Диссаг у цард. Фыды ном хæсс, дæ фырты ма зон, афтæмæй. Фырты ном хæсс, дæ фыды цардæгас фæлгондз дæ цæстытыл ма ауайæд, афтæмæй.  Уый бæллæх у, стыр бæллæх. Уыцы стыр зын уæлдай æнагъæддаджы уаргъæй æрæнцайы, фыд æмæ фырты лæмæгъ, æдых сылгоймагыл – цардæмбал æмæ мадыл…

Æмæ та æрæздæхæм хæсты идæдзмæ…

Фæлæ нæ ныхасы сæр уæддæр Алымбег у.

Райста Алымбег, ном ыл чи сæвæрдта, уыцы æрыгон лæппуйы къам йæ къухмæ. Къамы æфсæддон дарæсы нæй. Йæ мад ын кæддæр куыд радзырдта, афтæмæй сæм иу ахæмы бафтыд хъæумæ, аргъыл къам чи иста, ахæм къамисæг æмæ цыдæр сæ амондæн уый дæр систа йæ къам æмæ ныр уымæ гæсгæ йæ фæстагæттæ зонынц, цахæм уыд йæ бакаст, йæ фæлгонц.

Кæсы зæронд лæг æрыгон лæппуйы къаммæ. Цы сæ иу кæны, уый алчидæр зоны, зонæм, цы сæ хицæн кæны, уый дæр. Уый та у æппæтхъомыс рæстæг. Уый ныууагъта æрыгон лæппуйы йæ дуджы æдзардæй, Алымбеджы та абон дæр цæрын кæны æмæ сын нæй æрбаввахсгæнæн.

Уый æмбары Алымбег æмæ йæ хъысмæтыл разы у, фæлæ йын æнцойад нæ дæтты æндæр фарст, кæд æй фарст схонæн ис, уæд. Цахæм уыдаид йæ цард, сæрмагондæй Алымбегæн йæ цард, йæ фыды æрыгон цард ын хæст куынæ аныхъуырдтаид, уæд. Иунæг Хуыцау зоны, кæмæн йæ цард куыд ацæудзæнис, фæлæ Алымбег уæддæр зоны, æмбары, хæст куынæ уыдаид, уæд йæ фыд кæй федтаид йæ фырты райгуырд, йæ фæстæ ма кæй уыдаиккой ноджы æндæр гуырдтæ, æмæ йын кæй  уыдаид хотæ, æфсымæртæ, хæстæгджын кæй уыдаид. Сæйраджы сæйраг та йæ мадæн йæ фарсмæ царды стыр ныфс кæй уыдаид, бинонты хистæр, рæбинаг цæджындз дзы кæй уыдаид æмæ йæхи амондджынæй кæй хатыдтаид.

Уый æрмæст чысыл Алымбеджы бинонтæ. Фæлæ цас æмæ цас бинонтæ уыдис Зæххы къорийыл ахæмтæ! Æмæ зæгъгæ, хæст нæ уыд – цас æнамонд бинонтæ уыдаиккой амондджын. Цас æмæ цас куыстхъом, курдиатджын æрыгон адæймæгтæ уыдаиккой лæуд царды фæндагыл. Æмæ, зæгъгæ, цардысты – абон нæ дуне, æнæдызæрдыгæй, уаид æндæр.

Афтæ нымайы Алымбег, – æрыгон лæппуйы зæронд фырт.

… Уыд хъарм, уалдзыгон бон. Райдзаст, хъæлдзæг бæрæгбон. Уæлахизы бон. Гом рудзынгæй зæронд Алымбеджы хъустæм хæццæ кæнынц цъæх æрдзы хъæбысæй тæргъты зарджытæ. Уыдонæй æттæдæр, горæты сæйраг фæзуатæй та йæм æрбайхъуысынц музыкæйы æхцон зæлтæ. Уым бæрæгбонон парады цæуынц ныры дуджы æфсæддонтæ – йæ фыды æмцахъхъæнтæ. Уыдон кад кæнынц йæ фыдæн, хæстæ судзгæ фæндæгтыл чи фæцыд æмæ фæстæмæ йæ хæдзармæ фæндаг чи нал ссардта… Кад кæнынц уæлахизхæссæг салдатæн…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.