Кæстæр фæлтæр царды бæрзæндтæм куы тырной, куы уой курдиатджын æмæ уыцы курдиатæй пайдагæнгæйæ ахъаз куы уой сæ нацийы размæцыдæн, культурæйы, ахуырады, арæзтады æмæ æндæр фадгуытæ райтынг кæнынæн, уæд уый у стыр  ныфс нацийы рæсугъд фидæн саразыны хъуыддаджы. Уæлдай æхсызгондæр та вæййы, æхсæнады куы разынынц ахæм æвзонг фæлтæр, Уæрæсейы алы горæтты уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ фæстæмæ сæ Ирыстонмæ чи æрыз-дæхынц æмæ сæ райсгæ дæсныйадыл куы фæкусынц райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн. Ахæм бæдæйнаг кæстæртæм хауы нæ горæты скъола-интернаты раздæры хъомылгæнинаг  Хъотайты  Сæрмæт дæр.

Сæрмæт райгуырд æмæ схъомыл ис Хуссар Ирыстоны Монастъеры хъæуы. Æвзонг лæппу йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый арвыста зын æмæ  уæззау сабибонтæ, иуæй уыцы рæстæг æгас Ирыстонæн уыд зынвадат рæстæг, аннæмæй та йæ ныййарджытæ дæр уыдысты цыбыркъух бинонтæ. Астæуккаг ахуырад райста нæ горæты скъола-интернаты, уыд тынг хорз скъоладзауыл нымад. Ахуырмæ дæр уыд æвзыгъд æмæ ма уый æдде, йæ чысылæй фæстæмæ уарзта театралон аивад. Æппынæдзух-иу  æвдыста чысыл сценаритæ  алыгъуызон  юмористон фæлгонцтæ æххæст-гæнгæйæ. Йæ ахуыргæнæг Цоциты Галинæ рахатыд Сæрмæты аивадон курдиат æмæ йæ бакодта, скъола-интернаты цы драмон къорд уæвынад кодта, уырдæм.  Уым дæр Сæрмæт фылдæр æххæст кодта юмористон номыртæ, фæлæ йæ фидæны та йæхи уыдта трагедийы амплуайы.

Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый уыд мæгуыр, гæвзыкк, уæззау уавæрты кæй рæзтис  æмæ йæ сабибонтæ фыл-дæр æнкъардæй кæй æрвыста, уый æндæвдад. Ахæм сабибонтæ арвитыны фæстиуæгæн æвзонг лæппуйæн фæивта йæ ахаст дунемæ, æмткæй царды хуызтæм.

Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ Сæрмæт йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты режис-сурæйы хайады. Уый ныртæккæ у ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдон æмæ кусы йæ дипломон куыстыл.

Афæдзæй фылдæр бахъуыд Сæрмæты, цæмæй йæхицæн равзæрстаид дипломон куысты темæ æмæ æппынфæстагмæ сфæнд кодта азербайджанаг  фыссæг Меджи Шахмаловы уацмыс «Æфсин»-ыл бакусын. Уыцы хъуыдыимæ сразы ис йæ къухдариуæггæнæг Цæлыккаты Земфирæ дæр. Ныртæккæ Сæрмæт цæттæ кæны ацы комедион уацмыс Хуссар Ирыстоны театры сценæйыл равдисынмæ. Уацмысы æвдыст цæуы бинонты цард, сценæмæ кæсджыты хъусдард здæхт у адæймаджы аипдзинæдтæм комедион хуызы. Спектакль кæд комеди у, уæддæр уым ирдæй æвдыст цæуынц цардæй ист нывтæ, сценæмæ кæсгæйæ  бандавынц адæймаджы зæрдæйыл æндæрхуызон, æрвылбонон царды та сæм адæймаг фæкæсы хуымæтæг цæстæнгасæй.

Æрыгон режиссер куыд зæгъы, афтæмæй йæ фарсмæ æрбалæууыдысты паддзахадон театры фæлтæрд актертæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæрæрдæм бандавдзæн æрыгон режиссеры куыст  бæрзонд æмвæзадыл равдисынæн.  Спектаклы сæйраг роль – æфсины роль, æххæст кæны адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæ, йæ дыууæ чындзы рольтæ та сæххæст кæндзысты Битеты Миленæ æмæ Чохели Натия. Спектаклы ма архайынц Дыгъуызты Жаннæ, Мамиты Григори, Кокойты Фатимæ æмæ Куымæридтаты Батрадз. Спектакль конд у дыууæ хайæ, йæ рæстæг та у сахат æмæ æрдæджы бæрц. Режиссер куыд фæнд кæны, афтæмæй спектакль  хъуамæ сцæттæ уа октябры мæйы кæронмæ. Премьерæмæ хуынд æрцæудзысты æвзонг режиссеры къухдариуæггæнæг  Цæлыккаты Земфирæ æмæ Цæгат Ирыстоны пад-дзахадон университеты къамисы уæнгтæ,  цæмæй йын аккаг аргъ скæной йæ куыстæн.

Сæрмæт кæд нырма хæрзæвзонг лæппу у, уæддæр йæ фидæнмæ цæстæнгас у дардыл, ис ын уæрæх фантази æмæ перспективон фæндтæ нæ республикæйы театралон аивад ноджыдæр райтынг кæныны хъуыддаджы.

Нæ рох кæнынц Сæрмæты хъуыдыйæ йæ сабибонты царды нывтæ дæр æмæ йæ фæнды, хæстон дуджы сабиты уæззау царды уавæртæ йæ хъуыдытæм гæсгæ сценæйыл равдисын. Ныртæккæ Сæрмæтæн йæ иууыл стырдæр бæллиц у  Хуссар Ирыстоны фæсивæдон театр саразын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ республикæйы цы театр ис, уый у паддзахадон драмон театр æмæ ахæм сценæйыл нæй гæнæн «уæлæнгай»  сценæтæ æвдисын. Нæ республикæйы фæсивæды ʻхсæн та бирæ ис, сценæйыл сценæмæкæсджыты уæрæх аудиторийы раз сæхи равдисын кæй фæнды, теа-тралон аивады сæхи æрмдзæф ссарын æмæ бафæлварын ацы фадыджы сæ курдиат дæр, ахæмтæ æмæ сын æнæмæнг хъæуы уавæртæ саразын.

Ныртæккæ Сæрмæт кусы йæ райгуырæн скъола-интернаты драмон къорды къухдариуæггæнæ-гæй. Æрæджы ацы къорды хъомылгæнинæгтæ скъолайы сценæйыл равдыстой уацмыс «Азау»-æй скъуыддзаг æмæ сын рауад тынг зæрдæмæхъаргæ.  Сæрмæты хъомылгæнинæгтæ кæд нырма скъолайы  8-æм æмæ 9-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ сты, уæддæр уыдонæн æвзонг режиссеры къухдариуæгадæй сæ бон сси æцæг уарзты æнкъарæнтæ ирдæй равдисын. Дыууæ уарзæгой удæй сæ иу иннæйы мæлæт не сфæразгæйæ, уый дæр равзæрста йæ уарзты фæдыл мæлæтмæ фæндаг. Спектаклы ма сывæллæттæ равдыстой ныййарæджы уарзт, йæ иунæг хъæбулмæ бæлгæйæ уымæн йæ зæрдæйы æрхæндæгдзинад, йæ зæрдæбын ныхæстæ зæдтæ æмæ Хуыцауимæ, цæмæй йын йæ иунæджы сæрæгасæй фенын кæна. Уыцы нывтæм кæсгæйæ, скъолайы фæлгæтты сценæмæкæсæг йæхи æнкъардта бæрзонд æмвæзадыл актерты архайдмæ кæсæгау. Уый та дзурæг у ууыл æмæ Сæрмæтæн кæй ис режиссеры курдиат æмæ фидар тырнындзинад аивады ацы хаххыл.

Уæд дын, Сæрмæт, ноджыдæр æнæкæрон æнтыстытæ дæ равзаргæ дæсныйады æмæ фидар къахдзæфтæй кæн  дæ фæндаг ирд фидæнмæ.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.