Хуссар Ирыстоны ног историйы бирæ ис трагикон цаутæ æмæ бонтæ. Уыдонæй алкæмæн дæр йæхи бынат ис. Ереды трагедийæ рацыд 31 азы, фæлæ уæддæр махæй рох нæу, ирон адæмæн цæрæнбонты гуырдзыйы лæгсырдтæ кæй арæзтой, уыцы алыгъуызон фыдмитæ. Ирыстоны алы ирон адæймаг дæр нæ ферох кæндзæн уыцы æгъатыр цаутæ.

Цивилизацион адæймагады историйы Ереды трагеди ссис иууыл æнæадæймагон æмæ æгъатырдæр цаутæй сæ иу. Уыцы фыдракæнд дæр айхъуыст æгас дунейыл, æмæ хуссайраг ирæттæм ахасты цы геноцид уагъд цыд, уый тыххæй се ‘нæразыдзинад æвдыстой.  Ереды трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ æрымысыны тыххæй мадзал  уагъд æрцыд Згъудеры, сæ уæлмæрды раз.

«Хуссар Ирыстоны территорийыл 1989 азæй фæстæмæ æрцæугæ трагедитæ никуы ферох уыдзысты ирон адæмæй, махæй. Уыдон махæн баззайдзысты æнустæм нæ хъуыдыкæнынады æмæ нæ зæрдæты. Азæй азмæ не ‘мбæстæгтæ, нæ къухдариуæгад цæуынц ацы бынатмæ, цæмæй ссарой, æцæг ирон туг кæй уæнгты зылд, уд æмæ зæрдæйæ ирон чи уыд, уыцы цардхъуаг лæппуты нæмттæ арынмæ. Æмæ æрвылаз ацы бон сног вæййынц трагикон бонтæ, раст цыма уыцы бон уыд, афтæ. Ахæм бон адæймаг цыфæндыгъуызон йæхи ма цæттæ кæна, уæддæр уыцы зæгъинæгтæ адæймагæн раргом кæны йæ зæрдæ», – ахæм ныхæстæй мадзал байгом кодта Национ музейы директор Зассеты Мераб.

«31 азы мах цæуæм ацы бынатмæ, цæмæй нæ сæрæй ныллæг акувæм, фыдызнаг фыдмард цы фæсивæды акодтой, уыдоны рухс нæмттæ арынмæ. Кæд уал азы рацыд ацы æвирхъау хабарæй, уæддæр нæ зæрдæты хъæдгæмттæ нæ байгас сты. Нæдæр сын ис байгасгæнæн – Зары, Цъинагары трагедитæн, байгасгæнæн нæй 1989 -2008 азмæ фыдызнаг цы фыдмитæ фæкодта, цы адæмы бабын кодта, уыдонæн. Ферохгæнæн нæй, геноциды рæстæджы цы адæм фæцагъды сты кæстæрæй хистæры онг, Фыдыбæстæйон хæсты цы адæмы фесæфтам, абон Донбассы зæххыл цы хъæбултæ фесæфтам, уыдонæн», – дзырдта фыдохы митинджы рæстæджы йæ раныхасы бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, ныртæккæ фашизмы ныхмæ стыр тох кæй цæуы Украинæйы, фашизмы куынæг кæны Уæрæсе, цæмæй сомбон макуыуал æрцæуа ахæм трагедитæ.

«Ирыстоны хъæбатыр фæсивæд сæ риуы æмбæрц слæууыдысты фашизмы ныхмæ. Мах æй зонæм, фашисттæ Ирыстонæн цы сарæзтой, уый, уымæн æмæ йæ нæхиуыл банкъардтам æмæ нæ нæ фæнды, цæмæй нæ хæларадон адæмты ‘хсæн ахæм хъуыддæгтæ цæуа.

Мемориалон комплекс

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Ереды трагедийы амæттæгты ном сæнусон кæныны нысанæн байгом уыдзæн мемориалон комплекс. Йæ автортæ сты Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнджытæ Зассеты Сæрмæт æмæ Хуыбиаты Роберт.

Цыртдзæвæныл куыстытæ ныридæгæн кæронмæ фесты. Трагедийы амæттæгты номыл цырт цы бынаты æрцæудзæн æвæрд, уый æмразы æрцæудзæн трагедийы амæттæгты хиуæттимæ. Уыцы цырт хъуамæ суа, фашизмæн йæ бон цы аразын у, уый зæрдылдарæн.

Мемориалон комплексы бæстыастæу æвæрд æрцæудзæн Ереды трагедийы 12 амæттаджы номыл цырт. Цырты хæдфæстæ та – кувæндон. Мемориалы сæйраг фигурæ æвдисы трагедийы уæззаудзинад – йæ къух даргъ кæны фæдисы дзæнгæрæгмæ. Æмæ афæдз иу хатт уыцы бон зæлдзæн фæдисы, додойы дзæнгæрæг, зæрдыл лæууын кæн-дзæн трагедийы æнæферохгæнгæ бон.

Мадзалы рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли фæндон бахаста, цæмæй ацы трагедийы амæттæгты номыл цырт æвæрд æрцæуа ацы бынаты.

Бæстæйы сæргълæууæг æрсидт иу хъуыды æмæ æмзонддзинадмæ, махæй, зæгъгæ, рох ма хъуамæ кæна, нæ тых нæ иудзинады кæй ис, уымæн æмæ уыцы иудзинады нæ кæстæрты сомбон рæзы æмæ уæлахизы бындур дæр суыдзæн нæ иудзинад.

«Нырæккæ уымæй ахсджиагдæр ницы ис, уымæн æмæ махæн цы иумиаг трагедитæ ис, уыдонæн ферохгæнæн нæй. Махæн нæ æвæджиаг хæстæй иу у, цæмæй нæ кæстæртæм хæццæ кæнæм, знаг цы у, æмæ знаг цы фыдбылыз æмæ æвирхъау хабар аразы, цæмæй ирон адæмы куынæг кæна», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзаны ныхæстæм гæсгæ алы траге-дийы бон дæр махæн сног вæййынц нæ хъæдгæмттæ, ногæй маст кæнæм нæ æдзард æфсымæртæ æмæ хотыл. Цыдæриддæр уæззаудæр æмæ æвирхъаудæр уыдис адæймагады царды трагедийы хуызы, уыдон иууылдæр бавзæрста ирон адæймаг – Зары, Ереды, Присы, Цъинагары, Тбеты трагедитæ æмæ Ирыстоны цæгат хай – Беслæны.

Ныхасгæнæг дæр æрсидт иудзинадмæ, мах, зæгъгæ, трагедиты амæттæгты рухс номы раз хъуамæ æвдисæм уый – æмзонд æмæ æнгом кæй стæм цыфæнды уæззау рæстæджы дæр. Банысан кодта, ныртæккæ Уæрæсейы Федераци цы фашизмы ныхмæ тох кæны, уый кæронмæ куынæг кæй хъуамæ æрцæуа.

ÆРЫМЫСЫДЫСТЫ ЕРЕДЫ ТРАГЕДИЙЫ АМÆТТÆГТЫ РУХС НÆМТТÆ

«Махæн нæ къухты бафтыд, цæргæцæрæнбонты цæмæ бæллыдыстæм, уый – нæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Фæлæ нæ мæсыг амад нæма фестæм. Ныртæккæ Донбассы зæххыл цы цаутæ цæуынц, уый мах хуызæн ничи æмбары æмæ йæ махæй арфдæр ничи исы йæ зæрдæмæ. Мах дæр уыцы фæндæгтыл рацыдыстæм. Алы фарстæн дæр ис æрбæстонгæнæн, кæм – лæгъз ныхасæй, кæм – æмзонд æмæ æнгомдзинадæй. Æмæ революцийы хуызы нæ, фæлæ эволюцийы хуызы ацы хъуыддæгтæ лæвæрд хъуамæ æрцæуой кæстæртæм, раст уæд фæуыдзæн нæ мæсыг дæр амад», – банысан кодта Тарзан.

Мадзаламонæг Зассеты Мераб бузныг загъта, рæстæг чи ссардта æмæ ацы æнкъард мадзалмæ чи æрбацыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Мах, зæгъгæ, хъуыды кæндзыстæм, Гуырдзыстон Ирыстонæн цы фыдмитæ фæкодта, уыдон.

Ереды трагедийы 12 амæттæгтæй алкæцыйы номæй дæр нæ горæты æхсæзæм скъолайы ахуыргæнинæгтæ бафарстой æмдзæвгæйы рæнхъытæ.

Ереды трагедийы амæттæгты иумиаг уæлмæрдыл мадзалы хайадисджытæ Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Трагедийы амæттæгты цардæмбæлттæ, ныййарджытæ, æфсымæртæ æмæ æввахс хиуæттæ сæ риумæ бацыдысты иууыл фæстаг… Уыдонæн ныр 31 азы дæргъы нæ сур кæны сæ цæстысыг.

Къæбулты Марина,

Танделаты Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.