Æрæджы Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты æмбырдгæнæн залы ауагъд æрцыдис зынгæ ирон поэт, драматург æмæ æхсæнадон архайæг Джыгкайты Шамилы номарæн зонадон конференци. Бацæттæ йæ кодта университеты ирон литературæйы кафедрæ. Хайад дзы райстой, ахуыргæндтæ, фысджытæ, лектортæ æмæ студенттæ, дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæ.

Номарæн зонадон конференци бацæуæн ныхасимæ байгом кодта профессор Плиты Гацыр. Уый цыбыртæй æрдзырдта конференцийы нысаниуæгыл, бузныг загъта  йæ хайадисджытæн æмæ ныхасы бар радта университеты ректор Тедеты Вадимæн.

Вадим банысан кодта, зæгъгæ, зиан-мæ бирæ адæм æрцæугæ куыннæ федтон, фæлæ Шамилы зианмæ цас адæм æрцыд, уыйбæрц уæдмæ никуы федтон. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ Шамил йæхæдæг цас уарзта йæ адæмы, йæ адæм дæр æй уарзтой уыйбæрц. Дарддæр раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, кæд Шамил цалдæр азы нал ис не ‘хсæн, уæддæр æм нæ уарзт нæ къаддæр кæны. Æрвылаз дæр ын æрымысæм йæ рухс ном. Цæмæй йæ кад ноджыдæр рæза, уый тыххæй фæнд кæнæм, цæмæй университеты ног агъуысты конд æрцæуа Шамилы номыл иу хатæн, цыран æвæрд уыдзысты Шамилимæ бастуæвæг æрмæджытæ æмæ номарæн зонадон конференцийы хайадисджытæм бахатыд, цæмæй æрбахæссой, Шамилы тыххæй сæм цы æрмæджытæ ис, уыдон.

Йæ раныхасы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик та банысан кодта, зæгъгæ, мæ ног рангы адæмы размæ абон рахызтæн фыццаг хатт æмæ уын зæгъын, мæ куыст кодтон æмæ кæндзынæн æрмæстдæр адæмы хæрзиуæгæн. Цы хорз фæндтæ æмæ мæм хъуыдытимæ цæуат, уыдон афоныл цæудзысты æххæст.

Шамилы цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтыл та доклад сарæзта Плиты Гацыр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Шамил райгуырд Дзауы районы Дзомагъы хъæуы. Йæ мад æмæ йæ фыд хорздзинæдтæй уыдысты æххæст æмæ сæ фырт уыдонæй рахаста бирæ миниуджытæ. Фондз къласы каст фæцис Дзомагъы. Уый фæстæ йæ бинонтæ цæрынмæ алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, æрцардысты Комбилеевкæйы. Шамил уым каст фæцис астæуккаг скъола æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты филологон факультеты. Шамил уæд базонгæ бирæ фысджытимæ. Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, бынтон лæгъз нæ уыд Шамилы царды фæндаг. Бирæ хахуыртæ фыстой æмæ дзырдтой йæ куыст æмæ хъуыддæгты тыххæй, фæлæ рæстдзинад алы хатт дæр тыхджын у æмæ та иу сын Шамил бамбарын кодта сæ рæдыд.

Шамилы æмдзæвгæтæн кæд ирон ахуыргæндтæ скодтой стыр аргъ, уæддæр къаддæр нысаниуæг нæ дæттынц йæ драматикон уацмыстæн. Шамил йæ сисæй тох кодта, сæ рæдыд сын амыдта, куыд Гуырдзыстоны разамонджытæ æмæ адæмæн, афтæ ма мæхъæлы разамынад æмæ адæмæн дæр. Нæ сын барста, йæ адæммæ йын зул цæстæй кæй кастысты, уый. Йæ адæмы разæнгард кодта, цæмæй знæгтæй бахъахъхъæной сæ фыдыбæстæ.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, Шамил хорз рæхст тæлмац кæнынмæ дæр. Йæ тæлмæцтæ стыр бынат бацахстой йе сфæлдыстады.

Шамилы тыххæй ма зæгъын хъæуы уый æмæ хъынцъым æмæ цин дæр йæ адæмимæ кодта иумæ. Сæ кад æмæ сын сæ удты сыгъдæгдзинад дæр хъахъхъæдта цæсты гагуыйау, фæлæ йæхи уд нæ бахъахъхъæдта æмæ йын ныр æхсæз азы дзурæм, дзæнæты бад, зæгъгæ.

«Джыгкайты Шамилы сонеттæ» – ахæм темæйыл та номарæн зонадон конференцийы доклад сарæзта доцент Хъазиты Мелитон.

– Къоста, Секъа, Елбыздыхъо æмæ нын бирæ æндæр ахæм адæймæгтæ чи радта, уыцы Хуыцауæй цæмæннæ хъуамæ уæм сæрыстыр, буц æмæ райгонд. Уыдон фæстæ дæр Ирыстоны, ирон адæмæн куыд нæ райгуырд, абон буц æмæ сæрыстыр кæмæй стæм, ахæм-тæ. Уыдонæй сæ иу у Шамил. Шамилы размæ сонеттæ цъус ирон фысджытæ нæ ныффыстой. Уыдон цасдæрбæрцæй фæхъæздыг сты Шамилы фыст сонеттæй. Шамил уыд куыстуарзаг. Исты фæлгондз-иу йæ   хъуыдыйы куы фæзынд, уæд-иу уадид ахстон ацарæзта йæ зæрдæйы æмæ-иу æй цалынмæ ныффыста уæдмæ-иу ын æндæр хæс, цыма, нæдæр уыд, йæхи-иу равдыста ахæмæй. Шамил цыфæнды фадыджы дæр тырныдта бæрзондмæ. Цы йæ фæндыд, уый та йын æн-тыст фылдæр хатт.

Мелитон ма фæндон бахаста, цæмæй скъуыддзаг æрцæуа Шамилы преми снысан кæнын æмæ горæты уынгтæй иуæн Шамилы ном радтыны хъуыддаг.

«Цард æмæ мæлæтыл сагъæс Джыгкайты Шамилы поэзийы» – ахæм уыд конференцийы йæ доклад доцент Биазырты Аллæйæн.

– Алы поэт дæр йе сфæл-дыстады тырны йæ алыварс царды уæвынады мидис бамбарынмæ, йæ сусæгдзинæдтæ йын раргом кæнынмæ, хæлар æмæ хæрам æмахастытæ рафæлгъауынмæ. Арф æмæ лæмбынæг хъуыды кодта царды уæвынады мидис æмæ йæ кæроныл поэт Джыгкайты Шамил.

Æмæ, æцæгæйдæр, Шамил разы нæ уыд цардвæткы мæнгдзинад æмæ æнæраст-дзинæдтимæ, уымæ гæсгæ йæ лирикон хъайтар ис æппынæдзух быцæуы йæ алыварс дунеимæ. Ардыгæй райгуыры Шамилы поэзийы цард æмæ мæлæты темæ.

Уый фæстæ университеты студенттæ Гуыззыдтаты Иренæ, Гæджиты Иринæ, Гояты Иренæ, Джуссойты Мальвинæ, Хацырты Альбинæ, Нарыкъаты Аланæ æмæ æндæртæ кастысты Джыгкайты Шамилы æмæ Шамилыл фыст æмдзæвгæтæ.

Гæззаты И.                                                                              

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.